|
ЭТНОГРАФИ ÆМÆ МИФОЛОГИ
|
|||||
|
Адæймаг
Аргъау Æвзаг Барад Дзырдуат Дин Зарæг Зонад Истори Клуб Медицинæ Политикæ Поэзи Прозæ Спорт Этнографи Юмор ![]() Дигоронау Радио
|
ЦАРЦИАТЫ ТАУРÆГЪТÆ
Уæд иу ахæм арвы дуар фегом вæййы, уарын райдайы æмæ къæвда къæрта[1] кæлæгау ныккæлы, арвы тыгъдадыл цыхцырæгтæ равзæрди. Уый Хуыцау йе ‘мвынгонтимæ бадти æмæ кæй ныуæзтой, иннæйы калдтой. Хуыцауы фынгыл бадтысты зæдтæ æмæ дауджытæ æмæ уыдоны æмбæлттæ. Уым уыдысты Хур æмæ Мæй дæр, фæлæ расыгæй Хуыцауы хонгæ уæвджытæ æрра митæ куы кодтой, уæд уыдон фæтæргай сты æмæ сæхи райстой. Уæды заманы æхсæв æмæ бон нæ уыдысты. Иугæндзон рухс уыди дуне. Хур æмæ Мæй радыгай тавтой зæдты, дауджыты, уыдоны æмбæлтты. Хуыцау та рæгъытæ кæны, фæлæ акасти æмæ йæ хуынды нал уыдысты Хур æмæ Мæй. Хуыцау фæрсы: – Уæдæ Хур æмæ Мæй цы фесты, кæдæм фæцыдысты? Зæдтæй йæм чидæр бадзырдта: – Табу дæхицæн, Хуыцау, фæлæ фæцыдысты. Хуыцау сæм фидиуæг фервыста. Фидиуæг Хурмæ ахæццæ ис æмæ йын зæгъы: – Хуыцау дæм сиды. Хур зæгъы: – Хуыцау йæхицæн Хуыцау у, райы æмæ кайы, фæлæ уый фынгыл бадинаг æз нæ дæн. Хæринагæй хынджылæг кæнут, нуæзты дзæгъæлы калут. Хъамылы хуытæй фыддæр фестут. Нæ ацæудзынæн, хæтæнты цæуын. Фидиуæг Мæймæ æрхæццæ ис æмæ йæм дзуры: – Хуыцау дæ хоны, фæзын æм. Мæй дзуры: – Хуыцау йæхицæн Хуыцау у, æз Хуримæ иугæндзон уый æмæ йе ‘мдзæхдонты хъарм радыгай дарæм. Арвы кæрæттыл зилæм æнæрынцойæ, улæфт нын нæ дæтты сымах хуызæн. Æвзæр хуыты хæрд æмæ нозт кæнут, уæ бын чъизи, уæ ном ницы, хорздзинадæй ницы сарæзтад. Ды Хуцауы минæвар, дæхи айс æмæ нæм дæхи мауал равдис. Фидиуæг минæвар аздæхти, радзырдта Хуыцау æмæ уый æмвынгонтæн Хур æмæ Мæйы ныхæстæ. Хъыг сæм æркасти æмæ скодтой карз тæрхон. – Абонæй фæстæмæ Хур æмæ Мæй кæрæдзимæ тырнæнт, фæлæ кæрæдзи мауал æййафæнт. Рухс æмбисыл уæд, æмбис та талынг. Хур боны цæуæд, Мæй – æхсæвы тары. Тæрхон æрцыди Хур æмæ Мæйыл. Уæд Хур ысмæсты, йæ карз тынты калдта боныгон æмæ фæлмæцыдысты. Мæй дæр смæсты æмæ сæм уазал тынтæ калдта. Уæларвы цæрджытæ куы тæвды фæлмæцыдысты, куы та – уазалы. Æрæмбырд сты ногæй æмæ та тæрхон кæнынц. Хуыцау зæгъы: – Мах цыдæриддæр ми бакодтам нæхицæн, фæлтау сын сæ куырдиатмæ байхъусæм. Рарвыстой та фидиуæг Хур æмæ Мæймæ. Фидиуæг зæгъы: – Цы уæ хъæуы Хуыцауæй, Хур æмæ Мæй, уый мын зæгъут. Хур æмæ Мæй загътой: – Улæфæн бынат агурæм. Фидиуæг загъта Хур æмæ мæйы ныхас Хуыцауæн. Хуыцау фæрсы йе ‘мбæлтты: – Ныр цы бакæнæм, а дунейыл Хур æмæ Мæй цæрддзæуæн[2] кæнынц æмæ улæфæн бынат курынц. Зæдтæ загътой: – Улæфæн бынат сæ дыууæйæн раттæн нæй, уæд æмхуызæн æндавдзысты иу ранæй æмæ дуне арты хай бауыдзæн, фæлтау сæ иу боны тавæд, иннæ та изæры уазуддзæф[3] кæнæд. Сразы ис Хуыцау зæдты фæндоныл. Хуыцау ихдон Мæйыл бакалы æмæ Мæйы рухс фæталынг ис. Мæй уæдæй фæстæмæ Хурау нал тавы. Хуыцауы фæндонæй Хур æдзæф бандоныл[4] бадт æрцыди, æмæ йын сыстæн нал ис, бадгæйæ тавы. Мæй йын фæндаг агуры, æхсæвæй бонæй зилы, фæлæ Хуыцауы раз йæ бон ницы у. Уæд Хур смæсты ис. Æдзæф бандоны ныццæвы æмæ Хурæй къæрт фæхауы, уыцы къæрт фæхауы, уыцы къæртты Мæй уд бауадзы æмæ мигътæ равзæрынц. Ныры мигътæ Мæйы цæссыгтæ сты. Мигътæ сæхи лæбурæг скæнынц æмæ сыл Хуыцау стыр къуыбар рахсы. Къуыбар мигъæртæхæй анæрсы æмæ дзы Зæхх равзæрди. Зæхх бынат æрцахста, фæлæ тæвд кодта æмæ абухти, кæм сызмæнты, уырдæм дымгæ рыг æмæ сыджыт скъæфы, кæм рæгътæ, кæм хæхтæ, кæм фæзтæ, кæм дæлвæзтæ аззади Зæхх. Афтæ сывзæрдысты дзыхъхъытæ æмæ къуыбыртæ. Зæхх фестади дзæнæты бынат, фæлæ йыл нæ æзмæлæг уыди, нæ тæхæг. Уырдæм Хур ныккасти, Зæхх йæ зæрдæмæ цыди, фæлæ æнкъард кодта. Хуыцау та базыдта Хуры æнкъард æмæ йæм рарвыста: – Цы кæныс, Хур, уый дын бадæн дæхицæй æмæ мæ армæй. Цæуыл ма маст кæныс? Хур зæгъы: – Алæмæт бæстæм мæ тынты фервитын, алæмæт бæстæтыл фæлгæсын, фæлæ та мæ тынты æнкъардæй райсын. Уыцы алæмæт бæстæйы æз æзмæлæг нæ уынын, уæд цæуыл цин кæнон? Хуцау та йе ‘мвынгонтæн ракодта Хуры ныхæстæ æмæ загъта: – Хур агуры змæлджыты, йæ тынтыл цæмæй хъазой. Зæдтæ загъынц: – Бар дæхи, Хуыцау, сараз æппæтдæр, дæу куыд фæнды. Æрмæст афтæ: кæрæдзи ма æмбарæнт æзмæлджытæ, кæннод кæрæдзи куы ‘мбарой, уæд ма дæуæй цæй Хуыцау уыдзæни, сомбон дæм сæхæдæг бырдзысты. Хуыцау Зæххыл разылди, йе ‘рттыдзаг сыджыт систа, лыстæг æй æрмур кодта, баулæфыди сыл, стæй йæ акалдта æмæ загъта: – Æзмæлæг фестут. Уыцы сыджыты æзгъæлæнтæ фестадысты лыстæг бырджытæ: кæлмытæ, хъæндилтæ, уаллæттæ, бындзытæ, хилджытæ æмæ бæстæ сæфтой, зæхх къахтой, кæрæдзи ахстой. Хур та ныттархуыз ис æмæ та Хуыцаумæ фехъусын чындæуыди. Хуыцау та йæ фидиуæгæн бафæдзæхста, зæгъгæ, цы ма агуры Хур. Фидиуæгæн Хур зæгъы: – Зæгъ Хуыцауæн, æз уымæй уый нæ агуырдтон, кæцыты сфæлдыста. Фидиуæг та Хуыцауæн Хуры хъаст ракодта. Хуыцау зæгъы йе ‘мвынгонтæн: – Хур разы нæу ме ‘сфæлдисгæтыл. Зæдтæ загътой: – Фестырдæр кæн де ‘сфæлдисгæты æмæ сæ æндæр хуызæн дæр фæкæн. Хуыцау та разылди зæххыл. Стыр сыджыты къуыбæрттæ акодта æмæ сæ донæй бапырх кодта, стæй загъта: – Æзмæлæг фестут. Уыдонæй та равзæрдысты къаддæр сырдтæ: бирæгътæ, æрсытæ, тæрхъустæ, рувæстæ, сæгтæ, дзæбидыртæ æмæ æндæртæ. Хур сæм касти æмæ уыдта: сырдтæ кæрæдзи фыд хæрынц, æрдзы рæсугъд сафынц. Тынгдæр смæсты, йæ тынты уæларв цæрджытыл ауагъта æмæ сæ фæлмæцын кодта тæвды. Хуыцау та æртыккаг хатт рарвыста фидиуæг Хурмæ. Фидиуæг Хурмæ æрхæццæ ис æмæ йæ фæрсы: – Цæуыл ма мæсты дæ, Хур, Хуыцауы йæ базонын фæнды. Хур зæгъы: – Зæгъ Хуыцауæн: Уый алæмæттаг бæстæйæ хынджылæг кæны. Мæн ахæм змæлджытæ нæ хъæуынц. Мæн хъæуы Зæххы рæсугъддзинады æвæрын чи зоны, йæ хъахъхъæнын кæй бон у, æмæ кæд тыххæй нæ, уæддæр зонды фæрцы Зæххыл ныртæккæ цы змæлджытæ ис, уыдоныл тых кæна. Хуыцау кæй сывзæрын кодта, уыдон кæрæдзи фыдхортæ сты. Мæн хъæуы ахæм змæлджытæ, кæрæдзи фыд куыннæ хæрой. Фидиуæг рафæзмыдта Хуры ныхæстæ Хуыцауæн. Хуыцау æмæ йе ‘мбæлттæ та тæрхон кæнынц. Уæд зæдтæй иу зæгъы: – Рафæлдис-иу ахæм змæлæджы, иннæтæй хицæн чи кæна, Зæххæн йæхицæй куыд уа, махмæ йын фæндаг куыннæ уа, цардыл уæд, фæлæ æмбал ма зонæд. Хуыцау зæххыл йæ фæндаг ракодта, сыджыт æзмæст скодта, къæдзæхы фæрчытæ йыл æрывæры æмæ сæ сыджыт æзмæсты бафидар кæны, хохаг суадон ауадзы æзмæстыл æмæ равзæрыд лæг. Сыджыт фыд фестади, къæдзæхы фæрчытæ – сæр фестынц, хохаг суадон – туг фесты. Лæг базмæлыди, фæлæ уыди гоби, нæ дзыхæй дзырдта, нæ йæ дзых кодта. Уæд дымгæйы бардуаг Галæгон лæджы хъусты ныхситт ласта æмæ хъустæ фæндырдзæгъдау базмæлыдысты. Лæг фестади æцæг адæймаг. Лæг акасти фæйнæрдæм. Хур æй рæвдыдта, Мæй йæм ныккасти, цард æм бахудтис. Лæг цыди зæххыл, куы иу ран, куы æндæр ран æрбынат кæны. Йæ цард кодта цуанæй, Хуыцау раздæр кæй æсфæлдыста, уыцы фосæй, кæм дыргъ æмæ халсар бахордта. Уыцы лæг кодта рацу-бацу, ома кодта цæрддзу цард. Ардыгæй равзæрди Царциаты мыггаг. Лæг – цæрддзой, цардагурæг, цардгæнæг. Царциаты мыггаг фæстагмæ фесæфт, фæлæ сæ ном кадимæ баззади. Афтæ равзæрди Царциаты мыггаг.
Уæд та дын иуахæмы Цæрцо зилынтæ систа скæнгæ зæххыл. Иу хохрæбын фæцæуы æмæ арв ферттывта, æрбасæста, ныннæрыд, бæстæ ныкъкъæс-кæъс кодта. Цæрцо айнæгмæ йæхи нылхъывта æмæ йæ размæ æрхауди уæларвон тымбыл дур. Уый афтæ тæвд уыди, æмæ йæм февналæн нæ уыди. Дзала[5] æмæ цъæнут кæрдæг йæ тæвдæй ссыгъдысты, зæххыл арт сирвæзти. Сырдæй, маргъæй лидзынмæ фесты, артæй тарстысты, фæлæ сæ арт кæй кæм æййæфта, уым сæ физонæг кодта. Цæрцо дис кодта ууыл, уый нæма зыдта зынджы миниуæг. Физонæг цы сырдтæ баисты, уыдон фыд æм фыхæй адджын фæкасти. Бацыди уæларвæй æрхаугæ тымбыл дурмæ, донæй йæ æрыхсадта æмæ æруазал ис. Батылдта йæ иу ранмæ æмæ цæхæртæ калдта. Æхсæвы тары та рухсытæ уагъта. Дуры бауарзта Цæрцо, йæ цурæй нал цыди, æрмæст-иу дзы цуаны заманы фæиппæрд. Дур æвæрд кæм уыди, уый цур уыдис æхсидгæ цад, нывонд цад зæдтæ æмæ дауджытæн. Сæхи-иу дзы надтой, дур та сын æй хъарм кодта. Хуыцауы хæрæфырт Хурæмæй чызг уыдис, иубон йæ мадæн афтæ зæгъы: – Мæхи найынмæ хъуамæ фæцæуон æхсидгæ цадмæ. – О, уый цы загътай? – фæрсы йæ мад, – дæуæн уырдæм цæй цæуæн ис, Мæй дæ фендзæни æмæ дæ æвыдæй нæ ныууадздзæн. – Мæй алæхсæв нæ фæкæсы, науæд куы сцæйкæса, уæд ралидздзынæн. – Мæй Хуыцауимæ быцæу сты, Хуримæ йæ кæй фæхицæн кодта, уый тыххæй. – О, ма мын фæтæрс, мæхи нæ сафын. Мад уæлдай ницыуал загъта æмæ Хурæмæй æхсидгæ цадмæ æрцыди йæхи найынмæ. Йæ дарæс феппæрста æмæ цады смидæг ис. Мæй фæсхох улæфыди, ауыдта чызджы, йæхи рауагъта, йæ дарæс акалдта æмæ уый дæр цады фæмидæг. Цæрцо сæм кæсы. Мæй Хуыцауы хæрæфырт Хурæмæйы æрцахста æмæ йæ нал рауагъта. Хурæмæй ма йæхи атон-атон кодта, фæлæ йæ бон ницы уыдис æмæ боны цъæхтæм Мæйимæ баззади цады. Бонцъæхты Хурæмæй дзуры Мæймæ: – Батыхми мын кодтай, ныр цы бакæнон, мæ мад мæ дæуæй фæдзæхста. Мæ фыд мæ куы базона, уæд мæ маргæ кæндзæни. Ам лæууон æмæ уый та фыддæр ми у. Мæ гуыбыны гуырдз сæвзæрди, ныр æхсæвы куы райгуыра, уæд мæ фыд зæгъдзæни “дæумæ æхсæвыгон цыдтæн”, бонæй куы райгуыра, уæд та æнхъæл уыдзæни, дæумæ æз сусæгæй цыдтæн. Мæй загъта: – Уæхимæ ацу, бон æмæ æхсæв кæрæдзийы цы афон хицæн кæнынц, уæд. Чи райгуыра, уый-иу ацы æхсидгæ цадмæ раппар, стæй йын хос уыдзæни. Хуыцауы хæрæфырт чызг Хурæмæй фæцыди уæларвмæ, бон æмæ æхсæв сæ кæрæдзийæ куы хицæн кодтой, уæд. Чызг йæ мадмæ нымдгæнгæ[6] бацыди, скуыдта æмæ радзырдта йæ хабар. Мад фæмаст кодта æмæ зæгъы: – Мауал ку ныр, мæ бон, Мæй йæ маст райста, уымæн æмæ фыдæх уыди Хуыцауимæ, мæнг нæ акæнынц: “Æнæуарзæгæн йæ дзыхы арф фæд ныууадзы сау калм, æмæ ысвæййы дзыллæты сафæг”. Ахæм у, гъе, мæ къона, Мæй дæр. Уæддæр дæ фæдзæхстон, нæ мæм байхъуыстай, ныр дын исты хос кæндзынæн. Хурæмæйæн боныцъæхты чызг райгуырди æмæ йæ æхсидгæ цадмæ ныппæрстой. Чызджы тæппалгъ[7] æртæбæкки, йæ хуылыдзтæ йын йæ мад тæрфæхсад[8] æркодта, æрмæст ма иу туджы къуыбар фæскъона аззади æмæ уый æнæбары тæфы смаг кодта хæдзары. Уалынмæ хæдзары хицау æрцыдис. Хуыцауы сиахс, арасмуд-басмуд кодта æмæ зæгъы: – Уæ, мæ ардыстæн, цыдæр аллон-биллоны тæф мыл цæуы. Йæ ус м дзуры: – Ой, бæргæ дын æй зæгъин, фæлæ исты фыдбылыз куы скæнай, уæд æлгъыстагæн баззайдзыстæм. – Ницы фыдбылыз скæндзынæн, æрмæст мын мацы басусæг кæн, зæгъ мын алцы дæр раст. – Уæдæ нæ чызг Хурæмæй йæхи надта æхсидгæ цады, Мæй йæм бахъуызыди, батых ын кодта æмæ уый тæф у, сывæллоны тæф. – Ох-хай, – зæгъы йæ лæг, – Мæй Хуыцаумæ мæсты у, йæ маст дзы исы, кæм и сывæллон, цæмæй мæ бауырна. Кæд мыййаг мæ чызг Мæймæ изæрмилты цыди. – Цытæ дзурыс, нæ лæг, нæ чызг изæрмилты æддæмæ дæр куы нæ цыди. – Уæд та йæм, чизоны, бонрæфты цыди? – Боны дæр æддæмæ нæ цыди, йæ буар нырма хуры тын куы нæ федта. – Уæд та цафон райгуырди? – Бонцъæхты, æхсæв бонæй куыд хицæн кодта, афтæ. – Уæдæ уæд йæ ном Бонвæрнон уæд, фæлæ Мæй фыд лæг разынди, уымæн фæзæгъынц “Фыдбылыз хæссæг – адæмæй иппæрд, фыд ыл куы цæуа, уæд-иу йæ сау маст йæхицæй исæд”. Бонвæрнон æхсидгæ цады хъомыл кодта. Хуыцауæн æй йæ сиахс фехъусын кодта, Бонвæрнон ном ыл кæй сæвæрдта. Уæд Хуыцау зæгъы: – Уадз, уыцы гуырд бон æмæ æхсæв бæрæггæнæгæй баззайæд фæстагæттæн. Йæ амонд та Цæрцойы бауæд. Æхсидгæ цады Бонвæрнон кæсагау ленк кодта, иу ранæй-иу иннæ ранмæ ацъыгъгъуытт кодта. Хур-иу йемæ хъазыди, рæвдыдта йæ. Мæй йæм йæ мидбылты худти, нæ дзы хицæн кодта. Фыдрæсугъд раци Бонвæрнон, Цæрцойы зæрдæмæ арф бахызти æмæ-иу хъуыды кодта: “Ох-хай, ды кæй хай кæндзынæ. Ныр мемæ куы цæрид, уæд нал фæлмæцин. Иугæндзон сырдтæ æмæ мæргътæм чи фæразы хъусын”. Бонвæрнон ахæм цырд уыди, æмæ агæппмæ – сæгуыт, йæ ацыд – уад, йæ фезмæлд – зынг. Иубон Цæрцо саг амардта æмæ царды былтыл рацæйцыд. Фæкомкоммæ ис Бонвæрнонмæ, уый хъазыди цады мидæг. Æрбадти. Бирæ йæм фæкасти, йæ зæрдæ дзы ради. Уыйонг хъуыдыты ацыди, æмæ йæ саг уым ферохи, йæ бынатмæ æрбацыди. Фæхъуыды кодта: “Уæдæ мæ саджы мард цы фæкодтон?” Цадбылмæ раздæхти, кæсы: Бонвæрнон сугтæ амбырд кодта, йæ къухтæ кæрæдзийыл ацагъта, сугтæ ссыгъдысты. Саджы мардæй физонджытæ акодта æмæ сæ хæры. Цæрцомæ диссаг фæкасти æмæ алыбон дæр сырды мард хаста, Бонвæрнон та сæ физонджытæ кодта йæхицæн. иубон та æрхаста сырды мард æмæ йæ цады былыл æрæвæрдта, стæй Хуыцаумæ скуывта: – Хуыцау, ацы чызджы къухтæй цæхæр мауал ракæлæд! Бонвæрнон та сагæй физонджытæ акодта, сугтæ кæрæдзийыл авæрдта, йæ къухтæ ацагъта, фæлæ сæ зынг нал рахаудта. Фенкъарди æмæ дзуры: – Кæй аххосæй нал хауы мæ къухтæй зынг, уый мæм йæхи равдисæд. Кæд ас лæг дæ, уæд æз дæ чызг, ды та мæ фыд. Цæрцо йæхи нæ равдыста. Бонвæрнон та дзуры: – Кæд чызг дæ мæнау, уæд хотæ уыдзыстæм æмæ рацу. Ацы хатт дæр та нæ равдыста йæхи Цæрцо. Зæгъы та чызг: – Цæй, кæд усгур дæ, уæд мæ Хуыцау дæуæн загъта æмæ рацу. Цæрцо ныр йæхи раргом кодта. Бонвæрноны цонгыл фæхæцыди, чызг æм дзуры: – Мæ дарæс кæнын мæ уæддæр бауадз, æфсæрмæг[9] дæр мæ нæ кæныс? Цæрцо зæгъы: – Нæ цард иумæ кæм уыдзæни, уым не ‘фсæрмæг дæр нæхи у. Бонвæрнон акодта йæ дарæс æмæ зæгъы Цæрцойæн: – Кæм цæрыс, уырдæм мæ акæн – Кæм хъуамæ цæрон, – зæгъы Цæрцо, – мæ цæрæн бынат бастуаг[10] хæдзар. – Уæддæр мын æй равдис. Цæрцо Бонвæрноны бакодта, уæларвон дуры кæм бавæрдта, уырдæм æмæ зæгъы: – Ам у мæ цæрæн, ардыгæй хæхтыл мæ цæуæнтæ, быдыртыл – мæ фæндæгтæ. – Уæдæ хорз цæугæцард фæкæныс, фæлæ ацы уæларвон дур зынгдæттæг у, рахæсс-бахæсс æй нæ фæкæндзыстæм, ам дзы арт кæндзыстæм, ам уыдзæн нæ цæрæндон. Уæларвон дурæй æрцъыккæхсон скодтой, саджы мардæй физонджытæ сарæзтой æмæ иумæ адджын бадт фæкодтой. Кæрæдзийыл узæлыдысты. Уыдон уым сырддзæрмттæй агъуыст сарæзтой, уæдæй фæстæмæ Бонвæрнон хæдзармæ касти, Цæрцо та цуаны куыст кодта. Уæд иубон зæдтæ æмæ дауджытæ Хуыцаумæ хъаст байдыдтой: – Уæларвон дурæй Цæрцо æмæ Бонвæрнон зынг скодтой, арт дзы кæнынц, сомбоны та дын дæхимæ цæудзысты æмæ дуры фæстæмæ куы байсис. Хуыцау сын зæгъы: – Хуыцау тыхгæнæг нæ фæцæуы, зонд фæамоны. Уыцы дур зæххыл сæмбæлди æмæ йæм мæнæн æвналæн нал ис, уæд ма цæй Хуыцау уыдзынæн. Зæххы æз нæ рафæлдыстон, Хур æмæ Мæйæ конд у. Сымах дуры Уарппы бæрзæндмæ схæссут, уым-иу дзы афæдзæй-афæдзмæ баззайæд хуыцæуттæн, зæххæн та ард хæрынæн фæуæд, сомы дзы куыд кæной йæ номæй. Уæдæй баззади сомы кæнын дæр æмæ зæххæй ард хæрын дæр. Хуыцауы фæндоныл ничиуал ницы загъта, фæлæ уæддæр дуры Уарппы бæрзæндмæ фæхастой сусæгæй. Афæдзæй-афæдзмæ дзы арт фæкодтаиккой хуыцæуттæ нывонд зынджы номæй, фæлæ давд дзуæрттæй баззади, дур кæй ахастой, уый аххосæй.
Ахуы сидзæр уыдис æмæ Царциатæй уыдис. Фыдфыдуаг рацыдис æмæ йын макæ зæгъæг нæ уыди. Раз тагъд кодта. Иухатт сфæнд кодта, зæгъгæ, мæм цас тых ис, уый базонын. Йæ хо Нагъуыллæйæн зæгъы: – Æз мæ тыхтæ хъуамæ базонон. Йæ хо дзуры: – Ма ацу, ам иунæгæй цы аразын. – Цæмæй тæрсыс, кæд дæм исты тас цæуа, уæд-иу рындзыл хæргæ сындзытæй арт скæн. Æз сæ сæ тæфæй базондзынæн æмæ дæм зындзынæн. Ахуы ахысти, иу суангыл æссæуы, рагъыл бахизы, иннæ суангмæ бафты, стæй та, кæм коммæ, кæм фæзмæ афты. Бирæ фæцыдис æмæ суадоны раз æрбадти. Кæсы æмæ æртæ гуымир уæйыджы æрбацæуы. Сæ цæнгтæ аххæрджыты стæвдæн, сæ дзых куы схæлиу кæнынц, уæд цыма къутутæ сты, раст афтæ фæзынынц. Æртæ гуымир уæйыджы зæгъынц: – Цæй, ахъазæм Сразы сты. Сæ иу дур хæрдмæ фехста, йæ сæр йæм бадардта æмæ дур фæстæмæ ратахт, гуымир уæйыджы сæрыл сæмбæлыди æмæ фæйнæрдæм хуыртæй акалди. Дыккаг гуымир уæйыг йæ къух саггомæй бæласы цæнгтыл фидар ныххæцыди æмæ йæ æд уидæгтæ стыдта, зæххыл æй фæкодта æмæ схъисгай ныппырхи. Æртыккаг гуымир уæйыг, доны йæ цонг нытътъыста, йæ комы тæф æм бауагъта, цонгыл авд ивазыны бæрц их схæцыди, уыцы ихы стыдта, цонг дуртыл ныццавта æмæ ихтæ къæртгай фæйнæрдæм фæтахтысты. Ахуымæ диссаг фæкастысты æртæ гуымир уæйыджы хъæзтытæ æмæ йæ бафæндыди уыдонимæ ахъазын. Æргом сæм рацыди æмæ зæгъы: – Фарн уæ хъазты уа. – Фæрнæйдзаг у, лæппу. – Диссаджы хъæзтытæ кодтат æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Уыдон ныххудтысты æмæ зæгъынц: – Ды нырма быммиз цыдæр дæ, уагæры хъæбысæй куы фæхæцæм, уый куы фенис. – Хъæбысæй æз дæр рахæцин, фæлæ кæимæ, иу ахæм мын ам ничи ис. – Дæуæй цæй хъæбысæй хæцæг ис, мæнæ нæ хъæзтытæ дæу дисы куы быфтыдтой, уæд? Ахуы та загъта: – Уæ хъæзтытæ мæн бафтыдтой дисы, фæлæ мæ хъæзтытæ та сымах бафтаудзысты дисы. – Уæдæ ма нæ хъæзтытæй ахъаз. Ахуы уæйыджы дурæй æртæ хатты стырдæр фелвæста æмæ йæ хæрдмæ фехста. Дур афтæ уæлиау стахти æмæ ма йæ цæст гæзæмæ уыдта. Уæдмæ йæ иу цонджы доны атъыста æмæ йыл ныффу кодта. Цонгыл дыууадæс иваыны бæрц их сбадти. Йæ иннæ къухы кæстæр æнгуылдзæй æппæты ставддæр бæласы цонгыл ныххæцыдис. Уалынмæ дур æхситгæнгæ æртæхы. Ахуы их æмæ бæласы иумæ стыдта. Тæхгæ дур куы æрæввахс и, уæд æртæйы кæрæдзийыл ныххуырста æмæ лыстæг къæрттытæй фæйнæрдæм фæхаудтой. Уæйгуытæ хæлиудзыхæй аззадысты æмæ загътой: – Амæ не ‘ртæйы тых дæр ис. Кæрæдзимæ бакастысты, стæй Ахуыйæн зæгъынц: – Фысым дын æстæм, æввахс цæрæм æмæ ныл баввæрс. Акодтой Ахуыйы семæ. Æрцыдысты уæйгуыты хæдзармæ. Дуар бакодтой æмæ гуымир уæйгуыты мад бадти. Ахуыйы фенгæйæ сцæйстади. Ахуы йæм базгъордта æмæ зæгъы: – Бад, мæ мады хай, исты дæ хъан куы нæ дæн. Мад зæгъы: – Хъан дæр мæм афтæ уæзданæй не ‘рбадзырдтаид, ды мæм куыд æрбадзырдтай. Æртæ гуымир уæигæн æхсызгон уыдысты сæ мады ныхæстæ. Хынцын байдыдтой Ахуыйы, æхсæв бонмæ йæ зæххыл бадын дæр нæ уагътой. Райсомы афтæ гуымир уæиджы зæгъынц: – Тæхуды, ацы лæг нын хæстæг куы уаид, кæнæ нын æфсымæр куы уаид. Аходæн бахордтой, стæй та зæгъынц: – Уазæг, кæд дæ афæлгæсын фæнды, мыййаг? – Хорз уаид. Ацæуынц æртæ гуымир уæйыджы Ахуыимæ. Иу хъæдмæ бацæуынц æмæ федтой: дон цæуы тугхæццæимæ. Ахуы фæдис кодта, стæй гуымир уæйгуыты афæрсы: – Ай цы диссаг у, искуы ма дон тугхæццæимæ фæцæуы? Гуымир уæйгутæ загътой: – Уый диссаг нæу. Махæн ис хо, бæсты рæсугъд æмæ бæсты уæздан у. Еугуыппартæ йæм курæг цыдысты æмæ йæ нæ фыд нæ лæвæрдта. Еугуыппартæ уæд нæ фыды æрцахстой æмæ йын ала ацафон йе ‘нгуылдзты бын фæлыг кæнынц, йæ туг ын рауадзынц æмæ уый туг донимæ хæццæ кæны, гъе, уый у. – Кæд афтæ у, уæд æм цæмæ кæсут? – Мах æртæ стæм, уыдон бирæ сты, нæ бон нæу нæ фыды байсын. Цæуынц дарддæр. Иу ран та дон цæуы ноджы æмæ ахæм ирд у, лæг дзы йæхи фены. Ахуы дзы ахуыпп кодта æмæ зæгъы: – Цæй тынг цæхджын у ай? Гуымир уæйгуытæ зæгъынц: – Уый дон не ‘схуыпп кодтай, фæлæ нæ фыды тыххæй нæ хо кæуы æмæ уый цæссыгтæ донау уайынц. Цæссыг та вæййы цæхджын. Цæуынц дарддæр, ноджы та федтой суадон, сау æзмæстæй цæуы. Ахуы та фæрсы æртæ гуымир уæиджы: – Ай та цавæр æзмæстæй цæуы? – Уый та нæ фыды æнгуылдзтæ тынг куы срисынц, уæд йæ къæхтæй сыджыты ныццæвы æмæ дон сыджыт æзмæст рацæуы. Ахуы та фæрсы: – Дарддæр нал ацæудзынæн, фæлæ мемæ цомут. – Кæдæм нæ кæныс? – Уæ хойы уын фенон. – Нæ хо ахст у, нæ фыды цур æй барæй дарынц, цæмæй нæ фыды тухитæ уына. Æввахс чи бацæудзæни уымæ? – Мемæ цомут, кæд мын æххуыс нæ фæкæнат, уæддæр мын ныфс уыдзыстут. Æртæ гуымир уæйыджы араст вæййынц Ахуыимæ. Бахæццæ сты иу фæзбыдырмæ. Акæсынц æмæ фенынц Еугуыппарты. Æртæ гуымир уæйыджы фыдæй хынджылæг кæнынц. Ахуы йæ фыды цилхъ сæлвæста. Цилхъ ныхситт кодта, йæ буар хуры тынтæм стъæлтæ[11] скалдта, йæ буары æрттывдмæ цæстытæ куырм кодтой. Еугуыппартæ фæсæцца[12] сты. Уæд сæм Ахуы дзуры: – Цæмæн у баст ацы лæг? – афарста æртæ гуымир уæиджы фыдæй. – Æнхъæлæг[13] дзы уыдыстæм æмæ нын нæ разы кæны. – Чызг та цæмæн ахæсты ис? – Ком нын нæ дæтты. – Мæ хатырæй сæ уæд та æсуадзут. Еугуыппартæ ныххудтысты æмæ зæгъынц: – Чи дæ? Куыннæ дæ зонæм? Ахуы рамæсты ис, цилхъæй æртæ гуымир уæйыджы фыды бæдтæнты æрхафта æмæ фæлыгтæ сты. Сæ хойы сын суагъта. Гуымир уæйгуыты хо ахæм уыди, æмæ йæ дæллагхъуырты æхсæн лæг йæхи уыдта, йæ цæстытæй зынджы стъæлфæнтæ хауди, йæ цæстыты æрбакаст æхсызгондзинад лæвæрдтой зæрдæйæн, йæ мидбылты бахудтмæ цæстытæ сæхи æрныкъуылын нал уагътой. Еугуыппартæ бæрц-бæрц уыдысты æмæ сæхи ныццавтой Ахуыйыл. Ахуы æртæ гуымир уæиг æмæ уыдон фыдмæ дзуры: – Цæугæ кæнут сымах, кæнут уæ чызгы дæр, æз дæр уæм зындзынæн, адон мæн бар уадзут. Æртæ гуымир уæиджы зæгъынц: – Мах дæу иунæгæй нæ ныууаддзыстæм. – Цæугæ кæнут уын загътон, æндæра уæ искæй ивддзаг цæф фæкæндзынæн. Æртæ гуымир уæйыджы сæ хо æмæ сæ фыдимæ ацыдысты. Ахуы райдыдта цæгъдынтæ гуымирыты, йæхи комы ‘рдæм сайгæ цыди, иу уынгæг ран цæхгæр лæуд фæкодта Ахуы æмæ сæ цилхъæй райдыдта цæгъдынтæ. Кæритæй срæдзæгъдтæ сты еугуыппарты мæрдтæ. Сæ туг цæугæдонау калди æмæ ласта мæрдты. Суанг талынджытæм фæхæцыди Ахуы. Уæд изæрæй сæ хæцын ныууагътой, дыууæрдыгæй дæр æрлæууыдысты. Еугуыппарты хистæр зæгъы: – Афтæ ма бакæнæм. Ай Царциаты хуызон у æмæ ма ацы цилхъы æз федтон, уæд æй Царциатæй иу хаста æмæ нæ мыггагæскъуыд фæкодта, æмæ уый амарди, фæлæ ма сæ ай кæцы уыдзæни. Мах амæн ницы бакæндзыстæм тыхæй, фæлæ хинæй хъæуы архайын. Æскъахут уæрм æмæ йæ мæнгæмбæрзт бакæнут, хæцгæйæ асайут, уый уæрмы ныххаудзæн æмæ йæ уæд амардзыстут. Байхъуыстой еугуыппартæ сæ хистæры ныхæстæм. Талынджы скъахтой уæрм, бонæй та йемæ схæцыдысты æмæ йæ сæ фæдыл асайдтой. Ахуы хæцгæ-хæцын уæрмы ныххауди. Еугуыппартæ сцин кодтой æмæ загътой: – Ныр нал фæцæудзынæ. Ахуы ахъуыды кодта æмæ зæгъы йæхицæн: “Адоны хинæй куы нæ асайон, уæд сын иунæгæй ницы бакæндзынæн”. Ахуы уæрмæй дзуры: – Йех, сымахæй цы адæм ис. Сымах истæмæн куы уаиккат, уæд мемæ хъазынæй сфæлвæриккат. Еугуыппартæ фæрсынц: – Уагæры цы хъазт зоныс? Ахуы та сæм дзуры: – Æстылдæр дуртæ мыл цæвут мæ сæрыл æмæ сæ æз тыппæл æхст[14] кæндзынæн. Еугуыппартæ зæгъынц: – Æстыр дуртæй сæ быны ныммæлдынæ, дзæгъæлæг[15]. Æртылдтой ставд дуртæ. Еугуыппартæ фехсынц дуртæ Ахуыйыл. Ахуы карды комæй дурты атæхын кæны æмæ сæ хæрдмæ ныззыввыт ласы. Дуртæ мигъты онг фæтæхынц æмæ нал фæзынынц. Диссаг касти Ахуыйы хъазт еугуыппартæм. Комы дур нал баззади, Ахуыйыл сæ ныккалдтой. Ахуы сæ æрдæг кодта, стæй мигъты онг зыввыт ласта. Чысыл фæстæдæр дуртæ их уарæгау ныггæргæр ластой æмæ еугуыппарты сæртыл пырх кодтой. Еугуыппартæй ахæм нал уыди, къокъоси кæуыл нæ рацыди. Еугуыппартæ дурты цæфтæй лидзæг фесты. Ахуы фæцырд ис, уæрммæ цы дуртæ æзгъæлыдысты, уыдоныл сбырыди хæрдмæ. Ахуы расæррæтт ласта, йæ разæй та еугуыппарты скъуымбил кодта æмæ та талынгмæ фæхæцыдысты. Æртыккаг бон ногæй фæфылдæр вæййынц. Зæронд еугуыппар азгъордта Царциаты бынатдзæгмæ[16], ауыны уым Нагъуыллæйы æмæ йæм дзуры: – Ды та ма кæдæм ирвæздзынæ? Нагъуыллæ фæгæпп ласта, хæрыны сындзытыл арт афтауы æмæ сæ тæф Ахуыйыл аныдзæвди. Нагъуыллæ райдыдта фæттæ уадзын зæронд еугуыппарыл. Иу фат зæронд еугуыппары цæстыл сæмбæлыди æмæ зæронд еугуыппар сохъхъырæй баззади. зæронд еугуыппар Нагъуыллæйы йæ дæларт акодта æмæ йæ аскъæфта. Ахуы хæцгæ-хæцын рахаста еугуыппарты æмæ сæ айнæгмæ басайдта. Дзалабæттæн абыдта, бырцы тигъыл æй абаста æмæ айнæгыл ауагъта йæхи. Еугуыппартæ йæ расырдтой, кæрæдзи скъуырдтытæ кодтой æмæ айнæгæй хауын байдыдтой, комы та пырх кодтой. Ахуыйы хин нæ бамбæрстой еугуыппартæ. Уæд комæй Нагъуыллæйы хъæр фæцыди. Ахуы дзалабæндæн фæлыг кодта, ратахти æмæ зæронд еугуыппартыл сæмбæлдис. Уым ын йæ къубалы сыскъуыдта, фехста йæ айнæджы сæрмæ. Еугуыппыртæй ма чи баззади, уыдон сæ хистæры сæры къуыдыр куы федтой, уæд раздæхтысты. Ахуы æмæ Нагъуыллæ сæ бынатдзæгмæ æрцыдысты, саджы фыдæй хорз сæхи федтой æмæ баулæфыдысты.
Ахуы æмæ йæ фырттæ иуахæмы рацæуынц иумæ. Амбæлынц сыл зæронд лæг, зæронд ус, æрыгон лæг, æрыгон ус æмæ бæгънæг лæппу. Ахуы йæ мидзæрдæйы дзуры: – Уæх-хай, адон хуызæн адæм ма кæддæр федтон. Нал сæ хъуыды кодта. Кæрæдзийæн салам радтой, æрбадтысты иумæ, ныхас сын бацайдагъ ис. Зæронд лæг дзуры Ахуымæ: – Тылег[17] лæг мæ ма ранхъæл, фæлæ адон дæ фырттæ сты? – Мæ фырттæ сты, – зæгъы Ахуы. – Хуыцау дын сæ зынданæй[18] бахизæд, фæлæ æнæус сты? – фæрсы зæронд ус. – Нырма æнæус сты, – зæгъы та Ахуы. – Мæ арфæ мын сынг бузныгмæ[19] ма айс, хорз лæг, – зæгъы æрыгон лæг, – фæлæ сын цардæмбæлттæ хъæуы. – Мæхи дæр бæргæ фæнды, – зæгъы Ахуы, – лæг цъус цæры. – Хуыцау сын пысмел[20] сылы къах ма раттæд, – зæгъы æрыгон ус, – фæлæ сын амонды къах фæуæд. – Лæппуты амондæн æз хос бæргæ зонын, – зæгъы бæгънæг лæппу, – фæлæ сын лæвæрттæ хъæудзæни каисты æрдыгæй. – Амонды хос куы зонис, – зæгъы Ахуы, – уæд уал дæ уæлæ дарæс ыскæнис. – Мæ дарæсы сконд дæуыл баст у. – Гæр, дæ разы азымджын цæмæй дæн? Уæд зæронд лæг зæгъы: – Куыд тагъд мæ ферох кодтай, æви нал зоныс, æз дойныйæ куы мардтæн æмæ мын дæ хистæр æнгуылдзæй дон куы бадардтай. Уæд мын хорзы бацыдтæ æмæ дын хъуамæ хорзы бацæуон. – Цы хорзы мын цæуыс? Зæронд лæг æй дурты цæндмæ бакодта Ахуыйы æмæ дуртæ базмæлыдысты, стæй бæхдзоджи фестадысты дуртæ. Зæронд лæг зæгъы: – Уæртæ зыгъар бæхы бар сæ уадз, уый дын сæ æркæндзæни уæхимæ. Уый дын мæ лæвар. Ахуы дисы бацыди. Зæронд ус æм дзуры: – Ахуы, куыд тагъд мæ ферох кодтай, дойныйæ куы мардтæн æмæ мын дæ амонæн æнгуылдзæй дон куы бадардтай. Хорзы мын бацыдтæ æмæ дын хъуамæ хорзы бацæуон. – Цы хорзы мын цæуыс? Зæронд ус Ахуыйы уискъутæртæм бакодта. Къутæртæ базмæлыдысты, стæй фосдзоджы фестадысты, сæ цуры дзуарка сæгъы ауыдтой æмæ зæронд ус зæгъы: – Дзуаркайы бар уадз фосдзоджийы, уый дын сæ уæхимæ æркæндзæни. Æуый дын мæ лæвар. Ахуы ноджы дисы тынгдæр бацыдис. Уæд æм æрыгон лæг бацыди æмæ йæм дзуры: – Куыд тагъд мæ ферох кодтай, æз дойныйæ куы мардтæн æмæ мын дæ астæуккаг æнгуылдзæй дон куы бадардтай. Хорзы мын бацыдтæ æмæ дын хорзы хъуамæ бацæуон. – Цы хорзы мын цæуыс? Æрыгон лæг æй нæудзарм фæзтæм бакодта, нæудзарм фæзтæ сæхимидæг базмæлыдысты æмæ хоры быдыртæ фестадысты. Æрыгон лæг зæгъы: – Æуыдон дын мæ лæвар, сæ хъахъхъæнæг дæхæдæг у. Ахуы ныддис кодта, уæдæ нæудзарм фæзтæ хоры быдыртæ куыд фестадысты. Уæд æм æрыгон ус бацыдис æмæ йын зæгъы: – Куыд тагъд мæ ферох кодтай, де ‘нæном æнгуылдзæй мын дон куы дардтай. Хорзы мын бацыдтæ æмæ хорзы цæуын. – Цы хорзы мын цæуыс? Æрыгон ус Ахуыйы бакодта сау дурмæ. Дур йæхимидæг базмæлыди æмæ диссаджы цирхъ фестади, æрыгон ус æм дзуры: – Æуый дын мæ лæвар, æхсæв æрттивгæ кæндзæни, боны дын дæ фыдгулы маргæ кæндзæни. Ахуы тынгдæр ныддис кодта, дур цирхъ куыд фестади, ууыл. Бацыдис æм бæгънæг лæппу æмæ дзуры: – Куыд тагъд мæ ферох кодтай, æз дойныйæ куы мардтæн æмæ мын ды дæ кæстæр æнгуылдзæй дон куы бадардтай. Уæд мын хорзы бацыдтæ æмæ дын хорзы хъуамæ бацæуон. – Цы хорзы мын цæуыс? – Ам мæм фæлæу, – загъта бæгънæг лæппу æмæ азгъордта, æрбакодта фондз рæсугъд чызджы, кæсæнтæ сæм нæ уыди. Бæгънæг лæппу дарæсы февзæрди æмæ зæгъы: – Адон сты мæ фыдыхотæ, æвзонг лæг æмæ ус сты мæ мад æмæ мæ фыд, зæронд ус æмæ лæг та мæ фыды ныййарджытæ сты. мах стæм иу бинонтæ. Еугуыппыртæй тарстыстæм ацы чызджытæн, ныр дæумæ куы цæрой, уæд сын тас нал уыдзæни уыдонæй. Æуый дын мæ лæвар. Ахуы тынг джитæнтæ кодта, фæцин сыл кодта æмæ зæгъы: – Уæ лæвæрттæ хорз сты, фæлæ ныр мæ фырттæ чызджытыл куыд фидаудзысты, уый дæр мын зæгъут? Лæппу зæгъы: – Алкæмæн ис йæхи миниуæг, чызджытæ уын сæхæдæг амондзысты. – Хорз, уæдæ сæ сфæлварæм. Чызджытæй иу рацыди размæ æмæ зæгъы: – Уæртæ уыцы хъæды иухатт мæ кæрдæн аззади, чи мын æй раздæр æрбахæсса, уый уыдзынæн. Ахуыйы фондз фырты хъæдмæ ауадысты, рацагур-бацагур систой æмæ йæ Суа ссардта, æрбахаста йæ. Ахуы зæгъы: – Уæдæ ды фæу Суайы бинойнаг. Дыккаг чызг рахызти æмæ зæгъы: – Уæртæ уыцы пыхсыты иухатт мæ кæрдæн баззади, чи йæ æрбахæсса, уый уыдзынæн. Цыппар лæппуйы адугъ кодтой, Фарнæг æй ссардта æмæ йæ æрбахаста, Ахуы зæгъы: – Ды та Фарнæджы бинойнаг фæу. Æртыккаг чызг рацыди æмæ зæгъы: – Дæлæ уыцы хæмпæлты иухатт мæ кæрдæн ферохи, чи йæ раздæр æрбахæсса, уый уыдзынæн. Æртæ лæппуйы азгъодтой, рацагур-бацагур фæкодтой æмæ йæ Едыссæ ссардта. Ахуы зæгъы: – Ды та Едыссæйы бинойнаг фæу. Цыппæрæймаг чызг рахызти æмæ зæгъы: – Уæлæ уыцы къутæрты иухатт мæ кæрдæн баззади, чи йæ раздæр æрхæсса, уый уыдзынæн. Дыууæ лæппуйы азгъордтой, рацагуырдтой йæ æмæ йæ Хæтгар ссардта, æрбаскъæфта йæ æмæ Ахуы зæгъы: – Ды та Хæтгары бинойнаг фæу. Уæд иннæ чызг рахызти æмæ зæгъы: – Мæнæй никуы ницы ферохи, фæлæ мæ кæд исчи йæхи хоны, уæд æз та уый уыдзынæн. Ахуы зæгъы: – Уæдæ ды та мæ кæстæр фырт Уадæджы бинойнаг фæу.
Царциаты сыхы райгуырди æрдхæрæны рæсугъд чызг. Чызг та ахæм уыди, æмæ йæ цæстытæй æртытæ сыгъди, йæ дæллагхъуырты лæг йæхи уыдта, йæ цæсгомы рухсмæ хур ныгуылгæ кодта. Чызг хуынди Нагъуыллæ. Хъомыл кодта чызг, æмæ ахæм рауади: чыззыты рæсугъдтыл уымæн абарæн нæ уыди, се ‘хсон стъалыйау æрттивгæ кодта. Лæппутыл æй абарстаис, æмæ уыдонæй хæрзконддæр, уындджындæр æмæ хъаруджындæр уыди. Нæ уыди Нагъуыллæйæн æмбал нæ арæхстæй, нæ фезмæлдæй, нæ æгъдау раттынæй. Иу ахæмы Царциатæм фынгыл бадт фесты уæйгуыты фæсивæд дæр. Царциатæ хъабахъ æрывæрдтой æмæ фæтдзæф[21] райдыдтой. Бæстæ фæтты æхситтæй кæмттæ нæрыдысты, сырдтæ хуынчъытæм лыгъздысты, мæргътæ æдас бынæтты æмбæхстысты. Ничи цæф кодта хъабахъы: нæ Царциаты фондз сыхæй исчи, нæ уæйгуытæй. Царциаты хистæртæ загътой: – Царциаты номыл кадæй цы ис, уый уæд уыцы адæймаджы, хъабахъ чи фæцæф кæна. Никæй бон баци хъабахъы фæцæф кæнын. Нагъуыллæ бацыди æмæ хистæртæн сæркъул[22] акодта, стæй зæгъы: – Бар мын раттут иу фат фехсынæн. Царциаты хистæртæ сразы сты. Нагъуыллæ йæ астæу æлхъывдæлвæст æрбакодта, фат æрдыныл акодта, ныхъхъавыди æмæ суагъта фаты. Фат атахти æмæ хъабахъы йемæ фæхаста. Дæлæсыхы Царциаты гæсæныл[23] сæмбæлди. Гæсæны дуртæй уæллаг тæлийы[24] дуртæ фæхаста фат йемæ. Нагъуыллæйы хъуыддагыл ныццин кодтой Царциатæ æмæ йын радтой Царциатæ кады ном. Нагъуыллæ кады номыл цæрын байдыдта Царциаты æхсæн. Уæйгуытæм хардзау касти, сылгоймаг сæ куыд амбылдта, зæгъгæ. Уæд та дыккаг хъабахъ æрывæрдтой ногæй Царциатæ. Бæстæ та фатæхситт æссис. Кæмттæ нæрыдысты ногæй, фæлæ та хъабахъы ничи фæцæф кодта: нæ фондз сыхаг царцитæ, нæ уæйгуытæ. Нагъуыллæ дыккаг хатт бацыди Царциаты хистæртæм. Сæркъул та сæм бакодта æмæ зæгъы: – Иу æхсты бар ма мын раттут. Бар та йын радтой æмæ фат афидар кодта æрдыныл. Фехста хъабахъы æмæ фат хъабахъы фæхаста, дæлæсыхы Царциаты гæсæныл та сæмбæлди æмæ дуртæй дыккаг тæлийы дуртæ фæхаста фат йемæ. Царциатæ Нагъуыллæйæ ныббуц сты, æмæ загътой: – Царциаты номыл æгъдауæн цы ис, уымæй хайджын у. Нагъуыллæ кадджын, æгъдауджыныл нымад æрцыди. Дывæр тæлмау[25] æркасти уæйгуытæм Нагъуыллæйы хъуыддаг. Нагъуыллæ та цинæй мардис. Фæстæдæр та Царциатæ æртыккаг хатт дæр хъабахъ æрывæрдтой, загътой афтæ: – Æуый чи фæцæф кæна, ууыл æрцæуæд, Царциатæн номыл цы баззади, уый. Ногæй та фæтдзæф райдыдтой фондз сыхæй Царциатæ, иннæ æрдыгæй – уæйгуытæ, фæлæ та хъабахъы ничи цæф кодта. Нагъуыллæ æртыккаг хатт Царциаты хистæртæм сæркъул акæны æмæ зæгъы: – Æххæст ма мын ацы æхсты бар дæр раттут. Царциаты хистæртæ бар раттой Нагъуыллæйæн æртыккаг хатт дæр. Нагъуыллæ дæр та фат æрдыныл авæры, ныхъхъавыди æмæ фат æхситгæнгæ атахти. Фат хъабахъы йемæ ахаста æмæ та дæлæсыхы Царциаты гæсæныл сæмбæлди, æртыккаг тæлийы дуртæ фæхаста. Нагъуыллæ æссис нымад кадджыныл, æгъдауджыныл, стæй номджыныл дæр. Куыннæ та уыдаид хъыг уытыппæт фæсивæдæн, фæлæ сæ бон ницы уыди. Царциаты цæсты Нагъуыллæ фæкадджындæр ис æмæ йæ койы йеддæмæ æндæр кой нал уыдис. Тæлмау та æркастис фæсивæдмæ, уæлдайдæр – уæйгуытæм. Ацы хабар Нагъуыллæ бамбæрста, сæхимæ азгъоры, йæхи гæрзифтонг акæны æппæтæй, бæхыл абады æмæ фæстæмæ бадзуры Царциаты хистæртæм: – Аипп ма уæд мæ ныхас, фæлæ уе стæн, бар мын куы радтиккат, абон мæнмæ хæлæг чи кæны, уыцы фæсивæдæй йæхи кадджын, æгъдауджын æмæ номджын чи хоны, уыдон мемæ куы бавзариккой. Æммыст, кæд æппын нæ, уæддæр дзы иу донхæссæджы[26] куы равзарин мæхицæн. Царциаты хистæртæ ныддис кодтой, стæй фæсивæдмæ дзурынц: – Зæгъут ма, чи ис уе ‘хсæн ахæм гуырд, йæ ныфс Нагъуыллæимæ чи бавзара. Фондзæй Царциатæй фæхицæн сты, дыууæйæ та – уæйгуытæй. Авд барæджы, амæй ай хуыздæр, ралæууыдысты Царциаты хистæрты раз. Нагъуыллæ хистæрæн зæгъы: – Ахæм хæснæгтæ скæнут, амæй ай фыддæр æмæ зындæр куыд уа. Царциаты хистæртæ загътой: – Æртæ хæснаджы кæнæм, фæлæ сæ иууыл мах раттæм, уый æгъдау нæ дæтты. Иу уæд махæй, иу – Донбеттыртæй, иннæ – зæдтæй. Нагъуыллæ сразы ис æмæ скуывта: – О, ме сфæлдисæг, кæд мæ истæмæн æскодтай, уæд зæдтæй ам исчи цы февзæра. Куывд уæларвмæ фехъуысти. Хуыцау фæрсы зæдты: – Чи уæ ацæудзæни Царциатæм иу хæснаг раттыны тыххæй? Зæдтæ загътой: – Махæй ничи ацæудзæн, Царциатæ нæ мурмæ дæр нæ дарынц æмæ нæхи худинаджы бын нæ кæнæм. Хуыцау уæд фæрсы дауджыты: – Уæд та сымахæй исчи ацæуæд. Дауджытæ зæгъынц: – Махæй дæр ничи ацæудзæни, сæ сæрмæ нæ нæ хæссынц, сæ цæсты нæ ахадæм æмæ нæхи не ‘гад кæнæм. Хуыцау та фæрсы дзуæртты дæр: – Сымахæй дæр ничи ацæудзæни? Дзуæрттæ загътой: – Махæй дæр ничи ацæудзæни, Царциатæн æлгъаг стæм, хынджылæг нæ кæнынц, нæ номыл нуазæн никуы рауадзынц. Хуыцау ноджы фæрсы: – Уæдæ кæй фервитæм? Зæдтæ загътой: – Уастырджийы арвитæм, уый зæхмæ арæхдæр æфты. Уастырджи уым нæ уыди. Уæд фæдис ам фæкодтой æмæ уым февзæрди. Хуыцау æмæ иннæтæ загътой сæ фæндон Уастырджийæн. Уастырджи уæлдай нал загъта, балæууыди Царциаты æмбырды. Уæд Донбеттыртæй дæр æрбакодтой Хъара Добеттыры. Царциаты хистæртæ фæрсынц Нагъуыллæйы: – Куыд дæ фæнды, Нагъуыллæ? – Æз уын загътон мæ ныхасы. Мæнмæ хæлæгæй чи мæлы, уыдон бавзарæд мемæ. Царциаты хистæртæ зæгъынц ногæй: – Уастырджи æмæ Хъара Донбеттыр, фæйнæ хæснаджы нæ фæстæ сымахæн лæвæрд ис. Хæснаг та хъуамæ амæй ай зындæр, амæй ай фыддæр уа авд барæгæй. Царциатæ сты фондзæй, дыууæ – уæйгуытæй. Чи рамбула, уый цы зууыл разы стæм. Мах хæснаг лæвæрд у ахæм: уæлæ Хъугомы рагъыл цы стыр фæтæн ис, уырдыгæй æнæ ахаугæйæ йæ бæхыл чи раскъæра, гъе, уый амбулдзæни. Дугъ уæд хохы тигъ-тигъ. Авд барæгæй Хъугомы фæтæнмæ ссыдысты æмæ рауагътой дугъы, семæ Нагъуыллæ дæр. Барджытæй Нагъуыллæ иуы æрыййæфта æмæ йæ тæссар цæф фæкодта. Барæг асхъиудта, æмæ кæм ахауд, уый абон дæр “Тæссар” хуыйны, иннæйы къуыбырты æрыййæфта, уый дæр фæцæф кодта æмæ къуыбыртыл атылди. Уый адыл уый та “Къуыбырджын”.[27] Æртыккаджы æрыййæфта лæзгъæрыл, скъуырдта йæ æмæ уый дæр фесхъиудта. Уый адыл уый та “Лæзгъæр”[28] схуыдтой. Цыппæрæмы дон нучы цыд кæм кæны, уым æрыййæфта. Уый дæр та скъуырдта æмæ нукæйы асхъиудта. Уый адыл уый та “Доннук”[29] схуыдтой. Фæндзæмы чысыл дарддæр æрыййæфта, саргъæй йæ фелвæста Нагъуыллæ æмæ йæ рагъмæ баппæрста. Саргъы бадтау сæмбæлди къуылдымыл. Уый адыл уый та “Саргъау”[30] схуыдтой. Æхсæзæмы раййæфта хæристы цур. Хæрисы сæрмæ йæ баппæрста. Уый адыл уый та “Хæрисгом”[31] хуыйны. Æвдæмы чысыл дæлдæр æрыййæфта æмæ йæ саргъæй фелвæста. Цырты сагъд æй зæххыл асагъта йæ уæрджыты уонг. Уый адыл уыцы бынат та “Цыртысæр”[32] хонынц. Нагъуыллæ фæразæй ис Царциаты ныхасмæ йæ бæхыл. Уæдмæ иннæтæ дæр цæфтæ æмæ сæргуыбырæй æрхæццæ сты. Дыккаг хæснаг лæвæрдта Уастырджи æмæ зæгъы: – Фæйнæ галы раттæм авд барæгмæ, иу та – Нагъуыллæмæ. Галы тагъддæр чи бастигъа, чи йæ сфыца æмæ йæ æнæхъæнæй фынгыл чи авæра, уый рамбулдзæни. Фæлæбурдтой фæйнæ галы æстигъынмæ. Цалынмæ авдæй стигъгæ кодтой, уæдмæ Нагъуыллæ галы бауæларт кодта. Суг бандзæрста æмæ галы мард рафыхти. Авдæй сæ галты уæларт æвæрд куы кодтой, æмæ къодах сугтæ куы калдтой, уæдмæ Нагъуыллæ йæ галы къодах фых акодта æмæ йæ Царциаты хистæрты раз æрывæрдта. Уый адыл уыцы бынат “Къодахджын”[33] хуыйны. Рамбылдта та Нагъуыллæ. Æртыккаг хæснаг Хъара Донбеттырæн лæвæрд уыди. Уый загъта: – Æз æрывæрдзынæн рагъыл кæфгæр, кæй фатæхстæй разила йæ бынаты, уый рамбылдта. Хъара Донбеттыр кæфгæр æрывæрдта рагъыл. Цæст æй гæзæмæ æвзæрста, афтæ. Райдыдтой йæ æхсын. Никæй æхстæн разылди. Уæд æй Нагъуыллæ фехста, кæфгæры зæрдæйы фат иннæрдæм ахызти æмæ кæфгæр разылди. Нагъуыллæ та ацы хатт дæр рамбылдта. Царциатæ стыр кад æскодтой Нагъуыллæйæн æмæ йыл номы рæгъ рауагътой. Нагъуыллæ сæ райста номы нуазæн æмæ сын раарфæ кодта.
Æртæ гуымиры хо, Ахуыйы ус, зæгъы йæ фыртæн иу бон: – Нæ цæрæнбыууæттæ фондз æрдыгæй ис æсхизæн. Ныр лæгтæ дæр стут æмæ фондз раны æрбынат кæнут. Фыдбылыз уæм кæцырдыгæй цæуа, уый-иу зондзыстут æмæ уын тыхгæнæг тых нæ фæраздзæни. Ахуыйы фырттæй хистæр Суа уыд. Уый æрлæууыди уæллаг комы сæр æмæ æрбиноныг ис, йæ ног цæрæны. Дыккаг фырт Фæрныг дæллаг комы æрбиноныг ис, æртыккаг фырт Едысо астæу комы æрбиноныг ис, цыппæрæм фырт Хæтгар цæгат комы æрбиноныг, фæндзæм фырт, сæ кæстæр, Хъæлæг та хуссар комы æрбиноныг ис. Сæ мад баззади йæ зæронд ныййарджытимæ. Цыдысты бонтæ, цыдис рæстæг дæр. Сæ цард уыд цуанæй æмæ цардамал кодтой Царциатæ. Уæд иу бон сæ мады ныййаджытæ рарынчын сты. Бирæ нал ахастой, амардысты, уыдон уæлгъæд сæхи мад дæр амарди. Фондз æфсымæрæй скодтой се ‘ртæ зианы кадыл бавæрын. Суа зæгъы иннæ æфсымæртæн: – Абон хъуамæ макæй бахъыг дарæм. Махæн саубон у, исчи кæд бырса æмæ нæ цæва, уæддæр мацы æсдзурæм нæ мæрдты тыххæй. Ацы ныхæсты рæстæджы чысыл донбеттыр уым февзæрыди, хъуыста Суайы ныхæстæм. Азгъордта æмæ рафæзмыдта Донбеттæртæн ацы дзырдты. Донбеттыртæ дын куыннæ ныццин кæниккой. Царциатæ сæ мæрдтæн зæппадз æскодтой, бавæрдтой сæ мæрдты æмæ рацæйцыдысты. Раст сæ уыцы афон Донбеттыртæ раййæфтой. Худтысты Царциатыл, фæлæ уыдон сыбыртт нæ кодтой. Иуыл тынгдæр сыл худти тыппыр Донбеттыр. Царциаты мыхъхъытæ кодтой, сынæгæй сæ цавтой, куы сыл дуртæ дæр æхстой, куы та сыл цъыфтæ пырх кодтой. Уæддæр сæ иу сыбыртт никæмæй цыди, иу ныхас дæр сæ ничи æсдзырдта. Æгомыг æмæ цымæ дзурын дæр нæ зонынц, сæхи афтæ дардтой Царциатæ. Бæргæ сæм мæсты кодтой, фæлæ сæ нæ фæндыди сæ ныхас сайын. Боны суанг хурныгуылæнмæ сæ фæхынджылыг кодтой. Хурныгуылды тыппыр Донбеттыр зæгъы: – Адагыл сæ сифтындзæм æмæ сыл нæ чыззыты сæвæрæм, уадз æмæ сыл тезгъо кæной. Афтæ бакодтой. Царциаты фондзæй адагыл сифтыгътой. Донбеттырты чыззытæ сындзæй ехстæ сарæзтой æмæ Царциаты галты тард кодтой. Фæрæзтой Царциатæ, уæдæ цы уыдаид. Уæд ноджы тыппыр Донбеттыр зæгъы: – Хицæн адæгтыл сæ сифтындзут, кæннод нæ чыззытæ се ‘ппæт иу адагыл нæ цæуынц. Хицæн фондз ададжы æрбаластой, Царциатæй алкæй дæр иу адагыл сифтыгътой æмæ алы адагыл дæр чызг сæвæрдтой. Тыппыр Донбеттыры чызг Суайы адагыл бадт фæци. Чыззытæ та сындзын ехстæй рацæфтæ кодтой Царциаты æмæ сæ аскъæрдтой. Царциатæ куыддæр фæдæрддзæф æсты Донбеттыртæй, афтæ Суа йе ‘фсымæртæн зæгъы: – Луаны[34] фæзмæ цæут, уæдмæ бон дæр кæндзæн æмæ ма нын ацы хуылыдз сыдзтæ кæдæм ивæрзынц. Царциатæ иу дугъ акодтой æмæ сæ Донбеттырты чыззытæ уромын дæр нал фæрæзтой. Луаны фæзмæ ныххæццæ сты, уæдмæ бон дæр æрбацис. уым Царциатæ сæ кæрæдзи бæттæнтæ адæгтæй феуæгъд кодтой. Донбеттырты чыззытæн се ‘рдиаг æссыди. Суа сæм дзуры: – Уæдæ мах галты тард куы кодтат, уæд цымæ цы ‘нхъæл уыдыстут. Донбеттыртæ бамбæрстой се ‘намонддзинад. Лæгъстæ ма кодтой, фæлæ сæ Царциатæ иннæ абонмæ нал рауагътой, цæрдзæф[35] сæ фæкодтой, æмæ ма сæ уадултыл цæппузыртæй сæ цæссыг уади. Донбеттыртæ се ‘намонддзинад базыдтой æмæ тыппыр Донбеттыры æрцахстой æмæ зæгъынц: – Дæ аххосæй фенамонд стæм. Уый зæгъы: – Мæхи чызг дæр цæрдзæф у Царциатæй. Царциатæ Донбеттырты чыззытимæ рацыдысты Луаны фæзæй, схæцыдысты Донбеттыртыл æмæ сæ саубын над фæкодтой. Донбеттыртæ лæгъстæ байдыдтой: – Нæмгæ нæ мауал кæнут, нæ азымы исæм нæхимæ, фæлтау бафидауæм. Царциатæ сразы сты æмæ фидыды алдзæн Донбеттыртæ сæ чыззыты хæстæгиуæджы охыл Царциатæн ныууагътой. Стыр чындзæхсæв дæр ма æскодтой. Царциатæ фондзæй æсбинонджынтæ сты. Донбеттыртæ та сын зынаргъ лæвæрттæ ракодтой, афтæмæй. Фыццаг къуыри ралæууыди æмæ иу къуырийы мидæг алы райсомы Суайæн лæппу гуырдис. Уый адыл Суайæн авд фырты иу къуыри мидæг йæ хæдзары хъазын байдыдтой. Дыккаг къуыри ралæууыди æмæ къуырийы дæргъы Едысойæн дæр изæры лæппу гуырди. Иу къуырийы мидæг йæ хæдзары авд фырты хъазыдысты.Æртыккаг къуырийы астæу Хæтгарæн дæр иу фырт фæзынди боны. Цыппæрæм къуырийы та Хъæлæгæнфæзынди иу фырт æмбисæхсæвты. Фæндзæм къуыри ралæууыд. Фарнæгы ус тæппалгъ[36] байдыдта. Æхсæзæм къуыриты та хъæрзын байдыдта, йæ гуырдты арын афон уыди, фæлæ ус арын нæ фæрæзта. Фарнæгмæ йæ ус дзуры æвдæм къуыриты: – Æз арын нæ фæразын, фæлæ мын мæ базыгы бын бакъæртт кæн æмæ дæхион уырдыгæй райс.Фæрныг йæ усы базыгы бын бакъæртт ласта æмæ райста цæхæр кæлгæ уырдыгæй лæппу. Уый адыл æй æсхуыдтой Базыг. Фæрныгмæ йæ ус дзуры: -Дыккаг æнхъæлцау дæр йæ фæстæ ис. Фæрныг та бавнæлдта æмæ дыккаг гуырды дæр райста. Уый та схуыдта Æмбазыг. Æфсымæртæй алчидæр йæ цæрæны æрбынат кодта йæ бинонтимæ æмæ царди царды дзæбæхæй. Афтæ Царциатæ баисты фондз сыхы. Хъалæгæн ницы уыд зæнæгæй.
Хæтгар Царциатæй уыди, иу бон цуаны ацыди æмæ фехста саг. Саг коммæ ныттылди, Хæтгар дæр йæ фæстæ æрцыди. Йæхицæн скодта физонæг æмæ хæрыныл æрбадти. Хæтгар фæстаг комыдзаг куы кодта, уæд æм ныхъхъæрчындæуыди: – Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы! Хæтгар йæ къух æруагъта, комдзагыл хæцы æмæ фæйнæрдæм кæсы. Хъуыды кæны: “Чи мæм дзуры, ам куы ничи ис, уæд?” Систа комдзаг, а ныр æй ахæра, афтæ та хъæр фæцыди: – Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы. Йæ къухы та æруагъта, ногæй акасти, фæлæ та никæй уыны. систа та дзыхмæ фæстаг хайы æмæ та æртыккаг хатт хъæр фæцыди: – Хæтгар, ма бахæр уыцы хайы, мæн хъæуы! Хæтгар æм дзуры: – Чи дæ, рацу æмæ бахæр. – Фæуром дæхи æмæ уал мусонг æркæн. Хæтгар мусонг ацарæзта, сагдзармæй йæ æрæмбæрзта æмæ банхъæлмæ касти. Хур дæр аныгъуылди, фæлæ йæм цæуæг нæй. Сфæнд кодта сæхимæ рацæуын. А ныр рацæуа, афтæ та хъусы: – Хæтгар, кæдæм цæуыс, фæлæу мæм! – Абондæргъы дæм кæсын, фæлæ чи дæ, æргом мæм цæуылнæ цæуыс? Мæнæн та талынг кæны æмæ мын зын цæуæн уыдзæни. – Талынгы цæуын æдасдæр у æзнагæй, æмæ фæлæу. Бынтон æрталынги. Уæд хох фегом ис æмæ дзы рухс ракалдис. Уырдыгæй дзырдæуы: – Хæтгар, мидæмæ рахиз. Хæтгар урдæм бацыди æмæ зæгъы: – Фарн а бынаты. – Фæрнæйдзаг у, æрбад бандоныл, – ахæм ныхас æм райхъуысти. Хæтгар акасти, фæлæ никæй уыны. – Сбад Хæтгар! – райхъуысти та ныхас. Хæтгар æрбадтис. Кæсы: хæдзар уыди диссаг, авгæй къуымтæ, цæхæртæ калдтой астæрдтытæ. Дзурæг та фæрсы: – Хæтгар, мæ хай цы фæци? – Мæхимæ. – фынгыл æй æрывæр. Хæтгар физонæджы хай æртыкъахыг фынгыл æрывæрдта. Уæд мидæггаг уатæй разынди сылгоймаг, бурбын сæрыхъуынтæ быд дыууæ фæлтæрæй, сæрыл бæрцау бадынц. размæ рахызти. Хай систа æмæ йæ ахордта. Уый фæстæ тæмæнтæ скалдта. Сылгоймагы дæллагхъуырты лæг йæхи уыдта, ныхæй стъалытæ зынди æмæ йын йæ развæндаг рухс кодта. Никуы федта Хæтгар ахæм диссаг, дурдзавдау аззадис йæ бадæны, аджихтæ ис. Сылгоймаг та дзуры: – Цæуыл хъуыды кæныс, Хæтгар, æви мæ цард дæ зæрдæмæ нæ цæуы? – Цæугæ та куыннæ кæны, фæлæ айонг рацардтæн æмæ айхуызон фæлыст æмæ фæлындзгонд хæдзарæй нырмæ никуы федтон. – Ныр ма цы рацардтæ æмæ цы федтаис, исты дыл фæдджи ивазджытæ[37] куынæ сбирæ ис. Сылгоймаг æрхаста хæрд уæд, нуæзт уæд. Райдыдтой хæрын æмæ нуазын, сæ сæры дæр цæуын байдыдта æмæ хуыссын афон æрцис. Хæтгарæн уат æркодта сылгоймаг, йæхæдæг иннæ хатæнмæ бахызти. Йæ дарæс раласта, уæгъд æркæнгæ[38] ма фæуагъта йæхиуыл. сылгоймаджы буар æркæнгæйæ афтæ тынг зынди æмæ цымæ бæгънæгæй лæууы, ахæм. Сылгоймаг æрхуыссыди. Хæтгарыл хуыссæг нал хæцыди æмæ рафт-бафт кодта. Сфæнд кодта йæ цуры æрхуыссын, фæлæ йæ ныфс нæ хаста æмæ ныуулæфыди “Оф”, зæгъгæ. – Цы кæныс, Хæтгар, цæуыл улæфыс, – афарста сылгоймаг. – Ницы, афтæ,– загъта Хæтгар. – Уæдæ схуысс, дæ амонд цы уа, уый уыдзæни. Хæтгар æрхуыссыди. Сылгоймаг дæр æрфынæй ис. Хæтгар нал фæлæууыди æмæ сылгоймаджы фарсмæ абырыди, фæцæрдзæф æй кодта. Сылгоймаг æм дзуры: – Цы ми бакодтай, Хæтгар? Уый зæгъы: – Мæ бон дæм нал уыди кæсын æмæ мын ныббар. – Цыма дын барон, фæкæ мæ ныр дæ бæстæм. Рацыдысты иумæ талынджы. Цæуынц мæйдары. Сылгоймагы ныхы стъалыйæ рухс кæлы æмæ сæ развæндагыл æдæрсгæ цæуынц. Хæтгар йæ саджы марды дæр раккой кодта. Царциатæм æрхæццæ сты æмæ цæгат сыхæй хуссармæ сылгоймаджы ныхы стъалы боны хуызæн кодта. Хæтгар фæрсы: – Ныр мемæ рацыдтæ, фæлæ дæ номæй куы нæ зонын, уæд мæ Царциатæ куы фæрсой, уæд сын цы зæгъон? – Æз дæн Хуыцауы хæрæфырт Таусæрухс. Хæтгар бакодта йæ хæдзармæ Таусæрухсы. Таусæрухс хуыйын байдыдта дарæс æмæ Царциаты сыхы ахæм нал баззади, йæ фæлысты æмбисæхсæвæй райсом боны цъæхмæ кæмæн не ‘сцæттæ кодта. Райсом куыддæр бон дзирдзур кодта, афтæ Таусæрухс зæгъы Хæтгарæн: – Царциатæн сæ фæлысты байуар. Æхсæвы цæстæй Хæтгар зилын байдыдта æмæ алкæмæн дæр йæ фæлысты радта. Уæд Царциатæ æрымбырд сты æмæ зæгъынц Хæтгарæн: – Нæ чындзы нын фенын кæн. Хæтгар Таусæрухсы ракæны. Царциатæ дзы ныббузныг сты æмæ загътой: – Ахæм чындз кæм у, уым йæ номыл мæсыг саразæм. Царциатæ фидар мæсыг райдыдтой аразын Таусæрухсы тыххæй. Мæсыг сырæзти æмæ йæ схуыдтой Таусæрухсы мæсыг. Йæ фæстæ куывд ныззылдтой æмæ кад кодтой Таусæрухсæн. Цыдысты бонтæ, афæдзтæ, Хæтгар æмæ Таусæрухсæн райгуырди дыууæ фаззоны, дыууæ лæппуйы. Дыууæ дæр уыдысты бурхил æмæ уæнгджын, æсхуыдтой лæппуиы Бурæберд æмæ Бурæнæг. Афтæ та сæ уымæн схуыдтой, æмæ æмхуызæн бур рауадысты. Рæзыдысты Бурæберд æмæ Бурæнæг. Бон рæзыдысты къуыри бæрц, къуыри – мæйдзыд кодтой, мæй – афæдзыдзыд. Бахъомыл сты. Сæ лæджы ранмæ рацыдысты. Иу заманы дыууæ æфсымæры цуаны фæцыдысты тар хъæдмæ, ницæуыл хæст кодтой. Уыцы рæстæджы зылын гуыбын еугуыппыртæ æрбафсæрстой Царциатæм. Ницы уал сæм уагътой. Царциатæн сæ хæстхъомтæ балцы уыдысты. Æнхъæл нæ уыдысты, искуы сæ бæстæмæ бырсдзæн, уый. Царциаты адæмы цæгъдынтæ систой еугуыппыртæ. Хæтгар зæронд баци, йæ рæсугъд ус Таусæрухсимæ мæсыгмæ бацыдысты, сæхиуыл дуæрттæ рахгæдтой æмæ сыл урдыгæй райдыдтой хæцын. Еугуыппырты мæрдты тугæй дон фестади Царциаты сых. Ницы фæрæзтой мæсыгы сисынæн. Уæд мæсыгмæ уасинтæ æвæрын байдыдтой. Фæлæ сæ Хæтгар æмæ Таусæрухс цагътой дывæр фыддæрæй. Бурæберд æмæ Бурæнæг загътой: – Нæ фæстæ Царциатæй цыдæр хæсты хъæр цæуы. Ратындзыдтой æмæ æрхæццæ сты. Райдыдтой æртывæр хæст еугуыппыртимæ. Зылын гуыбын æмæ æрдæгцъындæ уæвæг еугуыппыртæ фыддæр митæ байдыдтой. Мæсыгы ракалдтой, уым фесты Хæтгар æмæ йæ ус дæр. Бурæберд æмæ Бурæнæг уый куы федтой, уæд та фыддæр цæф ныккодтой сæхи се ‘знæгтыл, еугуыппыртыл. Æнæхъæн къуыри фæхæцыдысты, æнæхъæн къуыри не ‘рулæфыдысты, стæй сæхæдæг дæр фæмард сты. Еугуыппыртæ цы ссардтой, уый семæ ахастой. Царциаты цæрæнуæттыл арт бафтыдтой, кæй та тыххæй фæккодтой, фæлæ Царциатæн сæ хæстхъомтæ фæзындысты. Уæд еугуыппыртæ лидзынмæ фесты. Цыдæртæ ма сæм бафтыди, афтæмæй сæхи бæстæм фæлыгъдысты. Афтæ фесæфти Царциатæн сæ иу сых, Хæтгар кæм царди, уый.
Уæд дын дæлимонты чызг сагъуыди[39] Царциатæм цæуын æмæ сæ мæстæй мардта. Ахуы-иу æй фæсырдта, фæлæ-иу Ахуыйы тынгдæр мæстæй марын райдыдта: куы йæм йе ‘взаг æрластаид, куы йæ хъыг дардтаид, æмæ йын æнцой нæ лæвæрдта. Иуахæмы та фæзынди дæлимонты чызг, бæласы бын слæууыди æмæ кæсы Ахуымæ. Бæласы сæр бадти иу сих æмæ чызгмæ дзуры: – Цавæр каст кæныс Царциатæм? – Ахуыйы уарзын æмæ мæм нæ кæсы. – Куыд дæм кæса, кæд æмæ йæ мæстæй марыс, де ‘взаг æм æрласыс, – зæгъы сих, – исчи афтæ кæны. Сих ныххудти: – Ма-аа-ми! Ахуы афтæ фенхъæлдта, сих ууыл ныххудти æмæ йæм дзуры: – Мамми дарæг дæ мауал уæд, кæд цæуыл худыс, дæ бынмæ дæлимонты чызг ис, æмæ уыимæ айтæ-уйтæ фæкæнут, уый дын мæ ныхас. Сих уыйадыл бæласы сæрæй æргæпп кодта æмæ дæлимонты чызгыл ныххæцыди. Чызг ныхъхъыллист кодта æмæ суры йæхицæй сихы. Ахуы сæм кæсы æмæ сыл худæгæй мæлы. Сих дæлимонты чызгмæ дзуры: – О, мæхи мамы. Дæлимонты чызг æм дзуры: – мамми дæр дæхæдæг æмæ алцы дæр. Уæд сыл Ахуы дур фехста. Дур цыдæр фæцис, сих бæласмæ сгæпп ласта, дæлимонты чызг та сæхимæ æрцыди, йæ мадмæ бауади æмæ дур йæ тæккæ раз сæмбæлди. Мад йæ чызджы фæрсы: – Ацы дур та кæцæй æрхауди? Чызг радзырдта, цы йыл æрцыди Ахуыйы æлгъыстæй сихимæ, уый. Мад зæгъы: – Сихы мæм æркæн. Чызг сихы æркодта, чызджы мад æм дзуры: – Фæцу Царциатæм, зæгъ Ахуыйæн: “Дæу аххосæй мæ чызг батырæнхъæлцау[40] ис æмæ йын уæлæуыл цæрыны бар ратт”. Сих Ахуымæ æрцыди æмæ йын дæлимонты чызджы мады ныхæстæ рафæзмыдта. Уæд Ахуы зæгъы: – Ту, адæмæй æлгъыст фæу, цы сих дæ, кæд дæ дæлимонтæм æрвитгæ нæ фæкодтон, се ‘лгъыст дæ баййафæд, цæрæнбонты де смаг куыд кæла! Ахуыйы æлгъыст сихыл æрцыдис, фæсырдта йæ. Сих дæр, йæ тæф калгæ, дæлимонтæм æрцыд. Дæлимонты чызг æм дзуры: – Цавæр тæф калгæ æрцыдтæ? – Ахуы мæ ралгъыста. – Уæ, амæлай, цы сих дæ, кæд мæ фыдбылызæн нæ райгуырдтæ, ныр мын гуырдз гуырдзæни æмæ цы бакæнон? Сих æм тамакойы авæрдта æмæ йын зæгъы: – Зынæй дын куы гуыра, уæд-иу ацы сыф дæ армы дзыхъхъы аууæрд, æууæрст дæ фындзы хуынчъы атъысс æмæ дын æнцонæй райгуырдзæни гуырдз. Тамакойы сыф райста дæлимонты чызг æмæ йæ хъæрзын ссыди. Гуырдзы гуырын кæны, фæлæ уый гуыбынæй нæ комы. Дзуры гуыринаг гуыбынæй: – Дæ гуыбынæй нæ ахиздзынæн, цалынмæ мын Царциатæ бар нæ радтой сæ бæстыл цæрынæн, уæдмæ. – О, рахиз уал, стæй дын исты хос уыдзæни. – Нæ ахиздзынæн. Уæд дæлимонты чызг йæ мадмæ фæдзырдта. Уымæ чызг радта тамакойы сыф. Мад æй æрыууæрста æмæ дзы йæ чызджы фындзы хуынчъы атъыста. Чызг æрыхснырста: “Æттыры маммы!” Гуырдз гуыбыны нал фæлæууыди æмæ рагæпп кодта. Уый уыдис чызг æмæ йыл Мамми сывæрдтой ном. Мамми йæ мадæн зæгъы: – Царциатæй зæххы хай райс цæрынæн. Дæлимонты чызг Маммийы йæ хъæбысы акодта, Ахуымæ ссыди æмæ зæгъы: – Ацы гуырдз дæу аххосæй райгуырд, кæнæ йæ хъомыл скæн, кæнæ мын цæрыны бар ратт Царциаты зæххыл. – Уæртæ авд æфцæджы фалейæ ис лæгæт, – зæгъы Ахуы, – уырдæм фæцу æмæ дзы цæр. Дæлимонты чызг уырдæм фæцыди, хъомыл кодта Маммийы. Куы байрæзти, уæд-иу Ахуыйы фæллойæ адавта æмæ æнæбæркад кодта йæ цард Ахуыйæн, бæргæ йæ æмбæрста, фæлæ сылгоймагимæ чи хæцы, мæнг нæ акæнынц: “Сыл куы фæтыхсы, уæд цу гуыбырæй, уый ма дæу уарздзæн мæнг ныхас æмæ фæлмæн гуыбынæй. Мамми уыдис бынтон фыдуынд, йæ фындз маргъы фындзы хуызæн, йæ иу ссыр – размæ, иннæ фæстæмæ хæцыд, йæ иу дæндаг роцъойы сæрмæ, иннæ дæндаг – уадулы ‘рдæм. Фыдуынддæр скæнæн нæ уыди. Иубон Мамми фæрсы дæлимонты чызджы: – Ацы лæгæты цæмæн цæрæм? – Дæхæдæг æй фæстæдæр базондзынæ, ныр та мæ адыл нæ дæн, мæлдзынæн, куы бахъомыл уай, уæд Царциатæй мæ маст райс, мæ цард уыдон аххосæй фесæфти, дæ зæрдыл дар ахæм æмбисонд: “Зон, арцы рæхуыст бынтон нæу риссаг, фервæздзынæ дзы, фæлæ сылы ‘взаджы цæф у тæссаг æмæ риссаг”. Уый адыл дæлимонты чызг амарди. мамми йæ баныгæдта. Уæд йæхицæн зæгъы Мамми: – Фæцæуон Царциатæм, базонон сæ, чи сты? Рарасти Царциатæм. Ахуы уыдис цуаны, Нагъуы – хæдзары. Мамми йæм дзуры: – Цæй, хъултæй ахъазæм. – Дæлæмæ фæууайай, кæд лæппутæ не стæм, хъулæй уыдон фæхъазынц, – загъта Нагъуы. Нагъуы рахаста Ахуыйы хъултæ, æсуылдта сæ æмæ хъул цыг абадти. Мамми сæуылдта – уымæн та фыр абадти. Дыккаг хатт Нагъуы сæуылдта – фæхс ын абадти, Маммийæн та тæу абадти. Æртыккаг сæуылдæн Нагъуыйы хъул хъен абадти. Мамми сæуылдта æмæ йын сах абадти. Мамми рамбылдта хъултæ, æххуыс ын сих кодта сусæгæй. Систа хъултæ Мамми æмæ рацæуы. Ахуы дæр æрхæццæ ис сырды мардимæ, фæрсы Нагъуыйы: – Чи у, чи ацы маргъыбырынкъ? – Æз дæр æй фыццаг хатт уынын. Ахуы бамбæрста, уый сих æмæ дæлимонты чызгæй райгуыргæ кæй у, æмæ зæгъы йæ хойæн: – Хорз уаид, дæхиуыл æй куы нæ ахуыр кæнис. – Æмæ нын цы хъом у, уадз æмæ цæуа, уæддæр иунæг стæм æмæ уымæй куы тыхсæм. Ахуы дæр ницыуал загъта, сырды мардæй физонджытæ скодтой, бахордтой, стæй баулæфыдысты.
Царциатыл Хуыцау рахатт æмæ сæ уæлæмæ сыстын дæр нал уагъта. Сæ хуыссæнты хуыссыдысты æмæ хъæрзыдтой. Къуыри æртæ боны æнæниз уыдысты, цыппар боны рынчын кодтой. Нартæ сæм арæх цыдысты æмæ дзырдтой: – Тæригъæд сты мæлынæн, исты хос сын хъæуы. Нартæ фервыстой алырдæм, чи цы хос зоны Царциатæн, уый йæ зæгъæд, Нартæй айсдзæни стыр лæвар. Ничи йæ ныфс бахаста. Нартæ стыр куывд æскодтой æмæ сæ лæвары æрывæрдтой. саргъы бæх æд уидон, æдсаргъ, нымæт дæр йемæ. Бæх Мысыры[41] бæсты хаст уыди. сынты базыртау сау йæ буар, къаннæг сæр, æлвæст гуыр æмæ рæсугъд. Куывды уыцы бæхмæ алкæй цæстытæ дæр сæхи тыдтой. Бæхæй цæстытæ разылдаис, уый адæймаджы къухты не ‘фтыди. Нартæй иу чызг дард мой æскодта, уымæ дæр фехъуысти Нарты фæнд. Нарты чызг йæ лæппумæ фæсидти æмæ йын зæгъы: – Абоны бонæй дæуæн бадгæйæ нæу, лæппу. Лæппу йæ фæрсы: – Уæдæ цы кæнон? – Нартæ стыр лæвар кæнынц: саргъы бæх æд уидон, æд саргъ, æд нымæт, куывд æскодтой æмæ лæварæн ахæмæн дæттынц, Царциатæн ма хос чи скæна, мæлæтыл лæуд сты, къуыри æртæ боны сæрæн вæййынц, цыппар боны та мæлгæ кæнынц. Уыдон сдзæбæхæн хос ничи зоны мæнæй дарддæр, æмæ йæ ды хъуамæ саразай. – Куыд æй саразон? – Нарты куывдмæ ацу, зæгъ сын: “Хос сын æз скæнин, Царциатæ фодзыссæдзæй мемæ куы рацæуиккой, уæд”. Уыдон сразы уыдзысты. Сæ сæрæнтæй фондзыссæдз равзардзысты. Ды сæ акæн демæ Мысыры бæстæм. Мысыры зæхх пайдайы хос у, фондзыссæдзæй фодзыссæдз уаргъы алы бынатæй сисдзысты, рахæссæд æй æмæ йæ сæ бæстыл байуарæд, стæй алæмæты зæхх фестдзæни, сæ фервæстдæр уæд æрцæудзæни. Кæм-иу срынчын уой фæндагыл, уым сæм сæууæлдæф уадз, æндæр ницы. Нарты хæрæфырт абадти бæхыл æмæ рацыди Нартæм. Дардæй æрбазынди тыдджыты йасæй. Йæ бæхы цæфхæдты бынæй зæхх гæппæлтæй хæрдмæ хаудта æмæ Нартыл æмбæлдысты. Нартæ зæгъынц: – Ай цы диссаг у, искуы ма хурбоны сыджыт æруаргæ дæр æрцыдис? Сатана сæм дзуры: – Уый уын Хуыцау уæ куывды фехъуыста æмæ уæм æрвиты æххуысгæнæгы, фæлæ йæм фыд ма сдзурут, фæлæ йæ бафæрсут, чи у æмæ цы бавæййы Нартæн, уымæй. Чысыл фæстæдæр тыдджыйы йас далысы бæрцæй æрбазынди æмæ ахæм дымгæ сыстади, æмæ Нарты бæлæстæ фæлдæхтысты. Нартæ та зæгъынц: – Ай та циу? Сатана зæгъы: – Уыцы æххуысгæнæг бæхыл æрбацæуы æмæ бæхы фындзы хуынчъыты дымгæ у. Фыдæй йæм мачи æсдзурæд, æрмæст æй бафæрсдзыстут, чи у, кæнæ Нартæн цы бахæссы, уымæй. Рацыди та чысыл рæстæг. Далысы йас барæг дыгæрдыджы йасæй æрбацыди, Нарты хъустæ бакъуырма сты, ахæм гуырт-гуырт цыдис. Нартæ та ацы хатт дæр зæгъынц: – Цавæр гуырт-гуырт у, нæ хъустæ куыннæ уал хъусынц, уæд? Сатана та зæгъы: – Хуыцауы æрбарвитгæ æххуысгæнæг æрбахæццæ кæны æмæ йæ бæхы къæхты гуырт-гуырт у, фæлæ йæм фыдæй мацы æсдзурут, æрмæст æй бафæрсут кæцæй цæуы æмæ цы бавæййаг у Нартæн. Уалынмæ Нарты хæрæфырт æрбахæццæ ис æмæ бæхæй цæрдæг æргæпп ласта, æгъдауæй салам радта куывды адæмæн: – Фарн уæ куывды уæд, Нартæ! Нартæ кæрæдзи хъусы дзурынц: – Амæ не ‘нгæсæй цыдæр ис, фæлæ йæ куыннæ зонæм, чи у, кæцон у, уæд мах цæмæй зоны? Фæстаг хатт зæгъынц: – Фæрнæйдзаг уай, лæппу, æмæ нæм хорзæн цыд фæуай. Йæ бæхы йын айстой, æрбастой йæ, стæй йæ æрбадын кодтой. Уырызмæг уазæгæн æмбæлæггаг аназын кодта, рæвдауæн цæстæнгасæй йæм Нартæ ракастысты æмæ йæхимидæг хъуыды кæны: “Уагæры мæ куы зониккой, æз Нарты хæрæфырт дæн, уæд та мæм куыд кæсиккой?” Иу рæгъ та рацыди, Уырызмæг сыстади æмæ зæгъы: – Мах хæрд æмæ нуæзт мондаджы тыххæй нæ кæнæм ацы куывды. Ацы куывд у Царциаты намысы тыххæй. Уыдонæн чи баххуыс кæна сæ тыхсты, уый айсæд нæ лæвар, стæй Царциатæм скæндзыстæм сæ ивæрзынгæнджыты номæй цыты куывд. Мæ нуазæн айсæд уыцы гуырд, йæ ныфс чи хæссы Царциаты фервæзын кæнынмæ. Нарты хæрæфырт йæ цæст ахаста куывды бадджытыл. Куы ничи стади, уæд æрæджиау сыстадис йæ бынатæй Нарты хæрæфырт æмæ бацыдис Уырызмæгмæ, райста нуазæны æмæ зæгъы: – Дæ нуазæн бирæ уæд, цытджын хистæр, æз дæн æрхауæггаг. Æз фехъуыстон уæ куывды сæр цæуыл у, уый дæр æмæ уæм фæзынддæн. Хæмыц æм дзуры: – Хатыр бакæн, уазæг, фæлæ ахæм хъуыддаджы дæ ныфс кæм хæссыс, уым нын дæхи дæр бацамон. Лæг хъуамæ йæ хæрзгæнæджы зона. Нарты хæрæфырт зæгъы: – Уый раст зæгъыс, аипп мæхимæ дæр хауы, фæлæ æз æрцыдтæн, Нартæй иу чызгы дæрддаг мой скодта, æмæ уый амындæй. Нартæ зæгъынц: – Уæдæ нæ ахæм дæрддаг мой чи скодта? Бурæфæрныг зæгъы: – Æз æй æмбарын, ныр уазæг кæмæй зæгъы, уый. – Чи у, кæмæй зæгъы? Бурæфæрныг дзуры: – Мæ фыды хо дæрддаг мойгонд у. Айонг рахъомыл уон æмæ йæ нырма никуы бабæрæг кодтон, æвæццæгæн, уый лæппу у нæ уазæг æмæ уæд нæхи цард хæрæфырт у. Фæрсынц лæппуйы: – Нартæй дæ цы чызг рарвыста, уый цы хуыйны, зæгъ ма? Нарты хæрæфырт зæгъы: – Йæ ном у Мадыма. Бурæфæрныг сыстади йæ бынатæй æмæ ныхъхъæбыс кодта йæ хæрæфырты, стæй зæгъы: – Уæдæ ды нæ хæрæфырт дæ. Хатыр бакæн, кæй уæ никуы бабæрæг кодтон, уый тыххæй. Нартæ химидæзмæлд бакодтой, арфæтæ райдыдтой сæ хæрæфыртæн, сбуц æй кодтой, стæй Нарты хæрæфырт зæгъы: – Гъеныр мын фондзæссæдз лæджы Царциатæй мемæ фæбалц кæнут. Нартæ зæгъынц: – Фæлæу, афтæмæй нæ фервитæм адæмы мах. – Уæдæ куыдæй фервитут? – Мах æмæ Царциатæм ис иу æгъдау. Искуыдæм цæугæйæ раздæр æртæ хъуыддаджы сæххæст кæнæн. Нарты хæрæфырт фæрсы: – Цавæр хъуыддæгтæ сты? Нартæ загътой: – Раздæр нæм кафгæ фæкæнынц. Ныххæцыдысты симдыл. Нартæн сæ иу кæроны сæ хæрæфырт æрхæцыд, иннæ кæроныл та Царциатæ ныххæцыдысты. Симгæ симын Нарты хæрæфырты нартæ æмæ Царциатæ фæйнæрдæм айвазынц, фæлæ йыл йæ кафты фæкъуыхцы кæной, уый сæ бон нæ бацис. Сæ хæрæфырт-иу сæ кæрæдзимæ йæ цонгты тыххæй æнгом æрбалхъывта. Фæцис сæ симд æмæ Нартæй иу зæгъы: – Уæллæй-и, лæггаг у, фæлæ ма дын дæ зардмæ дæр байхъусæм. Нартæ æмæ Царциатæ хъырнгæ кодтой, хæрæфырт та заргæ. Цас фæнды нæ хъырныдтой уыдон, уæддæр Нарты хæрæфырты хъæлæс тынгдæр хъуыстис. Ныууагътой зарын æмæ Нартæй æндæр лæг зæгъы Нарты хæрæфыртæн: – Хорз арæхсыс, фæлæ хъазгæ та куыд кæныс, уый нын зæгъ. Нарты хæрæфырт зæгъы: – Фенгæйæ у. Тымбыл дойнаг дуртæ æрбатылдтой Нартæ æмæ Царциатæ. Хæрæфыртмæ сæ радыгай æхстой, уый сæ иугай æхста æмæ сæ фæстæмæ æппæрста, иу дуры дæр зæхмæ не ‘руагъта æмæ та сыл стыхи. Ныууагътой дурæй хъазын дæр. Бурæфæрныг зæгъы уæд: – Хорз арæхсыс, нæ хæрæфырт, ауадзын æй хъæуы. Царциатæй фондзыссæдз барæгы равзæрстой æмæ сæ Нарты хæрæфыртимæ баиу кодтой. Нарты хæрæфырт йæ фæндаг скодта мысыры бæстæм. Фæцыдысты бирæ бонты æмæ бирæ æхсæвты. Иу ран Царциаты рынчыны рæстæг æрцыди æмæ сæ бæхтыл сæ сæртæ æруагътой. Нарты хæрæфырт сæ ауыдта, цæрдæг æргæпп кодта йæ бæхæй. Дзалайæ хуыссæнтæ акодта зæххыл æмæ Царциаты æрулæфын кодта. Æнæхъæн цыппар боны сæ фæхыгъта сырды фыдæй Нарты хæрæфырт. Сдзæбæх сты Царциатæ æмæ та араст сты Нарты хæрæфыртимæ мысыры бæстæм. Æппын фæстаг ныххæццæ сты æмæ та Царциатæн сæ рынчыны рæстæг æрцыдис. Срынчынтæ сты. Нарты хæрæфырт фондзæссæдз уаргъы скодта Мысыры сыджытæй, цуан кодта æмæ Царциаты хыгъта сырды фыдæй. Царциаты бынты бакодта хурсыфтæ.[42] Алы лæгæн дæр иу сыф йæ быны, иу йæ уæлæ. Фæзылдис сæм æнæхъæн цыппар боны. Сдзæбæх та сты Царциатæ æмæ рараст сты фæстæмæ сæ бæстæм. Рахæссынц Мысыры сыджытæй фæдзсæссæдз бæх уаргъы. Иу ран æрулæфынц талынджы. Фæлмæцыд уыдысты æмæ æрфынæйтæ сты. Уæд сæм залиаг калм æрбабырыди æмæ сæ хъуамæ аныхъуырдтаид. Нарты хæрæфыртæн йæ бæх ныммырмыр кодта. Нарты хæрæфырт фехъали æмæ ауыдта залиаг калмы. Хæцынтæ систа йемæ æмæ йæ амардта. Калмы мард буар ма йæ тæвдæй æзмæлыди, йæ къæдзилæй ратъæпп ласта æмæ Царциаты иууылдæр сыхъал кодта. Царциатæ кæрæдзимæ бакастысты. Нарты хæрæфырт сæм дзуры: – Тæрсгæ ма кæнут, мард у калм. Царциатæ зæгъынц: – Кæй дæ, уымæн æнæнизæй фæцæр, æвæццæгæн, фынæй дæр нæ бакодтай? Калмимæ хæцгæ кодтон. Зыны дыл. Сыстадысты æмæ та цæуынц. Иу доныл сæ хъуыди рахизын. Сæ бæхтæ батардтой доны, уæд сæм доны хуылфæй дзырдæуы: – Дон ма змæнтут. Нарты хæрæфырт сæм дзуры: – Ды донæн уæлыйæ дæ, мах – дæлыйæ, чердæм æй æзмæнтæм. – Уæддæр дон – мæ дон у. – Омæ дзы немæ ницы хæссæм. – Уæ бæхтæ дзы сæ къæхы ныхсадтой. – Уый та махмæ нæ хауы. Сурмæ ахыстысты, афтæ Царциаты бæхтæ æррынчын сты. Царциатæ скатай сты. Нарты хæрæфырт фæрсы, донæй йæм чи дзырдта, уый: – Æддæмæ мæм рахиз. – Цы дæм хизон? – Нæ бæхтæн нын хос скæн. – Куы сбон уа, уæд. Æрбабони æмæ кæсынц, цы доны æрбахыстысты, уый разынди туг. Æрхы сæр рæбынæй бады иу æстыр гуымир уæиг. Арц йæ ныхмæ дары æмæ туг кæлы æнæхъæн комы дзаг. Нарты хæрæфырт æй фæрсы: – Цы кæныс? Цæуыл дæхи марыс? Кæнæ чи дæ? Гуымир зæгъы: – Æз дæн Гуымирты гуымир. Мысыры мæлик мын мæ чызгы раскъæфта æмæ йæ разы бадын, йæ фæндаг ауылты у, фæлæ уæхæдæг чи стут? Нарты хæрæфырт зæгъы: – Æз мæхæдæг Нарты хæрæфырт дæн, мæнæ ме ‘мбæлттæ та Царциатæ сты. – Æмæ ма Царциатæй змæлæг дæр ис? – Ис, фæлæ мæнг æзмæлæг сты, кæд сæ бæстыл Мысыры зæххы сыджытæй байзæрой, уæд сын уый æвдадзы хос уыдзæни æмæ фервæздзысты, кæннод фесæфдзысты. – Кæд афтæ у, уæд дзы цæуылнæ хæссут? – Фондзыссæдз бæхуаргъы дзы хæссæм. Гуымир уæиг та зæгъы: – Уæдæ хорз, æз уын æввахсдæр рæтты фæндаг бацамондзынæн, æрмæст уæ иу чысыл мæ цуры фæлæууæд. Гуымир уæиг Царциаты бафтыдта иу комыл æмæ зæгъы: – Ацы комыл цæут, мацæмæй тæрсут, уе ‘мбал дæр уæ тагъд баййафдзæни. Царциатæ комы араст сты гуымир уæиг та Нарты хæрæфыртæн зæгъы: – Мæ хъусы ма ныхъхъæр кæн. Нарты хæрæфырт гуымиры хъусы ныхъхъæр кодта. Уæд уый йæ сæр банкъуыста æмæ зæгъы: – Ницы. – Цæмæн зæгъыс? – фæрсы Нарты хæрæфырт. – Нарты тугæй дæм бирæ нæй. – Куы уын загътон, æз сæ хæрæфырт дæн. – Уæдæ уымæн афтæ дæ, мæ хъæлæсы ма мын дæ кардæй цæв. Нарты хæрæфырт Гуымирты гуымиры хъæлæсы ныццавта, кард фæстæмæ фесхъиудта æмæ та зæгъы: – Йех, цæй тынг цæвыс, фæлæ куыд фæрисыс дæхæдæг, æппын дæ æхсынчъы тых дæр куы нæ ис. Уæд та мын арцæй мæ тыл ныццæв. Нарты хæрæфырт гуымиры тыл ныццавта. Уæд гуымир зæгъы: – О, ныр гæнæн ис æмæ дæ бамбарон. Хъус мæм, Нарты хæрæфырт: æз цасдæр бадын ам æмæ мæ хуыссæг æрцахста. Мæ туг мæ фæцыди, уый хъуамæ æрымбырд кæнон, уый тыххæй мæн хъæуы афынæй кæнын. Ды хъахъхъæн. Мæ чызгы мын чи аскъæфта, уый куы æрбацæйцæуа, уæд мæ сыхъал кæн, стæй дæ æз де ‘мбæлттæм фæхæццæ кæндзынæн. – Цæмæй базондзынæн дæ чызгы? – афарста Нарты хæрæфырт. – Мæ чызг ахæм у, æмæ кæд кæугæ кæна, уæд йæ цæссыгтæ зæххыл цæппузыртæй æмбæлдзысты æмæ дуртæ фæддзысты, кæд худгæ кæна, уæд дуртæ сæхимидæг зилдзысты. Гуымирты гуымир æрфынæй ис, Нарты хæрæфырт æй хъахъхъæны. Дзæвгар фæхъахъхъæдта Нарты хæрæфырт. Æхсæв бонмæ дæр лæууыди. Уæд бон æрбахæстæг ис æмæ кæуын æрбайхъуысти, уый Гуымирты гуымиры чызгы раскъæфтæуыдис. Чызгы цæссыг дуртыл сæмбæлы æмæ дур афады. Базыдта Нарты хæрæфырт хъуыддаджы. Арц систа æмæ йæ Гуымирты гуымиры тылы ныццавта. Гуымир йæхи аныхта, фæлæ хъал не ‘ссис. Дыккаг цæф æй ныккодта æмæ ныффутт ласта, æндæр нæ райхъал ис. Æртыккаг цæф æй ныккодта. Гуымир фехъал, йæ цæстытæ аууæрста, фæрсы Нарты хæрæфырты: – Фæцæуынц? – Нæма, фæлæ сын сæ бæрджытæ хъусын æмæ уынын. – Раст зæгъыс, Нарты хæрæфырт, рацæуы æскъæфæг, фæлæ цы нæ вæййы, лæг амæлын дæр зоны, уæд дын уадзын къухдарæн. Мæ иунæг чызг дæу фæуæд. Нарты хæрæфырт райста къухдарæн æмæ фæсвæд алæууыд. Уæд æрбазынди æскъæфæг. Гуымирты гуымир кæсы æмæ чызг кæуы. Скъæфæджы размæ фæци, кæрæдзийыл сæхи ныццавтой, хæцынтæ райдыдтой, кæрæдзи уачъитыл аркъауæхстæй ныххæцыдысты æмæ сæ дыууæ дæр амардысты. Чызг кæуын байдыдта. Нарты хæрæфырт æм бирæ фæкасти, стæй бацыд чызгмæ æмæ зæгъы: – Айс дæ фыды лæвар, – æмæ йæм бадардта къухдарæн. Чызг къухдарæны базыдта, Нарты хæрæфыртæн зæгъы: – Искуы æскодтай удыбæстæ искæмæн? – Кæмæн скодтон æмæ кæнын, уыдон нæ разæй сты, фендзынæ сæ. – Уæдæ мæ Хуыцау дæуæн загъта, фæлæ мæ фыды марды цы фæкæнон? Нарты хæрæфырт дуртæ æрбатымбыл кодта, зæппадз ацарæзта æмæ Гуымирты гуымиры уым бавæрдта. Чызгы чи раскъæфта, уый та йын йæ разы цыртæн ныссагъта. Нарты хæрæфырт ракодта чызгы, Царциаты æрбаййæфта хаудтæй зæххыл, сæ рынчын афон та уыдис. Нарты хæрæфырт зæгъы чызгæн: – Донæй сæм зил, æз та сын исты рацагурон. Цуаны азгъордта Нарты хæрæфырт, сырдтæ амардта, физонджытæ акодта æмæ сын бахæрын кодта. Нарты хæрæфырты фæрцы та Царциатæ расæрæн сты. Цæуынц сæхимæ. Нарты хæрæфырт чызгæн фæдзырдта йæ фæндаджы хъуыддаг. Уæд чызг зæгъы: – Гъеныр мæ уырны, удыбæстæгæнæг кæй дæ æмæ уый тыххæй фыдæбон кæй кæныс, уый. Цæуынц Царциатæ, цæуы Нарты хæрæфырт дæр чызгимæ. Дзæвгар фæцыдысты æмæ иу калак хъæумæ æрхаудтой. Уыцы хъæуы ахæм адæм цардысты: сæ бæстыл цæуæг сæ кæд амбылдтаид æртæ хатты, уæд ын æртывæр лæвæрттæ кодтой, кæд цæуæг йæхæдæг фембылд уыдаид, уæд уымæй æмбæлæггаг агуырдтой æртывæрæй. Хъæуы цæрджытæ Нарты хæрæфырт æмæ Царциатыл зæрдиагæй сæмбæлдысты. Фынгтæ сын сæ размæ, фæндагмæ рахастой, æмæ сæ хыгътой. Хорз сæ федтой, стæй калак хъæуы хистæр фæрсы æрцæуджыты: – Кафын уæ нæ фæнды? – Цæуылнæ, æфсæст гуыбын кафын, кæнæ зарын, кæнæ хъазын агуры. Нарты хæрæфыртæн иу зæронд йæ хъусы дзуры: – Кыс, кыс, чысыл мæ фæсаууонмæ рауай. Нарты хæрæфырт хи хъуыдыйы æфсон рауади. Уæд æй зæронд ус фæрсы: – Чи дæ? Кæцæй дæ? – Дæн Нарты хæрæфырт. – О, дæ фæхъау фæуон. Нарты хистæр мемæ лымæн уыди. Фæдзæхсын дæ кафтмæ, е зардмæ кæнæ хъазтмæ куы цæуай, уæд-иу цæуæд уе ‘ппæты тыххæй æмæ хуыздæр азарут, ма фæсайды ут. Нарты хæрæфырт бузныг загъта усæн. Рацыди йе ‘мбæлттæм. Уæд ныххæцыдысты кафтыл. Калак хъæуы цæрджытæ сæ хуыздæртæй дыууæйы равзæрстой. Нарты хæрæфырт та Царциаты номæй рацыди кафынмæ. Дыууæ кафæджы æхсæн ныххæцыди. Уыдон æй сайæн-майæнтæй æлхъывдтытæ кодтой. Нарты хæрæфырт, цыма сæ хъуыды дæр нæ кодта, уыйау йæ сæр бæрзонд дардта. Сæ къæхтыл сын-иу фæлæууыди æмæ сын сæ къах-къухты æсдондæппалтæ кодта. Дондæппалтæ аскъуыдысты æмæ скъуылыхтæ сты. Калак хъæу сæ кафджыты къулыхæй куы федтой, уæд загътой: – Фембылды стæм. Фæци кафт. Ныр та дыууæ къалосджын лæппуйы равзæрстой хъæу зарынтæ. Нарты хæрæфырт сæ астæу ныллæууыди. Уыдон ныззарыдысты Нарты хæрæфырты хъусты, фæлæ сæ хъуыды дæр не ‘ркодта. Уæд Нарты хæрæфырт ныццæлхъ ласта куы иуы, куы иннæйы хъæлæсы æмæ сæ хъусты тæгтæ фæкъуырма сты. Нарты хæрæфырт-иу йæ зард ныллæг куы æруагъта, уæд-иу уыдон та сæ хъырндæй фæдзæгъæл сты. Калак хъæуы адæм та зæгъынц: – Фембылды та стæм. Зард дæр фæцис æмæ хъазыныл ныллæуыдысты. Нарты хæрæфырт йæхæдæг, калак хъæуы адæмæй авд бæдæйнаджы[43] кæрæдзимæ дойнаг дуртæ æхстой. Нарты хæрæфырт, авдæй цас дуртæ æппæрстой, уыдоны ахста æмæ сæ цырд фæстæмæ аппæрста. Дур дуры æййафта æмæ калак хъæуы лæппутæ нал арæхстысты дурты æхсынмæ æмæ сын зæхмæ хаудтой. Калак хъæуы адæм та загътой. – Ноджы та фембылды стæм. Калак хъæуы хистæр зæгъы: – Фембылды стæм æмæ уын æртывæр лæвар кæнæм. Нарты лæг рæгъауæн къæбæлдзыг уæлдзæрмттæ худтæн. Сæ ус рæгъауæн – хуысар хъуымац разкъæрттытæн æмæ сæ сывæллæттæн мах номæй – зæлдаг сгæллад хъуымац хæдæттæн. Царциатæ æмæ Нарты хæрæфырт сын арфæ ракодта æмæ рацыдысты. Бирæ фæцыдысты сæ фæндагыл, уый бæрц дæр сæ нал хъуыди æрхæццæмæ, афтæ та Царциатæ рарынчын сты. Нарты хæрæфырт æмæ чызг та сæм зилын байдыдтой, цалдæр боны сæ æнæркастæй нæ ныууагътой, æмæ та фæсæрæн сты. Араст та сты æмæ цæуынц. Хур асадæн[44] кодта, уæд æрхæццæ сты Нартæм. Нартæ скад кодтой Царциатæ æмæ сæ хæрæфыртæн. Мысыры сыджыты байзæрстой, уæд сæ бæстыл Царциатæ. Сæ хистæртæй иу Суа хуынди. Суа сæ суадæтты цур байзæрста сыджытæй æмæ дзы суæрттæ равзæрди, уæдæй фæстæмæ Царциатæ суæрттæ ныуæзтой. Царциатæн æлутоны хос фæцис Мысырæй æрхæсгæ сыджыт, сæ хуымтæ уæлдай æфсир уагътой, сæ угæрдæнтæ хуыздæр зайын райдыдтой. Уæдæй фæстæмæ та Царциатæ фæсæрæн сты æмæ нал рынчын кодтой. Нартæм æрхастой хуынтæ Царциатæ æмæ Нарты хæрæфырты номыл скодтой стыр куывд. Нартæ дæр сæ хæрæфыртæй куыннæ ныббузныг уыдаиккой æмæ Нарты хæрæфырт Нарты адæмæн цы лæвæрдтæ æрхаста калак хъæуæй, уыдон ын йæхицæн балæвар кодтой. Сты чындзæхсæв дæр ма йын æскодтой æмæ йæ кадимæ лæвар бæх æд саргъ, æд идон, æд нымæт арвыстой йæ бæстæм. Зæгъынц, зæгъгæ, Едысы дæр Мысыры сыджыт ис æмæ дзы бирæ суæрттæ уымæн ис.
Æз уын радзурдзынæн кадæг ирон адæмы фæзынды æмæ нарты фыдбылызты тыххæй. Раджы æмæ раджы, иттæг раджы уыдис ахæм адæм, æмæ сæ ном хуынди Царциатæ. Абон дæр ма æмбисондæн баззадис ирон адæмы æхсæн Царциаты æмбисæндтæ, сæ фесæфт, ирон адæмы фæзынд æмæ сæ фыдæбæттæ. Царциатæ уыдысты бирæ адæм, фондз сæдæ мин хатты минтæм æххæстысты. Хуры скæсæнæй йæ ныгуылæнмæ, йæ рахис фарс æмæ йæ галиу фарс – иудадзыг уыдис Царциаты къухы æмæ дзы Царциатæ цардысты. Зæххы тымбылæн йæ хуыздæр чи уыдис, уый уыди Царциаты къухы. Уыдон ныууагътой нæмттæ дæр. Стыр дæттæ абон дæр ма уыдоны номыл сты, Царциатæ цы нæмттæ радтой, уыдон хæссынц абон дæр ма стæмтæй фæстæмæ. Царциатæ дзырдтой уыцы æвзагыл, абон цы æвзагыл дзурынц ирæттæ, фæлæ хуындысты Царциатæ. Абон дæр ма ирон адæммæ дзырдæн баззадис: “Мæнæ Царциаты диссæгтæ æмæ æмбисæндтæ”, дам. Царциатæ уыдысты фыдæбоны æмæ фыдбылызы адæм. Бирæ цъаммар æгъдæуттæ уыди Царциатæм: се ‘хсæн лæг æмæ ус нæ уыдис, мад йæ лæппуимæ задис, хо йе ‘фсымæримæ, фыд йæ чызгимæ. Фосау æрвыстой хъуыддаг. Уыцы рæстæджы Царциатæн се ‘намонддзинад ноджы уый дæр уыдис, æмæ лæджы фыд кæй хордтой. Канд Царциатæм нæ, фæлæ сæ алыварс чи уыдис, уыцы æндæр адæмтæм дæр уыди ацы æгъдау – хордтой лæджы фыд. Уæд ахæм рæстæг уыдис. Царциатæ, сæ бон цас уыди, уымæй стыр доны былтæм архайдтой æмæ иудадзыг доны былтыл цардысты, уымæн æмæ сæ царды уагмæ гæсгæ доны был æнцондæр уыдис цæрæн; ноджыдæр уымæн, æмæ уæды рæстæджы фæндæгтæ нæ уыдис, æмæ сын доныл æнцондæр уыдис иу ранæй иннæ ранмæ бæлæгътæй цæуын. Кæд-иу ранæй-ран фæндæгты хуызæн исты уыдис, уæд уыцы фæндæгтæ тар хъæды æхсæн цыдысты æмæ тæссаг уыдис сырдтæй: бирæгъ дæр бирæ уыдис уыцы рæстæджы. Царциатæ-иу гыццыл дæтты былтыл дæр-иу цардысты. Цæугæдон-иу кæм нæ уыдис, уым-иу Царциатæ ардтой дынджыр цадтæ æмæ-иу уыдоны цур дæр цардысты, нуазгæ дæр-иу уымæй кодтой, кæнæ-иу дынджыр суадæтты цур дæр цардысты. Царциатæ дæр зыдтой ахæм суадæттæ, адæймаджы чи дзæбæх кæны низтæй, хъарм суадæттæ дæр сæм уыдис, суартæ. Царциатæ кувæндæттæ нæ зыдтой, нæдæр сын Хуыцау уыдис, нæдæр сын зæдтæ уыдысты. Царциатæн уыдысты æрмæст Табутæ. Табу уыдис лæг. Мыййаг æй адæм не ‘взæрстой табуйæ, фæлæ тыхджын чи уыдис, фондз-æхсæз лæгмæ быцæуы чи фæллæуыдаид, ахæм тыхджын лæг-иу уыдис Табу. Ахæм тыхджын лæг йæ тыхы руаджы-иу стабу кодта йæхи. Алы Табуйæн дæр уыдис йæхи адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, Царциатæй, йæхи зылд. Уæд хъæутæ нæ уыдис, пырхытæ уыдысты. Царциаты адæм сæхи Табуйæн хъуамæ-иу лæгъстæ кодтаиккой æмæ кусарт кодтаиккой. Уыдысты-иу ахæм Табутæ, сæ адæмимæ иу ран чи цардысты, зыдтой сæ зæххытæ, сæ адæмты кусын кодтой æмæ афтæмæй цардысты. Ацы адæм, иу ран чи цардысты, нæ рацу-бацу кодтой иу ранæй иннæ ранмæ, уыдонæн уыдис фылдæр каубыд хæдзæрттæ. Сæ сæртыл хæдзæрттæн калдтой хос, стæй цъыф æмæ хæдзары сæрыл астæуæй уагъд-иу уыдис хуынкъ, фæздæг цæуынæн. Уыдысты ахæм Табутæ дæр, иу ран чи нæ цардысты, нæ лæууыдысты, цæугæ табутæ, арæх ивтой сæ царды бынæттæ æмæ сæ адæмы дæр семæ ракæ-бакæ кодтой. Уыдон сæ адæмимæ тындзыдысты ахæм рæттæм, кæм нырма лæджы къах æвæрд нæма уыдис, кæм нырма ничи цардис æмæ уым алцыппæт дæр бирæ уыдис – мæнæу, дыргъ бирæ кæм задис. Цæугæ Царциатæ зымæгон сыджыты бын, ныккæндты-иу цардысты, тыгуыргонд сын-иу уыдис, хъæугонд. Сæ табутæ дæр-иу сыджыты бын цардысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, табутæ хуыздæр цæрæн бынæтты мидæг-иу цардысты. Сæрдыгон та-иу æддæ уыдысты. Иу дзæвгар-иу куы баззадысты ацы ран, уæд цæугæ табутæ сæхи æндæр ранмæ-иу истой. Уыцы рæстæджы, Царциатæ кæм цардысты, уым хъæддаг сырд дæр бирæ уыдис – арс, бирæгъ æмæ уыдон Царциаты хъыг дардтой: сæхи дæр æмæ мидахуыр цы фос дардтой – гал, хъуг, сæгъ, дзыгъуын[45], теуа, бæх – уыдон дæр-иу хордтой. Царциаты цæрæн рæтты бирæ уыдис ноджыдæр хъæддаг хуы, сæгуыт, саг, дзæбидыр, хъæддаг сæгъ. Царциатæ куыйтæ дæр дардтой бирæ, уæд фыдызгъæл бирæ уыдис. Табутæ сæхæдæг нæ куыстой, иудадзыг сæ адæмы æккойы бадтысты, змæлын сæ кодтой, кусын сæ кодтой. Табутæ сæ адæмы хæсджын-иу кодтой, хæдзары фос, лæгимæ цы фос фидыдта – гал, бæх, теуа, мæргътæ алыхуызон – фылдæрæй-фылдæр куыд кодтаиккой. Ацы фæллойтæ иууылдæр табуты хъуыдысты, уыдон сæ хордтой. Сæ цæрттæй та арæзтой дарæстæ: зымæгон æнæлопойæ æмæ лопойæ та дардтой сæрдыгон, астæуæй уæраджы онг. Сæ адæмæн-иу табутæ хъæды сырдтæ дæр марын кодтой æмæ сæ цæрмттæ та æмбырдæй сæхицæн æрбахæссын-иу кодтой. Цуанмæ-иу куы ацыдысты Царциатæ, уæд сæ разæй цыдис-иу сæ табу. Сырдыл йæ алыварс-иу æртыхстытсты æмæ-иу æй лæдзгуытæй мардтой. Царциатæ кæм цардысты, уыцы бæстæты алцыппæт дæр задис, дыргъ зæгъæм – фæткъуы, кæрдо, сæнæфсир дæр, афтæ мæнæу, хор, уæлдайдæр æфсиртæй. Уæды заманы кæрдæгау-иу задис мæнæу. Цæхæрадон уæды рæстæджы ничи зыдта. Афтæ, цыдæриддæр задис дыргъæй – иууылдæр задис хъæды. Иу ныхасæй, алы дыргъ, цыдæриддæр уыдис, уый уыдис иууылдæр хъæддаг. Цы хæлцаг-иу ссардтой Царциатæ – мæнæу зæгъæм, хор зæгъæм – уыдон Царциатæ дард рæттæй бæлæгътæй-иу ластой сæ хæдзæрттæм. Мæнæуы хъуыдыдæй, хоры хъуыдыдæй Царциатæ чъинатæ арæзтой, артыл-иу æй бадардтой, ацарыдтой йæ æмæ-иу æй афтæмæй хордтой. Чъинатæ табуйæн дæр æмæ сæ бинонтæн дæр-иу хастой æмæ афтæ лæггад кодтой уыдонæн. Хус мæнæу, хор згъæлстой æмæ зымæгмæ дæр-иу æвæрдтой. Хъæды цъæрттæ стыгътой, уыдонæй мигæнæнтæ бастой, къæртатæ дæр арæзтой æмæ уыдоны мидæг зымæгмæ дæр-иу æвæрдтой. Ацы хæринæгтæй дæр Царциатæ сæ фылдæр табутæн-иу хастой. Дыргътæ дæр-иу хастой табутæн. Иу ныхасæй, Царциатæ цы дзæбæх-иу ссардтой, уый-иу табутæн хастой. Иуæй-иу ран Царциатæ афтæ дæр-иу арæзтой, æмæ зымæджы хæлцæй цы мæнæу, цы хор сын-иу баззадис иннæ æрцыдмæ, уый-иу апырх кодтой сыджыты уæлæ, хъæдын лæдзджытæй-иу баасæстой сыджыты. Иу кæцыдæр табу-иу куы джиз дардта иннæ зылды Царциаты адæмы, уæд-иу ацы æндæр зылды адæм йæхи табуйы-иу æрбахуыдта æмæ йын-иу хъаст кодта: – Мæнæ ацы æмæ ацы табу йæхæдæг æмæ йæ адæм мах хъыг дарынц, нæ сывæллæтты, нæ устыты, нæхи нын скъæфынц æмæ нæ хæрынц. Чи хъаст кодта, уыцы Царциаты адæмы-иу сæ табу æрæмбырд кодта æмæ-иу алæбурдта, чи сæ-иу джиз дардта, уыцы табумæ. Афтæ-иу фæхыл сты: фыццаг-иу табутæ кæрæдзийыл сæхи ныццавтой, стæй, чи-иу фæтых ис, уыцы табу иннæ табуйы адæмы йæхи-иу фæкодта æмæ ноджыдæр уымæн йæ сывæллæтты дæр-иу бахордта. Кæд-иу йæ адæм нæ састис, уæд-иу уымæн йæ адæмы дæр-иу бахордтой. Фæбынæй табуйы та-иу уæрмы мидæг ныппæрстой æмæ-иу уым стонгæй амардис. Йæ адæм та фæтыхджын табуйæн-иу загътой: – Мах дæ уазæг, мах ницы сайæм, мах сæрра кодта нæ табу. Мах дæр амæй фæстæмæ дæуæн кувдзыстæм, дæуæн нæ кувинаг дæтдзыстæм æмæ дæуæн лæггад кæндзыстæм. Рæстæг-иу уыдис Царциатæн, æмæ уыцы рæстæджы, табуйы æнцойбон, дам, хъуамæ-иу сæхи табуйы æрбакодтаиккой æмæ уымæн кусæрттагæн лæджы-иу хъуамæ аргæвстаиккой, ма, дам, нæм фæхъыг уа нæ табу. Ацы æнцойбоны рæстæджы Царциатæ сæхи табуйæн ноджы сывæллæтты дæр-иу лæвæрдтой хæрынæн. Уæд æгас тыгуыры Царциатæ табуйæн йæ разы-иу æрæмбырд ысты æмæ заргæ-кафгæ табуйæн афтæ-иу дзырдтой:
“Ой, йæ рынтæ
бахæрæм Æмæ сывæллон дæр табуйæы раз рацу-бацу кодта. Царциаты æхсæн æнамонддзинæдтæ афтæ бонæй-бонмæ цыдысты, фæлæ Царциатæн иттæгдæр амонд уый уыдис, æмæ уыдон иттæг дæсны адæм уыдысты. Кæд Царциатæм аразæнгарз уайас нæ уыдис æмæ сæм цы уыдис, уый дæр рæстмæ нæ уыдис, уæддæр-иу Царциатæ дынджыр бæлас æд уидæгтæ зынджы æххуысæй фелвæстой-иу сыджытæй, йæ астæуыл-иу алыг кодтой ноджыдæр зынджы æххуысæй, стæй йæ хуылфмæ-иу арт бандзæрстой æмæ скъуырф-иу æй кодтой, æмæ афтæмæй-иу бæлæгъ сарæзтой. Йæ мидæг-иу бацыдис ацы бæлæгъæн дыууисæдз-æртиссæдз лæджы. Царциатæ сæхи арæзт бæлæгътæ-иу ластой æндæр адæмтæм æмæ сæ-иу уым адæймæгтыл ивтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, Царциатæ адæймæгты кæнæ сывæллæтты иуыл хæрынæн-иу не ‘рбакодтой. Иуæй-иутæн зæнæг-иу нæ уыдис æмæ сывæллон йæ зæрдæмæ-иу куы фæцыдис, уæд-иу йæхицæн сывæллон, куыд йæхи зæнæг, афтæ-иу æй схъомыл кодта æмæ-иу йæ лæппу хуындис. Царциатæм канд иунæг ацы дæсныдзинад нæ уыдис. Бирæ æндæр æмæ æндæр дæсныдзинæдтæ уыдис уыдонмæ: цармæй дзаумæттæ кæнын, æмпъузын. Ацы хъуыддаджы мидæг дæр дæсны уыдысты иттæг. Уæды рæстæджы Царциатæм хæцæнгæрзтæ нæ уыдис æмæ уыдон хъæбæр хъæды лæдзджытæ зынджы æххуысæй-иу ысцыргъ кодтой æмæ афтæмæй æрцытæ арæзтой. Иу дæсныдзинад сæм Царциатæм ноджы уыдис уый, æмæ уыдон доны бын бонцæуыттæ цыдысты. Цыдæриддæр кæсаг-иу уыдис доны мидæг, дынджыр кæсаг, кæцыйы хъуыдис доны бын амарын, кæннод доны бын кæсаг йæхæдæг амардтаид лæджы, ахæм дынджыр кæсаджы-иу Царциатæ цыргъ уæхсты æмхасæн доны бын сæхæдæг-иу амардтой, æмæ-иу æй уæлæмæ сластой. Азтæ цыдысты, рæстæг цыдис, æмæ Царциатæ куыд æфсæн мигæнæнтæм дæр хызтысты, куыд хæцæнгæрзтæм, афтæ гæрзтæм дæр. Ахызтысты афтæ сыджыты мигæнæнтæм дæр – хъуырæуттæм, дурынтæм, цъæчитæм æмæ æндæртæм. Царциатæм ноджыдæр уыдис сыджытæй агтæ æмæ-иу сæ мидæг фыхтой мæнæу, хор, куыд сæхицæн, афтæ уæлдайдæр табуйæн. Царциатæ фыдызгъæл хомæй дæр хордтой, уæлдайдæр кæсаджы. Хъæдын гарз аразынмæ дæр ахызтысты Царциатæ, куыд хæдзар аразынмæ, куыд хидтæ аразынмæ æмæ æндæртæ. Ацы дæсныдзинæдтæм Царциаты сæхи алæвардтой иттæг хорз, фæлæ се ‘намонддзинад уый уыдис, æмæ се ‘хсæн фыдбылыздзинад æмæ цъаммардзинад тыхджын æмæ тыхджындæр кæй байдыдта. Афтæмæй цыдис бирæ æмæ бирæ рæстæг.
Къаукъазæн лæппу райгуырдис, кæцыйæн йæ ном схуыдта Ирон. Цыдæриддæр уыдысты къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ, алкæмæн загъта: – Абонæй фæстæмæ не ‘гъдæуттыл чи цæуа, уый хуындзæнис ирон æмæ иуыл хондзысты сæхи мæ лæппутæ иронтæ, куыд Нартийы цот. Уый ус Нарти хуындис. Рацыдис та рæстæг æмæ Къаукъазæн райгуырдис дыккаг лæппу дæр, кæцыйæн радта ном Къив. Хъомыл байдыдта ацы лæппутæ. Табуты кой сæфын байдыдта. Цыдысты мæйтæ æмæ азтæ. Æгас Царциатæ, цыдæриддæр уыдысты, цыдысты æмæ лæгъстæ кодтой Къаукъазæн: – Мах дæр дæ фыццаг лæппуйы номыл иронтæ стæм ныр, мах аппæрстам Царциаты æгъдæуттæ. Къаукъаз æнæнхъæлæджы стыхджын ис. Къаукъаз æмæ Нартийæн та райгуырдис æртыккаг лæппу. Йæ ном та радтой Гæрæм. Цыдысты йæм хурыскæсæнæй, хурныгуылæнæй, йæ рахиз фарсæй, йæ галиу фарсæй цыдæриддæр уыдысты æмæ йын лæгъстæ кодтой Къаукъазæн: – Де ‘гъдæуттæ иттæг хорз сты æмæ сæ мах исæм. Мах дæр иууылдæр стæм иронтæ, дæ хистæр лæппу ирон куыд у дæ зæрдиаг, мах дæр афтæ айс. Рæзтис æмæ рæзтис Къаукъазы дзыллæ. Иу ныхасæй, Царциаты адæмæн нал ис уромæн. Иуыл цыдысты куыд иу фарсæй, афтæ иннæ фарсæй Къаукъазмæ, Дзауы комыл, Дзæуæджы комыл, бæхфæндагыл. Абон дæр ма Къаукъазы æгъдæуттæм гæсгæ баззадысты номæн ирон адæмы æхсæн Дзæуæджы хъæу, Дзауы ком. Се ‘хсæн уыдис бæхы фæндаг, уымæн æмæ дзæуæджытæ цыдысты Къаукъазмæ. Нартийæн та райгуырдис цыппæрæм лæппу – йæ ном та Гуыдзи. Къаукъаз афтæ сфидар ис æмæ йæхæдæг зилын байдыдта, куыд йæхи цæстæй федтаид, хъуыддаг куыд уыдис, дзырдта сын – лæг хæрын нал ис, цъаммардзинад хъуамæ фесафат. Райгуырди та лæппу Къаукъазæн, йæ ном та – Æрмæг. Ирон – хистæр лæппу – кæд нырма æнæхъомыл у, фæлæ афтæ дæсны у, æмæ Къаукъазæй бирæ хъадджын нæу зондæй, кæд нырма лæппулæг у, уæддæр йæ къæлæтджынтæ, йæ уæлæсинтæ, йæ дæлæсинтæ фылдæрæй-фылдæр байдыдтой, стыр зæрдиагæй архайынц æмæ кусынц Къаукъазы æгъдæутты тыххæй. Къаукъазæн йæ цæст кæй онг æххæстис, уыдон дзæбæх сфидар кодта. Цæуын байдыдтой бæлæгътæй дæттыл къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ æмæ æвналын байдыдтой æддæты дæр. Къаукъазæн та лæппу райгуырдис. Уымæн та йæ ном радтой Уырси. Къаукъаз йæ хистæр лæппуйы, Ироны, арвыста къæлæтджынтимæ, уæлæсинтимæ, дæлæсинтимæ иумæ уыцы табуты ныхмæ, кæцытæ нырма сæхи нæ радтой Къаукъазæн, æмæ сæ адæмы тыххæй хæцын кæнынц Къаукъазы æгъдæутты ныхмæ. Ирон йæ къæлæтджынтимæ, уæлæсинтимæ, дæлæсинтимæ байдыдта бырсын уыцы фарс табутыл, кæдæм æй арвыста йæ фыд. Уый æдде та Ирон уым хъуамæ сфидар кодтаид Къаукъазы æгъдæуттæ. кæд табутæ тыххæй урæдтой сæ адæмы æмæ сæ тыххæй хæцын кодтой Ироны ныхмæ, уæддæр Царциаты адæм-иу куы базыдтой, цæй тыххæй хæцы Ирон æмæ цы æгъдæуттæ хъуамæ æрхæсса, уæд-иу мингай лыгъдысты табутæй æмæ сæхи лæвæрдтой Иронæн, нал сæ фæндыди хæцын табуты æвварс. Царциатыл айхъуыстис хъæр, иууылдæр бирæ рæттыл сæ табуты Царциатæ сæхæдæг дæр, дам, цæгъдынц. Лæмæгъ кодта табуты тых. Уымæ гæсгæ иттæг тагъд лыгъдысты табутæй Царциаты адæм, æмæ Ироны тыхтимæ лæууыдысты. Иронтæ фылдæрæй фылдæр кодтой, æмæ тыхджын æмæ тыхджындæр кодтой. Къаукъаз Царциатимæ тохы мидæг уæлахиз куы кодта, адæймаджы хæрын куы сафта, адæмæн куы дзырдта: амæй фæстæмæ, дам, адæймаджы фыд хæрæн, дам, хъуамæ мауал уа, ног æгъдæуттæ, дам, хъуамæ æрæвæрæм, зæгъгæ, уæд ацы дзæбæх фæндтæ куы хъуыстой иннæ адæмтæ, уæд уыдон дæр цыдысты Къаукъазмæ æмæ йын дзырдтой: – Мах дæр айс дæ лæппу Ироны номыл, куыд дæ хъæбултæ, мах дæр иронтæ уыдзыстæм. Ноджы рæзтис æмæ рæзтис Къаукъазы дзыллæ. Райгуырдис та лæппу Къаукъазæн, Дайран та йæ ном. Къаукъазы лæппутæй чи хъомыл кодтой, уыдон афтæ лæгъстæ кодтой Къаукъазæн: – Ауадз нæ къæлæтджынтимæ, уæлæсинтимæ, дæлæсинтимæ, Царциаты басæттынмæ. Бонæй бонмæ размæ цæуынц иронтæ æмæ сæ тых фылдæр æмæ фылдæрдæр кæны. Къæлæтджынты, уæлæсинты æмæ дæлæсинты къухты кæцы Царциатæ хауынц, уыдон нал дзурынц мах, ома, Царциатæй стæм, иууылдæр дзурынц: – Мах, дам, иронтæ стæм, мах, дам, Къаукъазы лæппутæ стæм. Къаукъазæн, цалынмæ йæ лæппутæ нæма рахъомыл сты, уалынмæ уый нырма афтæ дæрдтæм нæ цæуы, нырма тæрсы йæ цотæн, мачи сæ адава. Йæ урс бæхыл сбады Къакъаз. Дзæуæджы хъæуы ‘рдæм дæр акæсы, Дзауы комы ‘рдæм дæр акæсы. Уый зоны: уыдон сты Царциаты кæмттæ. Къаукъаз-иу касти йæ бæхы хъустæм æмæ йын-иу бæх хъустæ разил-базил кодта. Уыцы ‘рдæм-иу адардта йæ хъус, кæцы ‘рдыгæй уыди табутимæ тыхджындæр хæст. Уымæй-иу базыдта Къаукъаз, кæцырдыгæй фылдæр æххуыс хъæуы. Бæхы хъус ын-иу амыдта. Иу лæппу та райгуырдис Къаукъазæн. Ном ын радта Апха. Нарти – сывæллæтты хицау, цырддзæстæй кæсы сывæллæттæм æмæ сæм иттæг хорз зилы. Кæд сывæллæттæ нырма æнахъомыл сты, уæддæр сæ фыды тагъд-тагъдæй афæрсынц: – Нæ æрвыст æфсымæртæ кæм сты? Чи зоны, æххуыс сын хъæуы, уæд мах дæр цæттæ стæм, ма тыхс, нæ фыд Къаукъаз, кæд мах нырма æнахъомыл стæм, уæддæр де ‘знæгтæн ницы ауадздзыстæм, æгас Царциаты мах сирон кæндзыстæм. Йæ лæппуты æрвиты хæстмæ Царциаты табуты ныхмæ. Арвыста та Къивы хурыскæсæны фарсы ‘рдæм, йемæ та йын Къаукъаз радта тыхтæ: къæлæтджынты, уæлæсинты, дæлæсинты. Уыцы рæстæджы хæцæнгæрзтæ ахæм нæ уыдысты, гъеныр цы хуызæн сты, фæлæ уыдысты лæдзджытæ, дуртæ. Дынджындæр уæрмытæ-иу скъахтой, сæхуыдтæг-иу дард бамбæхстысты, бæлæстæ-иу акалдтой æмæ-иу сыфтæртæ уæрмытыл бамбæрзтой. Куы-иу бахæццæ сты къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ Царциатæм, уæд-иу фæстæмæ ралыгъдысты æмæ-иу сæ фæдыл расайдтой Царциаты æд табутæ æмæ-иу афтæмæй уæрмыты нызгъæлыдысты. Уыцы ран-иу цы Царциатæ баззадысты, уæрмыты-иу чи хаудысты, уыдонæн сæ тых-иу фæлæмæгъ æмæ сæ-иу къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ æнцонтæй-иу бырстой, ахстой-иу сæ. Уыди-иу афтæ дæр, æмæ уыдон, чи-иу баззадысты, уыдон сæ хылæй сæхæдæг цыдысты къæлæтджынтæм æмæ сын-иу лæгъстæ кодтой: – Ма нæ амарут, мах дæр иронтæ стæм, мах дæр Къаукъазы лæппутæ стæм. Ацыдис азтæ æмæ та Нартийæн лæппу райгуырдис – Лæгкъиз. Мингæйттæй лидзынц Царциатæ Къаукъазы къæлæтджынтæм, уæлæсинтæм, дæлæсинтæм, лæгъстæ сын кæнынц: – Айсут нæ уе ‘хсæн, нæ тыхтæ сиу кæнæм æмæ иумæ хæцæм табуты ныхмæ. Никæйы уал фæнды Царциаты табутимæ цæрын. Царциатæ цыдæриддæр уыдысты, куыд дзырдтам, иудадзыгдæр цардысты доны былтыл. Ницæуыл фæлмæцыдысты хæринагыл къæлæтджынтæ, уæлæсинтæ, дæлæсинтæ. Царциатæ доны мидæг куыд кæсаг, афтæ рацу-бацу-иу кодтой æмæ донæн йæхимидæг кæсæгты мардтой æмæ дзæбæх минас кодтой. Къæлæтджынты, уæлæсинты, дæлæсинты стонгæй нæ уагътой. Рацыдис азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Нартийæн та райгуырдис лæппу – Лази. Кæд нырма лæппутæ æнæхъомыл сты, уæддæр зондæй тынг æххæст сты æмæ Къаукъаз æрвиты хурныгуылæнырдæм ноджы иу лæппуйы – Гæрæмы. Къаукъаз йæ æфцджытыл рацу-бацу кæны уæлбæхыл, йæ бæхы хъустæм кæсы. Цыма бæх амоны, кæм иттæгдæр хæст ис æмæ зындзинад ис. Къаукъазæн уыцы бæх комкоммæ амоны, кæм иттæгдæр хæст ис, кæм дзы хъæуы баххуыс кæнын. Кæд æвзагæй нæ дзуры бæх, уæддæр йæ хъустæй афтæ амоны, цыма Къаукъаз сахуыр ис йæ нысæнттæм æмæ æмбары бæх цы амоны. Уыцы ‘рдæм Къаукъаз цæттæ кæны æхсæвæй-бонæй. Рацыди та рæстæг æмæ та Къаукъаз ноджы æрвиты хуры ныгуылæны рахисфарсырдæм Гуыдзийы æмæ Æрмæджы. Ацыди та азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Къаукъаз æмæ Нартийæн лæппу та райгуырдис. Ацы лæппуйæн та Къаукъаз æмæ Нарти ном радтой Мангол. Кæд нырма нæма рахъомыл сты Уырси æмæ Дайран, уæддæр æрбацыдысты сæ фыд Къаукъазмæ æмæ йын загътой: – Ауадз мах дæр, не ‘фсымæртæн баххуыс кæнæм. Ратт нын къæлæтджынты, уæлæсинты, дæлæсинты æмæ цæуæм не ‘фсымæртæн æххуыс кæнынмæ. Æмæ иумæйагæй басæттæм не ‘знæгты: табуты æмæ Царциаты. Къаукъаз сæ арвыста хурыскæсæнырдæм. Рæзынц кæстæр æфсымæртæ. Цæттæ кæнынц сæхи æхсæвæй-бонæй. Уаты улæфынц æмæ мæт кæнынц – не ‘фсымæртæ, дам, тынг зын хъуыддаджы сты æмæ, дам, мах ам адджынæй фынæй кæнæм. Кæд нæма рахъомыл сты, уæддæр Къаукъаз ноджы арвыста хурныгуылæнырдæм дыууæ лæппуйы – Апхайы æмæ Лæгкъизы. Ацыдысты та азтæ, мæйтæ, бонтæ æмæ Къаукъазæн æмæ Нартийæн райгуырдис та лæппу, кæцыйæн ном радтой Фарсу.
Нарты фæсивæдæй иу усæн райгуырдис лæппу. Уыцы усæн мой нæ уыдис. Ацы рæстæджы, Гуыдары хистæрдзинады рæстæджы, уыдис иу ус, йæ ном Тæраз. Алы фисынæй йæм цыдысты, фарстой йæ зонд. Кæд дæсны нæ уыдис Тæраз, уæддæр алцыппæт дæр хорз амыдта. Тæразмæ бацыдис уыцы ус æмæ йын загъта: – Нарты цотæй иу лæг мын тыхми бакодта æмæ мын лæппу райгуырдис. Нæдæр мæ фæнды дзæппазы бахауын, нæдæр мæ фæнды мæ лæппуйы амарон. Дæумæ æрбацыдтæн. Цы мын баххуыс кæндзынæ, цы мын бацамондзынæ? – Æрбахæс мæм дæ сывæллоны, хъуамæ йæ басгарон, мæ барæнæй йæ сбарон. Ус æхсæвыгон сусæгæй æрбахаста йæ сывæллоны Тæразмæ. Барæны уæлæ сæвæрдта Тæраз ацы сывæллоны, Тæразæй рауын-бауын фæкодта ацы сывæллоны æмæ йын усæн дзуры: – Дæ сывæллон диссаджы лæгдæр хъуамæ рацæуа. Уый тыххæй хъуамæ сархайæм, сывæллон цæмæй удæгасæй баззайа æмæ рахъомыл уа. Уыцы рæстæджы æндæр сыхы иу усæн йæ лæппу амардис, мард сывæллоны йас уыдис æмæ йын зæгъы Тæраз усæн: – Сом уыцы гыццыл лæппуйы мард сæхи дзæппазмæ бахæсдзысты. Дыккаг бон йæ мады зæрдæ нæ фæлæудзæнис æмæ иттæг раджы кæугæ бацæудзæнис дзæппазмæ. Цалынмæ уый нæ ма бацæуа, уалынмæ ды хъуамæ схæцай æмæ бацæуай уыцы дзæппазмæ, æмæ уыцы мард сывæллоны уыдон мидæг батух æмæ уым æрæвæр дæ сывæллон. Мард сывæллоны та ахæсс исчердæм хъæдмæ, уым баныгæн, куыд ницы йæ скъаха, арф. Дæ хъус дар дардæй. Ацы хъуыддаг ды хъуамæ саразай уалынмæ, цалынмæ уыцы ус нæма бацыдис дзæппазмæ æмæ хъуамæ дæ хъс дарай – цы аразы, цы ми кæны, уыцы ус. Марды мад бацыдис æцæгдæр иттæг раджы, дзæппазы уæлхъус кæуы мидæмæ. Мидæгæй йæм сывæллоны кæуын райхъуыстис. Ус йæхи баппæрста дзæппазмæ. Кæсы æмæ сывæллон кæуы. Фелвæста йæ цæй мидæг уыдис тыхт, уыимæ æмæ уыны сывæллон куыд тыхт уыди, афтæ уыдон мидæг тыхт уыдис ноджыдæр. Чи амардис, уыцы сывæллоны ном хуындис Басыл. Хъуыстгонд уыдис уыцы фисынæн Тæразы хъуыддæгтæ æмæ зондджындзинад. Араст ис ус æд сывæллон æмæ Тæразмæ ныццыдис: – Дæ хорзæхæй, Тæраз, зæгъ мын: ацы сывæллон мæн у æви нæ? Ды мын раст зæгъдзынæ. Мæ сывæллон знон мардæй бавæрдтон дзæппазы æмæ абон райсомæй бацыдтæн æмæ кæугæйæ баййæфтон ацы сывæллоны æмæ мын зæгъ раст: мæн у ацы сывæллон æви нæ? Тæраз ын загъта: – Ды нырма афтæ нæ базæронд дæ æмæ дæ сæры зонд ацæуа. Лæппу дæу у, кæй зæгъын æй хъæуы. Бакæс ма иудадзыг дæ хуызæн куы у цæстæй, æрфыгæй. Гъа ныр ма мæ хъæуы, хъуамæ басмудон дæ дзидзитæм æмæ сывæллонмæ дæр. Тæраз смуды сывæллонмæ дæр æмæ усы дзидзитæм дæр. – Ацы хорз ус, мыййаг, ды смаг не ‘мбудыс, уæ дыууæ дæр иу буары смаг кæнут. Дæ лæппуйæн йæ ном цы хуыйны? Мад ын дзуры: – Мæ лæппу хуыйны Басыл. – Барæныл мын æй æрæвæр. Стæй йæ къухтæм æй систа Тæраз сывæллоны æмæ загъта усæн: – Мæнæ хорз ус, дæ лæппу Ирыстоны хуыздæр лæг ралæудзæнис, фæлæ йæм дзæбæх базил. Дæ бон цы уа, мацæуыл ын бацауæрд. Ай хуызæн гуырдтытæ Ирыстоны афтæ арæх нæ гуырынц, фæлæ дæ бон циу, уымæй йæм дæ хъус æрдар. Куыд хъомыл кæна, афтæ мæнæн дæр хъусын кæн, дзæбæх у, æнæниз у, рынчын у, уæддæр мын хъусын кæн. Ус сывæллоны ныхъхъæбыстæ кодта, апъатæ йын кодта æмæ йæ ахаста йæ хæдзармæ. Æрбацыдис йæ æцæг мад æмæ йын дзуры Тæразæн: – Дæ рын бахæрон, цы бацис, цы хуызæн у мæ лæппу? – Дæ лæппуйы æз дзæбæх федтон, сбарстон æй. Уый рацæудзæнис Ирыстоны аргъ лæг. Йæ нæуæг мадæн æй бауарзын кодтон. Бауырныдта йæ æцæгдæр, ай йæ хъæбул у, уый, фæлæ уый сывæллоны афтæ арф хъуамæ баныгæнай æмæ никæцæй разына. – Ма тæрс, Тæраз, дæ рын бахæрон. Æз дæ разы зоныгыл кæнын, ацы дзæбæхдзинад кæй аразыс сылгоймагæн æмæ Ирыстонæн. Уыцы сывæллон ахæм ран бавæрдтон, æмæ хæхтæ куы ракæлой, уæддæр ничи базондзæнис, уымæн æмæ цалынмæ хæхтæ ракæлой, уалынмæ сывæллон дæр йæхæдæг сыджыт уыдзæнис. – Мады зæрдæ сывæллонæн иттæг адджын у. Æз ын загътон, куыд-иу æрбацæуа уыцы ус арæх мæнмæ æмæ мын хъусын кæна, куыд уыдзæнис сывæллон. Куы дын-иу дæм хъусын кæнон, уæд-иу æрбацу, куыд уазæг æмæ-иу дæ сывæллонмæ дæр бакæс. дæ бон у, дæ къухмæ дæр æй сисай, куыд уазæг æмæ йыл бацин кæнай. Лæппу рæзы, кæд исчи рæзы азтæй, уæд уый мæйтæй æмæ къуыритæй рæзы, уыййас. Рацыдис рæстæг, азтæ æмæ лæппу ссис фынддæсазыккон, хъазынхъом ссис йе мгæрттимæ. Басыл йе ‘мбæлттимæ фылдæр уарзта хъæлæй хъазын. Басыл рæзы, дынджыр кæны, стдæс азхъом ссис. Хъæлæй хъазыдис. Йæ хъæл никъкъуырц кодта æмæ хъæл атылдис æмæ иу чызджы къахыл сæмбæлдис. – Ай, дæлæ лæппу, де схæссæг мауал схæссæд æндæр, мæ къах мын асастай. Кæд уый хуызæн сгуыхт дæ. уæд цыппар æмæ ссæдз цæугæдæтты уыцы фарс хурыскæсæны рахис фарс цы мæсыг ис, уым мæсыджы мидæг ахæсты бады Гуыдарæн рæсугъд чызг Олгъа, кæцыдæр Гуыдарæн усæн нæ бакуымдта. Кæд дæуæн уыйас дæ бон у, æмæ ахæм сгуыхт дæ, уæд уый дæхицæн усæн æркæн, – загъта чызг Басылæн. Гуыдарæн йæ ус раджы амардис, нырма лæппу уыдис, афтæмæй. Гуыдарыл цæуы дыууæ сæдæ азы. Олгъайыл та æхсæрдæс азы. Мæгуыр мады æмæ фыды чызг уыдис Олгъа, нарты цотæй æмæ Гуыдарæн усæн нæ бакуымдта. Олгъа афтæ рæсугъд уыдис, æмæ æхсæвыгон-иу куы ракастаид æддæмæ, уæд бæстæ ныррухс-иу, куыд хурæй æмæ алыварс чидæриддæр цардысты, иууылдæр-иу райхъал сты æмæ-иу базыдтой, хорздзинад кæй ницы ис: Олгъамæ кæнæ скъæфджытæ æрбацыдысты, кæнæ тынбиджытæ, уымæн æмæ Гуыдар афтæ фидарæй дардта æмæ ахæм хъхъхъæнджытæ уыдис йæ мæсыджы алыфæрсты, æмæ Олгъа хуымæтæджы нæ ракастаид дуармæ. Олгъайæн йæ фыдæй йын баззадис иу нысан байраг, байраджы æддæ ма йын ноджы баззад диссаджы æрттиваг нысан æрдæг мæйы хуызæн. Олгъайы фыд куы мардис, уæд ын афтæ загъта: – Мæ чызг, уадзæм дын ацы байраджы æмæ ацы æрдæгмæйы хуызæн нысан, кæцыдæр хурау æрттивы. Мой куы скæнай, мæ чызг, уæд ацы нысан дæ мой йæ рахис риуыл æддейæ бахуыйæд æмæ йæ уæлæ уæд, цалынмæ удæгас уа. Ацы байраг та æнæмæнгæй дæр хъуамæ акæнай дæ моймæ æмæ хъуамæ бæхæн сбæззын кæнат. Цалынмæ удæгас уат, уалынмæ йæ ма ныууадзут. Уый дæр хъуамæ сымахимæ амæла. Уыцы æхсæв Басыл схуыссыдис, ныддаргъ сты йæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ, цыма æгас дæс азы хуыссы, афтæ. райсом сыстадис æмæ йæ мадæн загъта: – Нана, æз дард фæндагыл цæуын æмæ æрæгмæ куы здæхон, уæд маст ма кæн. – Цы? Дардмæ цæуыс? – Йæ мад ын дисгæнгæйæ загъта,– æмæ дæ чи æрвиты? Гуыдар дæ мыййаг исчердæм æрвиты? – Нæ, нана, нæ, Гуыдар мæ ничердæм æрвиты. Мæнæн мæхи сæрмагонд хъуыддаг ис æмæ уый тыххæй цæуын. Араст Басыл, фæцæуы. Йæ мад йæ фæстæ рацыд æмæ кæуы, йæ фисхъæд къухтæй йæ цæссыгтæ сæрфы. Басыл ын дзуры: – Ма ку, нана, аздæх хæдзармæ, æз цы хъуыддаджы тыххæй цæуын, уый дæуæн дæр æхсызгон уыдзæнис. Басыл араст æмæ фæцæуы. Йæ мад баздæхт фæстæмæ æмæ гуым-гуым кæны йæхицæн: – Нырма цы кæнон, куыд цæрдзынæн? Сывæллон схъомыл кодтон æмæ, гъе, ныр схæцыдис æмæ цæуы. Кæдæм цæуы, ницы йын зонын. Афтæ зæгъон: усгур цæуы исчердæм, уæд нырма æнахъомыл у. Иуыл ыл цæуы ссæдз азы, æндæр нæ. Цæй, йæ амонд хорз уæд. Цæмæдæриддæр цæуы – йæ амонд хорз æмæ ифтонг уæд, æмæ йын хæлар уæд мæ дзидзийы хуыпп, – æмæ ус йæ дзидзитыл хæцы. Басыл цæуы. Кæм бæлæгътыл, фурдтыл æмæ стыр цæугæдæттыл дæр. Кæм дæттæ нæй, уым бæхтыл. Фæнымадта Басыл цыппар æмæ ссæдз дынджыр цæугæдоны. Бахæццæ ис цалдæр боны фæстæ хурыскæсæнæн йæ рахис фарсы ‘рдæм стыр цæугæдоны былмæ. Дæ бон нæу фалæмæ ахизай, кæд дæм Гуыдарæй нæ уа нысан. Гуыдар дæр, куыд Къаукъаз, куы-иу арвыста искæй хъуыддагмæ, уæд ын-иу йæ нысан лæвæрдта. Æрфарстой Басылы доны былы чи лæууыдысты, уыцы бæлæгъты хъахъхъæнджытæ: – Чи дæ, цавæр дæ, кæй æрвыст дæ? Басыл сын загъта: – Æз дæн мæгуыр лæг, рацыдтæн æмæ мæ фæнды иттæг хорз бакусон бæлæгъы уæлæ. Æмæ иннæтæ йæ фæрсынц: – Кæд дæ афтæ фæндыдис, уæд нæ хистæрæй, Гуыдарæй, нысан цæмæн нæ рахастай? – Гуыдар дард ис æмæ æз та ам æввахс дæн æмæ цалынмæ Гуыдармæ ныццыдаин, æз æххормагæй амардаин. Уый размæ бонты цалынмæ Басыл уырдæм бацыдаид, уалынмæ сын-иу дзæбæх бæлæгъ скъæрæг амардис. Бæлæгъы кусджытæ лæппуйы бафæлвæрдтой æмæ загътой: – Кæд æм Гуыдарæй нысан нæй, уæддæр куыд зыны – лæппу иттæг хорз зоны бæлæгъимæ архайын æмæ хорз бакусдзæнис. Айстой Басылы сæхимæ кусынмæ. Фалæрдæм хизы æмæ ацырдæм дæр арæхсы, хорз нæ, фæлæ уæлдайдæр хорз. Басыл куысты-иу куы вæййы, уæд-иу мæсыджы алыварс рацу-бацу кæны æмæ хъахъхъæны, бæрæг кæны, куыд бацæуа, кæцæй йæм ис бацæуæн æмæ куыд æнцондæр уыдзæнис мæсыгмæ бацæуын. Басылы рæхджы бæлæгъты хистæрæй снысан кодтой, фæлæ Басылы хистæрдзинады мæт нæй. Уый онг уымæн йæ хъуыдыйы ис – рæсугъд Олгъа йæ къухы куыд бахауид. Цæуынц бонтæ, мæйтæ, азтæ æмæ Басыл бирæ хорздзинад æмæ нывæзт сбæрæг кодта. Фæлæ йе ‘намонддзинад уый у, æмæ бæлæгътæ изæрæй нал кусынц æмæ æхсæвыгон бæлæгътæ-иу бауромынц мæсыджы ‘рдыгæй æмæ сын хъахъхъæнджытæ вæййы, мачи сæ аласа, мачи сæ суадза, ма сызмæлой. Алы бæлæгъæн дæр йæ хъахъхъæнæг хицæнæй уыдис. Кæй зæгъын æй хъæуы, Басыл иттæг хорз сбæрæг кодта йæ фæнд. Басыл мæсыджы хъахъхъæнджыты, Олгъайы хъахъхъæнджыты куыд сбæрæг кодта, афтæ сбæрæг кодта мæсыджы дуæрттæ дæр, уымæн æмæ дуæрттæ-иу куы бакодтой, уæд хъинц-хъинц кодтой æмæ æгас адæм, хъахъхъæнджытæ æмæ иннæ адæм дæр, мæсыджы алыварс чи цардысты, уыдон райхъал-иу сты. Басылы къухы бафтыдис дæс барæны сой, уæрдæхтæ. Уæрдæхтæ йæ хъæуынц хъахъхъæнджыты бæттынæн. Æмбисæхсæв куы ссис, уæд Басыл йæ куыстыл ныллæуыдис. Мæсыгæн йæ алыварс ис фондз хъахъхъæнæджы. Басыл йæхи баппæрста хъахъхъæнæгмæ, сбаста йын йæ къухтæ, йæ къæхтæ уæрдæхтæй. Хъахъхъæнджытæ кæрæдзимæ дæрддзæф кæй лæууыдысты, афтæмæй ницы зонынц сæ кæрæдзийы ахсыны хъуыддагæн. Дыккаг хъахъхъæнæгыл дæр афтæмæй йæхи баппæрста æмæ уый дæр афтæ тагъдæй бабаста къахæй, къухæй. Сæ дыууæйы иумæ сбаста æмæ сын дзуры: – Ма сыбыртт кæнут, æндæра доны уæ афтæ бастæй баппардзынæн. Æртыккаджы дæр афтæ бабаста уæрдæхæй – къахæй æмæ къухæй. Дыууæ æмбалмæ йæ æрбахаста æмæ йæ уыдоныл бабаста, æмæ уымæ дæр афтæ бартхъирæн кодта. Цыппæрæммæ дæр афтæ бахъуызыдис æмæ уый дæр бабаста, æрбакодта йæ æртæ баст æмбалмæ. Уый дæр уыдоныл бабаста æмæ йын загъта: – Ма сыбыртт кæнут, æндæра уæ иууылдæр доны баппардзынæн. Фæндзæммæ дæр бахъуызыдис, йæхи йыл баппæрста, сбаста йæ уæрдæхæй, æрбаласта йæ йе ‘мбæлттæм, бабаста уыдоныл æмæ уымæ дæр бартхъирæн кодта: – Ма сыбыртт кæнут, æндæра уа доны баппардзынæн æмæ уым ныххуыдыг уыдзыстут. Басыл сойæ байсæрста дуары зилæнтæ, ома, ма схъинц-хъинц кæна. Баст хъахъхъæнджыты,нæ баууæндыди йæ бæстытыл, мæсыджы кæртмæ баласта æмæ сæ фидар бабаста дынджыр зæронд бæласыл, кæцыдæр уыдис мæсыджы кæрты. – Æгас цу, мæ амонд, – загъта Басыл чызгæн. – Æгъгъæд дын у ам ахæсты бадын, цæугæ! – Чи дæ, цавæр дæ, кæцæй æрбатахтæ, чи дæ æрбауагъта ардæм, æви фæцагътай уыцы æппæт хъахъхъæнджыты, кæй тæригъæды бацыдтæ? – Æз никæй тæригъæды бацыдтæн, æз никæйы нæ амардтон, æз мæхи адæмæн сфæхъау кодтон, мæ бон цы бауа, уымæй сын хъуамæ баахъаз кæнон æмæ зæрондмæ хъуамæ уон хосæн адæмæн. Кæс-ма дæхæдæг, ауал азы ахæсты бадыс, æмæ мæхи ауæлдай кодтон æмæ дæу хъуамæ фервæзын кæнон ацы ахæстæй. Нырма ды дæр сонт чызг дæ æмæ æз дæр нырма сонт лæппу дæн. Фæлæ мæм уыйас зонд ис, æмæ хъуамæ адæмæн балæггад кæнæм æз дæр æмæ ды дæр иузондæй, иу къухæй, иу фæндæй. – Фæлæу ма, уæдæ, мæнæн мæ фыд иу байраг ныууагъта, ныр уый дæр хъомыл у махау æмæ уый дæр бафæрсæм. Бæхмæ бацыдис чызг Олгъа æмæ йын зæгъы: – Æрбацыдис мæм лæппулæг, нæ хъахъхъæнджыты иудадзыгдæр басаста. Байраг дзуры: – Уæдæ цæттæ кæн дæхи, ардæм чи ‘рбацыди, уый мæнæн барæгæн дæр сбæздзæнис æмæ дæуæн дæр мойæн. Гъеныр æрæджы мауал кæнут. Чызг йæ фыдæй йын цы саргъ баззадис, уый рахаста. Ифтындзы Басыл байраджы. Цалынмæ уый байраджы ифтыгъта, уæдмæ йын чызг рахаста, йæ фыд ын цы ныууагъта, уыцы нысан, æмæ йæ риуыл хуыйы. Ныррухс кодта талынг мæсыджы уыцы нысан, хурæй фыддæр. Ацы ‘рттывдмæ цыма змæлын байдыдтой адæм, фæлæ чызг нысан батыхта цармæй хисæрфæны æмæ йæхи дæр бамбарзта кæрцæй, цæмæй сæ рухс мауал цæуа. Бæхы раластой мæсыгæй, йæ уæлæ сбадтысты. Цыма змæлын байдыдтой адæм дæр, базыдтой сæ. Доны был ныллæуыдысты æмæ сын гæнæн нал уыдис. Бæлæгъгæстæ дæр сæ базыдтой. Уæд сын бæх зæгъы: – Ма тæрсут, чызджы рон æрбадарут мæ фындзы хуынчъытæм. Чызджы рон бадардта Басыл бæхы фындзмæ. Бæх ныххуыррытт кодта æмæ фæндаг фестади доны уæлæ. Басыл йæ астæумæ куы бахæццæ ис, уæд ныхъхъæр кодта: – Абонæй фæстæмæ ацы ахизæн у Рон[46]. Агæпп ластой уыцы фарсмæ, фæлæ фæдис схъæр сты. Бæх сын дзуры: – Ма тæрсут, фæстæмæ ма кæсут, уыдон мах нæ раййафдзысты. Бæх гæпп кæны хохæй – хохмæ, быдырæй – быдырмæ, фæлæ хъусы фæдис тыхджынæй-тыхджындæр кæны. Фæдис уыди доны былы цæрджытæй, кæцытæн уыдис сæ хистæртæ (хъахъхъæнджытæ) Нарты цæуæтæй. Бæх цæуы æмæ цæуы. Уæд сын бæх дзуры: – Ма тæрсут. Къаукъазы æфцæджыты кууы разындысты, уæд сын бæх ноджы дзуры: – Доныл раст фæндаг. Басыл æмæ Олгъа сæхи æрбаппæрстой Къаукъазы фидæрттæм. Уым æрхызтысты рæстæгмæ. Гуыдар уарзта Хъырымы цæрын æмæ уым уыдис. Гуыдарæн йæ зæрдæ аскъуыдис æмæ фæмардис, Олгъайы раскъæфт куы фехъуыста, уæд. Гуыдарæн ноджы йæ зæрдæ уымæн аскъуыдис, æмæ уый дзæбæх зыдта Басыл лæппулæг кæй уыдис, адæм æй фылдæр кæй уарзынц æмæ, дам, мæн, Гуыдары, раппардзысты æмæ, дам, Басылы бауромдзысты Ирыстоны хистæрæй. Йæхæдæг, уæлдæр куыд загътам, аразæндæттæ ницы фæуæлдæр кодта Ирыстоны. Ноджы уымæн аскъуыдис Гуыдарæн йæ зæрдæ, æмæ йын загътой: – Басыл, дам, Къаукъазы фидæрттæ æрцахста. Басыл æрцахста Къаукъазы фидæрттæ æмæ уым æрцардис. Йæхи та расидтис хистæрæй Ирыстоны. Йæхицæн бинонтæн та расидтис рæсугъд Олгъайы. Йæ фыццаг бонтæй Басыл разылдис адæмтыл, сбæрæг кодта, чи цы кусын зоны – æлвисын, хуыйын, тын уафын, æфсæнгарз аразын, кусæнгарз алыхуызон – æхсæвæй-бонæй бæрæг кодта. Гуыдары рæстæджы иттæг фæстиау баззадис Ирыстон. Басыл сарæзта кусæндæттæ – тын уафыны, кæрдтæ аразыны. Дзæбæх хæдзæрттæ аразын дæр байдыдта. Иу ныхасæй, Басыл тыхджын сфидар кодта Ирыстоны. Басыл йæ нысан æрдæг мæйы хуызæн нысан, æхсæвæй-бонæй йæ рухс кæмæн калди, уый йæ риуыл дары, уымæй-иу базыдтой, Басыл, дам, æрбацæуы. Олгъа æмæ Басыл цыма арвæй æртахтысты æмæ уырдыгæй æрхастой семæ айхуызæн цæттæдзинад алы куыстæн. Олгъа йæ алыварс тымбыл кæны, бонæй-бонмæ фылдæр æмæ фылдæр кæны къуымбилæлвисджыты. Басыл цæуы æмæ амоны алцы куыст æфсæнгуыст, мигæнæн, куыд мидæггон мигæнæн, афтæ хæстон мигæнæнтæ аразын дæр, æрцытæ, кæдтæ, хуымæтæджы кæрдтæ. уæд нырма æхсаргæрдтæ нæ уыдис. Ирыстоны алы фисынæй цæуынц кусджытæ æмæ сын лæгъстæ кæнынц: – Айсут, дам, нæ кусæгæй. Мах дæр, дам, уын баххуыс кæндзыстæм паддзахадæн. Усæй æмæ лæгæй иууылдæр цыдысты. Иттæг тагъд айхъуыстис алы ран – хуры скæсæнæй йæ ныгуылæнмæ, йæ рахис фарсæй йæ галиу фарсмæ – ома, дам, Ирыстоны уый хуызæн дæсныдзинад, дам, кæнынц æмæ, дам, тагъд иры тынæй сæхи æмбæрзын хъом систы. Алы раны дæр, иу кæронæй иннæ кæронмæ, тын уафджытæ фесты. Уый онг тын уафынц æмæ се ‘вæрæнтæ аразынмæ дæр не ‘ххæссынц. Фос бирæ, къуымбил бирæ, алцыппæт дæр, бæндæн дæр байдыдтой бийын. Ацы хъуыддагæн сæ амонæг у рæсугъд Олгъа æгас Ирыстоны сылгоймæгтæн. Басыл йæ кусæндæтты афтæ бирæ аразы зæххы кусæн мигæнæнтæ æмæ зæххы куыст адæмæн бирæ фенцондæр ис. Кæд сын разæй уыдис Царциатæй баззайгæ фыййаг, кæнæ цыргъ хъил, цæмæй-иу къахтой зæхх, ныр та сын уымæн фæзынди æфсæйнаг къахæнтæ, фæрæттæ: хуымты кусынц, тауынц. Сæ разæй цæуы Басыл. Куыд хуыздæр, куыд дзæбæхдæр æрзайдзæнис мæнæу, хор, нартхор. Садзы афтæ дыргъхæссæг бæлæстæ дæр æмæ адон æввахс куыд уой адæмтæм. Хъæутæ аразы, адæм кæрæдзимæ хæстæг куыд уой. Дынджыр хъæутæ, гыццыл хъæутæ, кæм куыд хъæуы, цæмæй адæм æввахс куыд цæрой кæрæдзимæ æмæ æххуыс куыд кæной кæрæдзийæн мидхъуыддæгты æмæ знæгты ныхмæ дæр, дзуапп дæттын сæ бон куыд уа знæгтæн. Цалдæр азы рацыдис æмæ уый онг хойраг æрцыдис Ирыстоны æмæ нæм æндæр паддзæхтæ цыдысты ивынмæ, цы нæ сæм уыдаид, уымæй. Уыййеддæмæ, æндæр паддахадты адæмтæ дис кодтой Ирыстоны тынуафæнты æмæ къахæй-къухмæ фæсмын дарæсыл. Афтæ фæлыст уыдысты Ирыстоны. Афтæ уыдис æмæ цармы дарæс дæр нæ аппæрста Басыл. Рацыдысты цалдæр азтæ æмæ бæмбæджы тынтæм дæр ахызтысты, кæцы кусæндæттæ Гуыдары рæстæджы бафынæй сты. Рæзы дзы æрхуы, фæйнæг, бийынц ‘фсæйнагæй, æрхуыйæ хæдæттæ, аразынц æфсæйнагæй, æрхуыйæ худтæ, уæлæдарæстæ. Уыдон цæттæ кодта зæнгтæн, кæнæ мид знæгтæ куы фæзыной, кæнæ æддаг знæгтæ, уыдонимæ тохæн цæттæ куыд уа. Иу ныхасæй, цыдæриддæр хъæутæ рæзы, гыццыл уа æви дынджыр, алы хъæуты бийы æфсæйнагæй хæдæттæ, худтæ, цæттæ дары йæхи мид æзнæгтæн æмæ æддæ знæгтæн, дзуапп сын куыд радта. Лидзынц æддагон паддзæхтæй адæмтæ æмæ цæуынц махмæ, Ирыстонмæ æмæ лæгъстæ кæнынц: мах дæр, зæгъы, айсут æмæ ацы ран цардæй мах дæр, дам, бафсæдæм, мах дæр, дам, базонæм сымах хуызæн куыст. Рæзынц стыр хъæутæ, æхсæвæй райсоммæ куы акæсай, уæд хъæутæ ацарæзы. Сæ фылдæр хъæутæ доны былтыл. Стонгдзинад ферох ис адæмæй. Адæм дзурынц: – Махæн нæ фыд Басыл, нæ мад та рæсугъд Олгъа, уыдон нын бирæ фæцæрæнт. Кувын дæр базыдтой æмæ нын нæ худинаг бамбæрстой æмæ нæм намыс стыхджын кодтой. Кæд ма Къаукъазы Царциатæ хъомы цардау цардысты, уæд ныр та намысы цард æрхастой Басыл æмæ рæсугъд Олгъа. Басыл йæхи цæттæ дары мид знæгтæм, уымæн æмæ уæддæр æм мæт ис, нæ сыл æууæнды, куыд мид адæмыл дæр, афтæ æддагон адæмыл дæр. Басыл ахуыр кæны æгас Ирыстоны адæмы ирон кæрдзын кæнын æмæ алырдæм сæ æрвиты, цæмæй алырдыгæй фæныктæ æмæ чъизитæ ма уой сæ кæрдзынтæ æмæ дзæбæх кæной. Ацы хъуыддаджы тыххæй Ирыстоны Басылы нысан айстой æмæ уый хуызæн кæрдзын кодтой, куыд æрдæг мæйы хуызæн æмæ кæрдзынæн ном радтой – Басылы кæрдзын, дам. Тутырты дыццæджы уый хуызæн кæрдзынтæ иу скæнынц, Басылы номы тыххæй. Йæ ном уыцы кæрдзынæн – Басыл. Басыл ирон лæгæн сфæлдыста ирон нуæзт – ирон бæгæны аразын. Тутырты рæмысыдис Басыл хъазт, хъæлæй хъазт, кафт, зард аразын. Иу ныхасæй дæр, алы кафт, алцы зард, алцы хъазт – иууылдæр Басыл æрбахаста Ирыстонмæ. Адæм нал зонынц фырцинæй цы кæной. Басыл, æгас Ирыстоны хистæр, семæ хъазы хъæлæй, тохсийæ, семæ зары, семæ кафы. Иу ныхасæй дæр, Басыл, ирон адæмæн алыхуызон куыстытæ амоны, афтæ сæ алы хъазтæ, алы миты хъуыддагыл сæ рæвдз кæны, уæлдайдæр та рæсугъд Олгъа. Алы куысты мидæг, алы хъазты мидæг алырдæм зынынц æмæ æрттивынц Басылы нысан æмæ Олгъайы рæсугъддзинад. Сæ бæх дæр сын дзуры: – Иттæг уæззау архайут, иттæг уæззау кусут, æндæра айхуызæн куыстытæй æмæ амындтытæй уæ цæрæн бонтæ сцыбыр кæндзыстут. Дардыл хъуысы Басылы æмæ рæсугъд Олгъайы ном. Минтæй сæм цæуынц æмæ курынц, куыд сæ айса Басыл. Хъæдæй сын дыргъы бæлæстæ ласын кæны æмæ сæ хъæуты алыварс садзын кæны, цæмæй сæ рæгъæды афоны сырдты къухы ма бахауой æмæ адæм пайда кæной. Ахæм сырдтæ, куыд хуы, куыд арс, дыргъы бæлæстæ цъæл кæнынц, сафынц сæ æмæ адæм æнæпайда зайынц. Басыл дæр æмæ рæсугъд Олгъа дæр нæ рох кæнынц сæ кусæндæттæ, сæ гарзаразæнтæ, сæ тынуафæнтæ дæр. Уыцы ‘рдæм дæр тынг архайынц. Бирæты ахуыр кæнынц æмæ цæуынц æгас Ирыстоны, йæ иу кæронæй иннæмæ сæ æрвитынц. Нæ арæнтæй æддæдæр чи цæрынц, уыдон хистæртæ æрвитынц, цæуынц сæхæдæг дæр, хæссынц нæм къуымбил, бæмбæг. Ирыстоны дæр зыдтой бæмбæг, фæлæ йæ пайда кæнын нæ зыдтой, цалынмæ Олгъа æмæ Басыл не ‘рбацыдысты. Къуымбил æмæ бæмбæг ивынц тынтыл, хъуымацыл. Иу тыныл дæсгай барæнтæ бæмбæг дæттынц. Æхсæвæй-бонæй нæ уафджытæ уафынц. Кæд æхсæв талынг вæййы, уæд-иу артытæ ссудзынц æмæ-иу æхсæвыгæтты дæр кусынц, нæ сæ фæнды баулæфын, афтæ зæрдиагæй æмæ цинæй кусынц ирон адæм. Рацыдис цалдæр азтæ, мæйтæ, æмæ Басыл æмæ рæсугъд Олгъа æппæтæй сфидар кодтой Ирыстоны: куыд хæцæнгарзæй, дарæсæй, хæринагæй. Нал дзы фендзынæ Ирыстоны бæгънæг адæймаджы, чысылæй, стырæй – иууылдæр къуыд къахыдарæсæй: къогъодзи, æрчъи, цъар, афтæ уæлæйы дарæсæй сифтонг сты. Басыл æмæ Олгъа аразын байдыдтой, цæмæй ирон сылгоймагæн йæ дарæсы хатт ирон хуыз уыдаид: йæ риуыл æфтаугæ æгънæджытæ, йæ сæрыл рæсугъд къоппы хуызæн сæрыл кæнинаг. Сызгъæрин дæр фæзындис Ирыстоны. Басыл æмæ Олгъа аразын байдыдтой фидæрттæ, цæмæй адæм алы улæфты боны сæхи ирхæфстаиккой. Иу ныхасæй дæр, алы улæфты æнцойбоны-иу куы сцагътой дыууадæстæнон фæндыртæ, уæд-иу лæг афтæ æнхъæлдтаид, уæларвы адæм ис æмæ уыдон зарынц æмæ кафынц. Уый æдде ма Басыл Иры фæсивæдæн сарæзта дугъ, кæцыйæ уыдон дæр сæхи ирхæфстаиккой. Кæд Царциаты рæстæджы æвзæр арæзт бæлæгътæ уыдис, уæд Басыл уый хуызæн сыгъдæг рæсугъд æмæ рæуæгтæ-иу сарæзта æмæ фурды мидæг-иу бабаста дыууæ-æртæ бæлæгъы иумæ æмæ афтæ скъардта. Иугæйттæй-иу уагъта чысыл дæтты, дыууæтæ та – дынджыр дæтты, æртыгæйттæ та фурды мидæг-иу ацарæзта кæрæдзиуыл. Алы ‘рдыгæй йæм цыдысты Басылмæ Ирыстоны æддæдæр цæрджытæ æмæ йын лæгъстæ кодтой, рауæй, дам, нын кæн дæ бæлæгътæ. Сбонджын ис иттæг Ирыстон, фæлæ Басылæн йæ хорз зонд амонæг бæх рарынчын ис æмæ амардис. Бирæ хъынцъым фæкодта Басыл, æгас Ирыстоныл дæр айхъуыстис, фæлæ Басыл радта ныфс йæхицæн, æгайтма хорз сахуыр сты, дам, мæ ирон адæм, ницы, дам, кæны, мæхæдæг, дам, сархайдзынæн. Бирæ азтæ фæкуыста Басыл Ирыстонæн, фæлæггад кодта, æхсæвæй-бонæй нæ бафæлладис, фæлæ сын зæнæг нæ рацыдис Басылæн æмæ рæсугъд Олгъайæн. Уымæй Басыл цин кодта, æхсызгон кодта, æмæ йæ адæмæй иунæг лæг дæр, иунæг сылгоймаг дæр йæ рæстæджы дзæппазы нæ бахауди. Афтæ хорз куыстой, афтæ хорз рæзтис æхсæвæй-бонæй хъæутæ, æмæ Басыл йæхæдæг зылдис адæмыл æмæ сын бузныг дзырдта. Ирыстоны арæнтæй æддæдæр цæрджытæ хистæртæ дæр цыдысты æмæ куырдтой Басылæй: æфсæдтæ нын радт, Басыл, мингæйттæ, кæд мах дæр, знæгтæ нын ис, басæттиккам уыдоны æмæ дæ адæмау хорз цæриккам. Дæуæн ис хорз хæцджытæ, æрхæсдзыстæм дын бæмбæг, къуымбил, сызгъæрин æмæ алцыппæт уый бæсты дын ратдзыстæм. Басыл сын загъта: – Мæ адæм цæттæ сты алцыппæтæй, тыхджын сты, ахæм тыхджын æфсад æгас дунейыл нæй. ме ‘фсаддонтæн ницы фæфидар уыдзæнис зæххы чъылдымыл, фæлæ мидæгæй мæнæн мæхицæн мæ адæм нырма ноджы хъуаг сты миды цардæй, хъуамæ сæххæст кæнæм. Басыл тыхджын рынчын рацис. Йæ усæн, рæсугъд Олгъайæн, фæдзæхсы: – Мыййаг, куы амæлон, уæд Ирыстоны дзæгъæлæй ма ныууадз. Олгъа загъта: – Æз дæуæн бирæ хатты дзырдтон: дæхиуыл фæцауæрд, фæлæ ды нæ бацауæстай нæдæр дæхиуыл, нæдæр мæныл. Кæд Ирыстонæн стыр пайда радтæм, уæддæр нырма афтæ зæрæдтæ не стæм, æмæ нæ Ирыстоны дзæгъæлæй ныууадзæм. Басыл амарди. Айхъуыстис æппæт Ирыстоныл æмæ ницыуал зонынц. Хъæутæ æмбырд кæнынц. Сæрбæгънæгæй сылгоймæгтæ цæуынц æмæ иронвæндаг кæнынц сæ кæрæдзимæ. Алы хъæуы дæр сау хуыз сахуырстой сæ бæмбæгæй тынтæ, хæдзæрттыл, бæлæстыл æрцауыгътой ацы тынтæ. Ай у Ирыстоны саударæн нысан. Фондзсæдæ хатт мин минтæ цæрæг Ирыстон æнæхъæнæй баззадысты æнæнизæй æмæ сидзæрæй. Ирыстонмæ хæстæг цы адæм цардысты, уыдон дæр афтæ скодтой сау дарæс Басылы мардыл. Кæд Басыл тыхджын уыдис, уæддæр никæйы дæр тæрсын кодта, æмæ никæмæ дæр хæцгæ кодта æмæ уымæн æй уарзтой иннæ адæмтæ дæр. Басылы быныгæдтой Къаукъазы æмæ нартийы фарс Къаукъазы фидæртты. Басылы фæстæ Олгъа расидтис йæхи Ирыстоны хистæрæй. Йæ фыды æрттиваг нысан, йæ фыдæй йын цы баззадис, Басылы фæстæ йæхæдæг Олгъа бакодта йæ риуыл. Ирыстоны кæрæттæй, Ирыстоны астæутæй цæуынц æмæ æрвитынц зондджын æмæ зондджын ус æмæ лæджы æмæ йын арфæ кæнынц Олгъайæн, æмæ йын ныфсытæ дæттынц: – Амæй фæстæмæ ноджыдæр алы хъуыддæгтæ хуыздæр æмæ хуыздæр æххæст кæндзыстæм дæуæн. Кæд Басыл амардис, уæддæр мах хорз баххуыс кæндзыстæм дæуæн. Махæн бирæ ис Басылы ахуырдзинад æмæ бирæ баххуыс кæндзыстæм алы куыстæн дæр Ирыстоны. Ирыстоны æддæдæр цыдæриддæр хистæртæ уыдысты, уыдон дæр æрвыстой сæ лæгтæ Олгъамæ, æмæ йын арфæтæ кæнынц: – мах дынджыр бузныг стæм Басылæй – уыйхуызæн зæндджын цард кæй кодта, уый махæн дæр пайда уыдис æмæ махæн дæр æнцон уыдис. Мах ныфс ис, æмæ ды дæр афтæ цæудзынæ уыцы æгъдæуттыл, цы æгъдæуттыл цыдис Басыл. Æмæ махæн дæр нæ бон цы уа, уый дæуæн нæ бацауæрддзыстæм. Олгъа йæ адæмыл зылдис æмæ сæ фæдзæхста: – Зылындзинад, æвзæрдзинад мацы саразут. Мæ бон цы уа, уымæй архайдзынæн, æмæ Басыл цы кусæндæттæ ныууагъта æмæ æгъдæуттæ, уыдон фæхуыздæр кæнæм уемæ иумæ. Цыдысты азтæ, цыдысты мæйтæ æмæ кусæндæттæй алыхуызон дзаума цæуын бонæй-бонмæ фылдæр æмæ хуыздæр цы кодта, уый йеддæмæ хъаджджын ницы кодта Басылы фæстæ Олгъайы руаджы. Ирыстоны ахæм цæстæй кастысты Олгъамæ, афтæ йæ уарзтой æмæ сын Олгъа куы загътаид: иууылдæр, адæм, уæхи фурды бакалут, уæддæр фæсте ничи æрлæууыдаид. Олгъамæ дзырд райхъуыстис: хурысксынæрдыгæй стыр доны былтыл хъуагдзинад ис. Олгъа сын загъта: – Бæлæгътæ æрæвæрут Ихыдоныл. Йæ уæлæ гæрзтæ скодта, йæ нысан йæ уæлæ æрттивы Басылы мæлæты фæстæ. Сбадтысты, йемæ чи цыдис, йæ дæлдæртæ, æмæ Къуырма донмæ æрхæццæ сты. Къуырма доныл ноджы сæм баиу ис цалдæр бæлæгъы æфсæдтæй. Фурдмæ æрхæццæ сты. Фæндагыл алы ран сыл æмбæлынц бæлæгътимæ цæттæ æфсæдтæ. Стыр донмæ бахæццæ сты. Дзæвгар йе ‘рдæджы онг куы бахæццæ сты, уæд Олгъайы бæлæгъ цæуылдæр сæмбæлдис. Олгъа йæ дæллæгтимæ фæдæлдон сты, фæлæ доны мидæг уæды адæм тынг арæхст уыдысты, куыд кæсæгтæ, æмæ бакалдысты донмæ. Олгъайы ма удæгасæй баскъæфтой доны уырмæ[47]. Олгъа ма сын иу цалдæр ныхасы чфæрæзта æмæ загъта сын: – Къаукъазы фидæрттæй, Нартийы фидæрттæй, Басылы фидæрттæй уæхи ма сисут. Ноджы сыл фидарæй æмæ фидарæй хæцут, æндæра фесæфдзыстут. Адон куы загъта Олгъа, уæд амардис. Бирæ фæкуыдтой, йемæ чи уыдис, уыдон æмæ хъарджытæ кодтой: – Нæ мад Олгъа, æнæ дæу ма цы кæндзыстæм. Чи ма нын уыдзæн мад ивæг. фæлæ мах иудадзыг кæугæ нæ кæндзыстæм. Æрмæст абон стæм хъыгдард, фæлæ дæ номыл Ирыстон зарджытæ кæндзæн йæ цæрæнбонты. Абонæй фæстæмæ хуры скæсæны стыр дон уыдзæнис нæ мад Рлгъа. Абон дæр ма хуыйны уыцы дон нæ мад Олгъа. Олгъайыл афтæ-иу зарыдысты:
Рæсугъд Олгъа хурыскæсæнæй, Цалдæр боны, цалдæр мæйы рацыдис, æмæ ацы зарæг айхъуыстис, ахæлиу æгас Ирыстоныл. Усæй æмæ лæгæй иууылдæр зарыдысты ацы зарæг кæуыны бæсты, Олгъайы номыл, цæмæй Олгъайы ном макуы фесæфтаид Ирыстоны.
Нарты цæуæтæй иу, Чырдæмха йæ ном, хорз хæцæг, хъæбатыр лæг уыдис æмæ æфсæдтимæ хистæрæй æрвыст уыдис, æддагон адæмтæм цы æфсæдтæ æххуырстæй ацыдысты, уыдонимæ йæ Хæмыц арвыста хистæрæй. Чæрдæмхайæн баззадис ус Хана. Хана бакасти æмæ йæ бамбæрста, Ирыстон кæй сæфы, Хæмыц æмæ Сырдон уыйас бирæ кæрæдзиимæ кæй хæцынц, уый фыдæй. Хана уый дæр базыдта, бирæ хорз хæцджытæ æндæр паддзахæдтæм æххуырстæй кæй радтой, уый дæр сбæрæг кодта Хана, йæ мой Чæрдæмха кæй нал æрыздæхдзæнис Ирыстонмæ. Фæндаг ын нал ис Ханайæн. Уый баздæхтис æмæ сфæнд кодта Хæмыцимæ æмæ Сырдонимæ тох байдайын. Хана скодта йæ уæлæ æфсæн, хæцæн пысултæ, йæ къухы арц, йæ фарсыл хуымæтæджы кард (уыцы рæстæджы нæ уыдис дзæбæх хæцæн кæрдтæ), йæ сæрыл æфсæйнаг худ æмæ иу рæстæджы куы уыдис, æмæ Хæмыц æмæ Сырдон удæй-удмæ кæрæдзиимæ куы хæцыдысты, уæд сæм Хана багæпп кодта ацы дыууæ адæймагимæ – Ирыстоны кæй тыххæй сæфы æмæ семæ байдыдта удæй-удмæ хæцын. Нырма Хæмыцимæ, фæрæхуыста йæ арцæй æмæ йæ амардта. Стæй багæпп кодта Сырдонмæ, уыимæ дæр схæцыдис æмæ Сырдоны дæр амардта æмæ Къаукъазы нысæнттæ йæ къухмæ райста. Ацы нысæнттимæ Хана æрбацыди Къаукъазы уæлмæрдмæ, Басылы уæлмæрдмæ, Нартийы уæлмæрдмæ æмæ сæ уæлмæрдыл скуыдта æмæ схъарæг кодта: – Сымах бирæ сарæзтат Ирыстонæн. Бирæ, уæ арæзт цы уыдис, уыдон нарты адæм фесæфтой. Ирыстоны адæмы æмæ уæ куыстытæ иууылдæр ныппæрстой тæригъæддзинады. Ракæсут ма, арвы иу кæронæй иннæ кæронмæ уæ арæзт Ирыстон цы уынгæгдзинады бахаудис. Хæцынц æмæ уæ уæлмæрдмæ æрбахæццæ ис знаг, фæлæ знагæн нæ ныууадздзынæн уæ уæлмæрдты æмæ уæ нысæнттæ дæр, куыд нæ ауагътон æмæ куыд байстон уыдон Хæмыцæй æмæ Сырдонæй. Уæ нысæнттæ ницæй тыххæй никæмæн ауадздзынæн, цалынмæ æз удæгас дæн. Ирыстон кæд баззадис цъус, уæддæр æнæсаст у, уымæй уын дзырд дæттын Къаукъазы, Басылы æмæ нартийы уæлмæрдтыл. Уæ, нæ номдзыд Къаукъаз, нæ цытджын Басыл, нæ мадæлон мад Нарти! Кæд уæ ирон адæм сæ тынг зын хæстыты мидæг уый онг фесæфтысты, æмæ кæд фыццаг хурыскæсæнæй йæ ныгуылæнмæ, йæ рахис фарсæй йæ галиу фарсы онг иронтæ цардысты, уæд ныр æрмæст Къаукъазы æфцæджытыл баззадысты иронтæ хордзенау ауыгъдæй.
Царциатæ ахæм рауадысты æмæ нал Хуыцауы зыдтой, нал дзуарæн куывтой, сæхиуыл фæхæцыдысты. Никæмæн баргæ кодтой, никæй нымайгæ кодтой. Хуыцау сæм æрырвыста: – Цы кæнут, Царциатæ, цæмæн фæдæх хæссут, æвиу уын æрхъуыдыйы аккаг дæр нал дæн? Царциатæ загътой: – Мах нæхицæн Хуыцау дæр стæм, мах нæхицæн æппæт дæр стæм, бирæ хорздзинадæй нын хай ницы бакодтат, уæ хорздзинады тæххæй махæй дывæр хорздзинад фæхъæуы. Искуы нын уæхи иу хатт уæддæр куы равдисиккат. Хуыцаумæ хъыг фæкастысты Царциаты ныхæсты æмæ сын фыддæрагæн митæ байдыдта. Сæ бæх байраг нал ардта, сæ гъуг рæуæд нал ардта, сæ фысæн уæрыкк нал цыди, сæ дугъонтæ дугъы нал фæрæзтой, иуыл сын кæлгæ кодтой. Царциатæ зæгъынц: – Атыппæт Хуыцауы фæндæттæ сты. Цы фæнды нын кæнæд – ма басæттæм, цалынмæ нын йæхи иу æвдыст нæ ракæна, уæдмæ. Хуыцау та фыдохдзинад æмæ йæ азардзинад фæфылдæр кодта. Царциатæн фос цæуæт кæнын куы нæуал уагъта, уæд Царциатæ фыддæр бырсын байдыдтой, фос никæмæн уагътой, истой тыхæй æмæ се ‘ххормагдзинады сафтой. Уæд та Хуыцау дæтты басур кодта, ома Царциатæ дойныйæ мæлдзысты, ома кæд басæттиккой. Уымæй дæр та ницы рауад. Загътой Царциатæ: – Цы фыддæр митæ кæнæт Хуыцау, ма басæттæм. Царциатæ доны бæсты туг нуазын байдыдтой æмæ сырх уадул кæнын райдыдтой, сæхи доны хуыппы та сæ фосæн лæвæрдтой. Хуыцаумæ та ацы хъуыддаг дæр æркасти хъыг æмæ сын сæ хуымты æхсæв кæрдинаг кодта, боны та цъæх æвзар уагътой. Царциатæ загътой: – Дыууæ хатты Хуыцауы бон нæ баци нæ басæттын, ма басæттæм ныр дæр. Саджил фатфындзтæ[49] аразын байдыдтой æмæ-иу æхсæвыгон сæ хуымтæм рацыдысты Царциатæ, саджил фатфындзтæй æфсиртæ æхстой æмæ уымæй цардысты. Хуыцауы бон та æртыккаг хатт дæр нæ бацис Царциаты басæттын. Уæд сыл стыр азар скæнын кодта, азар Царциатыл низ бафтыдта æмæ Царциатæн сæ устытæ ницы аххосæй сывæллон нал ардтой, ныххуысчъытæ сты. Царциатæ тынгдæр смæсты сты. Хуыцауы ныхмæ сæ дуæрттæ бæрзонд æскодтой, зæгъгæ, кæннод Хуыцау зæгъдзæни, нæ хæдзарттæм цæугæйæ æмæ нæ хæдзæрттæй цæугæйæ нæ сæр Хуыцауæн фæгуыбыр кæнæм æмæ йæхицæй ныббуц уыдзæни. Хуыцаумæ уый фыддæр хъыг æркасти. Царциатыл рын бафтыдта, уæддæр нæ састысты. Рынимæ дæр хæцыдысты. Уæд сыл зынджы бардуаджы бафтыдта ноджы æмæ сыл уый арт æсуагъта. Царциатæн сæ фылдæр басыгъди. Сæ бон цалынмæ уыди, уæдмæ æвæрдтой мæрдты сæ зæппæдзты, фæлæ зæппæдзтæ мардæй байдзаг сты. Царциатæ ингæнтæ къахын байдыдтой. Бонæй æвæрдтой къæй, фæрстæм дæр афтæ, уæлийæ дæр къæй, стæй та уый уæлæ дæр мард йæ алыфæрсты къæйтæ æвæрдтой, æмæ та уый уæлæ дæр къæй æвæрд, афтæмæй-иу иу ингæны дæс-фынддæс зианы кæрæдзи уæлæ æвæрдтой, се ‘хсæн къæйтæ уыдаид, цыдис[50]. Боны фæстагмæ Царциатæн сæ бон ныгæнын нал уыдис æмæ-иу мæрдты фæрсæвæрд[51] акодтой, стæй сыл иу фæлтæр сыджыт æркалдтиккой æмæ та ногæй мæрдты фæрсæвæрд ракодтаиккой æмæ та сыджыты фæлтæр ногæй, афтæ хуызы се ‘ннæ æрдæг ныгæд цыди Царциатæн.[52] Чи ма сæ баззади, уыдон уæддæр нæ састысты. Уæд сыл зæхх фегом ис Хуыцауы зондæй æмæ сыл стыр лæсæн рацыди[53]. Лæсæн тæвд лами æмæ тæвд дуртæ йæ разæй ласта. Чи ма уыди Царциатæй, уыдоны лæсæны быны кодта. Сæ мыггаг аскъуыди Царциатæн. Фæйнæрдæм ма лыгъдысты, фæлæ сыл тæвд дон лами сыджытимæ калдис æмæ куынæг кодтой. мыггаг æскъуыд фесты Царциатæ. Цалдæрæй ма аирвæзтысты Царциатæ. Уыдон уыдысты Едыса æмæ йæ авд фырты. Едысайы авд фырты иу ададжы куыд лыгъдысты, афтæ сыл дуртæ ракалдысты æмæ фесæфтысты. Уый адыл уыцы ададжы схуыдтой “Лигдонат”[54], ома лидзæг æфсымæрты бынат. Едыса аззади иуварс æмæ загъта: – Мах сæфæм, фæлæ нæ ном ам баззайæд. Уый адыл Едыса кæдæм балыгъди, уыцы тъæпæн бынаты схуыдтой Едысайы номыл – Едыс,[55] ныртæккæ Едыс цы хъæу ис, уыцы бынат. Фесæфтысты уый адыл Царциатæ. Хуыцау сын йæхи уæддæр нæ равдыста, сæ ном баззади Едысы хъæуы. Ныр дæр сæ цæрæн бынат калактæ[56] хуыйнынц.
[1] Къæрта – хъæдын ведра [2] Цæрддзæуæн – ома, цардмæ цæуæг цыдысты. [3] Уазуддзæф – ома, уазал уæвæг дымгæ. [4] Æдзæф бандон – цавæрдæр бандон, ахæм бандон уыд Хуыцауæн. Ууыл-иу чи æрбадтаид, уый цæугæ нал кодта, фæлæ бар дæттæг уыди. [5] Дзала – даргъ кæрдæджы мыггаг, бийынц дзы хосбæндæнтæ. [6] Нымдгæнгæ – æфсæрмыгæнгæ. [7] Тæппалгъ – ома, рæсыд, тыппыр гуыбыны æрбадт. [8] Тæрфæхсад – хæрзæхсад. [9] Æфсæрмæг – æфсæрм кæнын искæй раз. [10] Бастуаг – лæгыл-иу кæм баталынг, уыцы бынат. [11] Стъæлтæ – ома, стъæлфæнтæ. [12] Фæсæцца – ома, фергъуыйау сты. [13] Æнхъæлæг – ома, чызг æнхъæл. [14] Тыппæл æхст – ома, портийы æхст. [15] Дзæгъæлæг – ома, дзæгъæл цæуаг лæг. [16] Бынатдзæг – цæрæнбынат, ома, бæстон бæрæгæй, бынæттон цард кæм кæнынц, уый. [17] Тылег – рогдзинад кæмæ нæй, ахæм лæг. [18] Зындан – фыдæбойнаг бынат, чизоны зындон. [19] Сынг бузныг – хуымæтæджы бузныг. [20] Пысмел – æсхъиуд. [21] Фæтдзæф – ома, фатæй æхсын. [22] Сæркъул – ома, сæрæй ныллæг акувын. [23] Гæсæн – таурæгъгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, бæрзонд амад мæсыджы хуызæн, цы ранæй-иу хæстысты хъахъхъæнджытæ. [24] Тæли – ома, дуртæй иу рæгъ ауадзын амады мидæг, кæнæ иу фæлтæр самайын, иу рæгъы равæрд дуртæй. [25] Тæлмау – хардзау, тæлмау кæсын, хардзау фæкæсын. [26] Донхæссæг – ам дзырд цæуы ууыл, ома мæхицæн къайаг куы равзарин. [27] Къуыбырджын – ацы хох ис Едысы хъæуы сæрмæ. [28] Лæзгъæр – кæнæ ма йæ хонынц, “Сæгты лæзгъæр” дæр. Уый дæр ис Едысы хъæуы сæрмæ цы хох рагъ ис, уым. [29] Доннук – у адаггонд, чысыл дон дзы цæуы, æнæуи та у уыгæрдæн, ис Едысы. [30] Саргъау – ис Едысы Хъугомы чысыл хохы къуылдым. [31] Хæрисгом – уый дæр ис Едысы. [32] Цыртысæр – ныртæккæ дæр хуыйны афтæ, Едысы Хъугомы. [33] Къодахджын – чысыл хох. Ис Едысы, зæгъынц легендæтæ, зæгъгæ, ам уыд стыр хъæд, фæлæ галтæ æргæвдгæйæ хъæды къодахы цагъд кодтой, артыл сæ æндзæрстой, уый адыл йæ ном “Къодахджынæй” баззади. [34] Луаны фæз – цавæрдæр фæз. [35] Цæрдзæф – ома, чындзон чызг лæппумæ (моймæ) куы фæцæуы, уæд чызг нал вæййы, фæлæ лæппуйы æрдыгæй агайд æрцæуы, фæцæф вæййы, ома, уый нысан фæкæны цæрыны хъуыддаг. Чизоны, афтæ у, æмæ нæ цард нырæй фæстæмæ нысандзæф стæм æмæ ныр иумæ цæуæд. [36] Тæппалгъ – ус куы басывæрджын вæййы, уæд уый. [37] Фæдджи ивазджытæ – ома, сывæллæттæ. [38] Уæгъд æркæнгæ – сылгоймагыл мидæгæй цы хуыссæн хæдон вæййы, уый. [39] Сагъуыд – ома, фæцахуыр. [40] Батырæнхъæлцау – базæрдæхсаинаг. [41] Мысыр – ныры Египет. [42] Хурсыфтæ – стыр сыфтæ, чизоны, пальмæтæй загъдæуы. [43] Бæдæйнаг – æвзыгъд лæппу-лæг. [44] Асадæн кæнын – аууон кæнын. [45] Дзыгъуын – къамбец, кадæггæнæг куыд бамбарын кодта. [46] Æндæр вариантмæ гæсгæ: Олгъайы роны хид у æмæ алцыппæт дæр цæуы ацы хидыл. [47] Уырм – кадæггæнæг æмбарын кæны куыд “остров”. (с.109). [48] Ацы зарæг, дам, дзуры кадæггæнæг, Ирыстоны æрæджыйы онг дæр уыдис. Ацы аргъау куы дзырдта Гуыцмæзты Хуху, уæддæр, дам, зарыдысты Олгъайы зарæг. Уый тыххæй, дам, зарыдысты, цæмæй Олгъайы ном маку фесæфтаид Ирыстоны. [49] Саджил фатфындзтæ – ома, ахæм фæттæ, кæцытæ уыдысты саджил. [50] Царциатæй иу хай ныгæд у афтæ: бынæй къæй, фæрстæм – къæйтæ, стæй мард се ‘хсæн æмæ йæ къæйæ æрынбæрзынц. Уыцы къæйы сæрыл дæр та мард се ‘хсæн æмæ йæ алыфарс къæйтæ, стæй та къæйæ æмбæрст æмæ афтæ дарддæр. Алы ингæны афтæмæй дæс кæнæ фылдæр марды ис æвæрд. [51] Фæрсæвæрд – Царциатæн се ‘ннæ хай сты æнæ ингæнæй ныгæд. Фæрсæй фæрстæм-иу равæрдтой мæрдты, стæй сыл иу фæлтæр равæрдтаиккой, стæй та уыдон уæлæ ног фæлтæр æмæ та сыджыт ногæй. [52] Едысы аргъуан цы къуыппыл æвæрд ис, уый бын иууылдæр у стæгдар Царциаты мæрдтæй. [53] Едысæй Брытъаты хъæуы æхсæн уаддзæг у лæсæн. Ныр ыл хъæд æсхæцыд. Кæддæр Десы къахыр æмæ Хъелы цады уыд зæхх æстынд æмæ лæсæн байдзаг ис Едысæй Брытъаты æхсæн. [54] Лигдонат – ис Едысы хъæуы, зæгъынц легендæтæ, зæгъгæ, Едысайы авд фырты уым лæсæн ракалди æмæ фесæфтысты авд æфсымæры. [55] Едыс – Едаса уыд Царциатæй. Царциатæ куы сæфтысты, уæд ма сæ уый хæрз иунæгæй аирвæзти, балыгъди Едысы суары цурмæ, фæлæ йæ авд фырты куы бабын сты, уæд гæнах ацарæзта æмæ йæ гæнахы зæрдæскъуыд фæцис. Уыцы гæнах уыди Беджызаты къухы, уыд æртæ æддæгуæлæ. Фæлæ Беджызатæ удыгасæй бирæгъ куы бастыгътой, уæд аскъуыдысты. Иу ма сæ баззади æмæ йæ уый Мамитæн радта. Уыцы гæнахыл ныр Мамитæ хæдзар сарæзтой. [56] Калак – гуырдзиаг ном, амоны горæт. Царциаты бынат ныр дæр “Калактæ” хуыйны.
|
|||||
| * Номхыгъдмæ * * Хæрдмæ * | ||||||