АДÆЙМАГ

 

 

Адæймаг
Аргъау

Æвзаг
Барад
Дзырдуат

Дин

Зарæг

Зонад
Истори
Клуб

Медицинæ
Политикæ
Поэзи

Прозæ

Спорт

Этнографи

Юмор



Дигоронау
Радио

 

 

Гергити Валери

(1953)

 

ГЕРГИТЫ ВАЛЕРИЙÆН

Музыкæ фæарфдæр кæны арв.
Шарль Бодлер

Тызмæг ирон арвæн йæ цæлхъытæ, йæ æрттывд,
Ирæфы донуидаг, æрдынæлвæст, æрнæг,
бæгънæг цъæх ирдгæтæ, емылыккау тæлтæг,
сæууон лæппын хурæн йæ ризгæ ирд, йæ рæвдыд,
егъау зыгъар хæхтыл æхсæрдзæнты кæфтытæ,
лæсæнтæ, цъититæ, сæ додойтæ, сæ сар,
сæрсæфæн-цъассытæ, лæбырд къултæ, тæссар,
цæргæстæн, уаритæн сæ монцифтыгъд кæстытæ,
йæ тавиц хъоппæгæн, сæ уазал фидыц зазтæн
уынын дæ фезмæлды, дæ сулæфты, дæ уарзты...

Зыны дæ цæстытæй, дæ дадзинтæн сæ артæй
дæлимон-демоны уыраугæ монцты абухт.
Кæлæйнаг, рухс исдуг... Нæ Уазатæй, Сæнатæй
тæхынц нæ урс зæдтæ, æрхастой нын сæ бахудт.
Ысты дын коммæгæс уæлдунеты, дæлзæххы
æмбæхст, ызнæт зæлтæ: «Нымæтын Ехс» куы стæхы, —
бæстызмур сау зæйтæ æнусты рындзтæй растынц,
нæргæ, æмбугæнгæ сæхи дæлæмæ рахсынц
æмæ
цъымыр зæххæн йæ къоти-хъылма рахсынц,
йæ гам, йæ
гаппар ын тъымы-тъыматæм ласынц.

О зин-зæд Джерджион! Дæ авдæнмæ дын арфæ
æмæ «Нымæтын Ехс» æрæппæрста нæ Раттæг.
Ныйирд мæ уды арв, ныррайдзаст и, фæарфдæр,
Кæны тыбар-тыбур — Дзирасгæ-донау сатæг.

2002.09.08

ИНТЕРВЬЮЙÆ СКЪУЫДДЗÆГТÆ

Йæ фондз æмæ дыууиссæдз азы йæхи куы фесты, уæдмæ Джерджиты Валери фæхæццæ уæлиаудæр бæрзæндтæм: 24-аздзыдæй райста Герберт фон Караяны номыл кадджын преми, 1994 азы æппæтдунеон дзырддзæугæ жюрийы уынаффæмæ гæсгæ нымад æрцыд «Афæдзы хуыздæр дирижерыл». 1993 азы сси Роттердамы филармонийы сæйраг дирижер.

1996 азæй фæстæмæ аивадон разамынд дæтты Петербурджы оперæ æмæ балеты театрæн (Мариинкæ кæй хонынц, уымæн),

1997 азы йæ ахуыдтой Америкæмæ — музыкалон театр «Метрополитен-опера»-мæ. Валери у Уæрæсейы адæмон артист, Уæрæсейы паддзахадон премийы лауреат, преми «Триумф»-ы лауреат, Шостаковичы номыл премийы лауреат, национ театралон преми «Сызгъæрин маскæ»-йы дыууæ хатты лауреат.

Джерджийы-фырт иудадзыг йæ дæсныйад февдисы дунейы сæйрагдæр оперон сценæты — Ковент-Гардены, Ла-Скалайы, Гранд-Оперæйы, Залъцбургы музыкалон фестивальты, дирижер вæййы Венæйы, Берлины, Лондоны филармониты оркестртæн...

Валери адæмы уæлдай дисы бафтыдта 1998 азы апрелы, Петербурджы оперæ æмæ балеты театр (Мариинкæ) Мæскуыйы гастрольты куы уыд, уæд. Фараст боны дæргъы марафойнаг ерысдзауы хуызæн маэстро разæнгардæй цыди дирижеры пультмæ, раст-иу цыма фæлтæрд тореро домбай æмæ знæт богъимæ карз тохы бацыд (о, хæдæгай, гороскопмæ гæсгæ Валери йæхæдæг дæр Богъ у), уыйау меломанты дисы æфтыдта адæмæн æмбисонды дæсныйадæй. Ноджы дугтæ, музыкалон стильтæ æмæ композиторты æвзарынмæ та куыд арæхсти: Вагнер, Мусоргский, Прокофьев, Шостакович, Барток, Брамс, Стравинский!..
 

Уацхæссæг. Дæ хуызæн адæймæгтæ стæм вæййы — стыр нывгæнæджы æмæ разамонæджы миниуджытæ сиу сты дæ туджы. Гъемæ дæм куыд кæсы, дæ курдиат къахыргонд нæ цæуы, æппæт хъуыддæгтæ дæр де рагъыл кæй æнцайынц, уымæй?

Валери. Æвæццæгæн, мæ хъысмæт ахæм у. Райдайæнты æгæр тæссаг хæстæ райстон мæхимæ. Æрæджиау бамбæрстон: сыгъдæг сфæлдыстадон куыстæй уæлдай ма театры ис бирæ кæнинæгтæ. Хицæн адæймæгты ’хсæн вазыгджын ахастытæм дæр иудадзыг хъус дарын хъæуы. Клаудио Аббадо (театр Ла-Скалайы дирижер) цымæ цытæ кæнид, сылгоймаг зарæггæнджыты «рынчыны» бонтæ æмæ артистты царды уавæрты мæттæ йæ куы ’вдæрзиккой, уæд? Уым ахæм хабæрттæн сæ кой дæр нæй. Артист æрвылбоны лыстæг хъуыддæгтыл йæ тыхтæ куы хардз кæна, уæд ын йæ курдиаты авналæнтæ æххæстæй равдисын дзæвгар зындæр уыдзæни.

У. Дæ рекорд цас у?

В. 100120 концерты афæдзæй-афæдзмæ.

У. Фæд-фæдыл цалдæр азы? Ныр æй бамбæрстон, ахæм аив, рæхснæг гуырыконд дын цæмæн ис, уый.

В. Арæх мын бахæрынмæ дæр рæстæг нæ вæййы. Мæнæ боны иу сахат сси, æз та къæбæры хъæстæ нæма дæн.

У. Ды ирон дæ. Райгуырдтæ Мæскуыйы, схъомыл дæ Цæгат Кавказы. «Лицо кавказской национальности», зæгъгæ ацы базырджын ныхас куы фехъусыс, уæд дæм цавæр æнкъарæнтæ фæзыны?

В. Мæнæн ахæм ныхас никуы ничи загъта. Фæлæ стыр рæдыдыл нымайын, æппæт кавказæгты дæр иухалдихтæ кæй æнхъæлынц, уый. Кавказы цæры бирæ алыхуызон нацитæ, ис сын хицæн истори, динтæ, культурæтæ. Мах, ирæттæ, кæнæ алантæ, стæм Цæгат Кавказы иунæг чырыстон адæм, рагон скифаг культурæйы бындартæ. Æрæджы мæм Мюнхены равдыстой иу чиныг аланты тыххæй, ныффыста йæ немыцаг историк. Дисæй амардтæн, нæ фыдæлтæ рагон Европæйы цы стыр хъуыддæгтæ арæзтой, уый куы базыдтон, уæд. Ныртæккæ мæ бæстæйыл нымайын Мариинкæйы театр. Уый у мæ хæдзар дæр, мæ бинонтæ дæр, мæ фынг дæр, мæ хойраг дæр.

У. Нæрæмон адæймаг дæ?

В. Ис мæм иу стыр монц (хинхудт кæнгæйæ): уарзын нæлгоймаг æмгæрттимæ абадын (бирæ куыд нæ уой, афтæ) кæнæ та сылгоймæгтимæ (цас къаддæр уой, уый бæрц хуыздæр).

У. Уарзондзинадæн дæ царды исты бынат ис?

В. Ис. Уарзын хæрзад хæринæгтæ. Уæлдайдæр та итайлаг хæринæгтæ. Куысты фæстæ æнафонтæм фынджы уæлхъус абадын дæр уарзын...

У. Нозтытæй та?

В. Хъызт рæстæг — уазал водкæ. Сæрд та — хорз сырх сæн. Японы та — саке. Фæлæ расыгæй спектакльты æмæ концертты нæ хъазын.

У. Бахатыр кæ, фæлæ уæдæ уæ Юрий Башметимæ (æппæт дунейы дæр зындгонд уæрæсейаг альтист) концерты фæстæ милицæ цæмæн аластой æмæ уæ цалдæр сахаты уазалы цæмæн фæдардтой?

В. Мæн æмæ Юрийы цæсгæмттæ автоинспекторы зæрдæмæ кæй нæ фæцыдысты, уый уайсахат бамбæрстам. Стæй меломан нæ разынд. Юрæмæ та шофыры бартæ нæ уыд (йæ документтæ йæ усмæ баззадысты). Стонгæй мардыстæм, тæнæг уæлæдарæс ныл (цæмæй зыдтам, хъызты нæ тезгъо кæнын бахъæудзæн, уый?!) Фыццаг хъæлдзæг бæргæ уыдыстæм. Милиционер та афтæ банхъæлдта, хынджылæг дзы кæнæм. Уæвгæ Башмет йемæ иттæг уæзданæй, фæлмæнæй дзырдта (алы хъуыддаг дæр куыд фæкæны, афтæ). Æз капитаны фæстæ лæуд фæдæн, æнæнхъæлæджы афтæ рауад, æмæ рахатыдтон: юморы хъæстæ йæм нæй. Уыцы хъуынтъызæй мын афтæ: «Хъус-ма, мæ фæстæ ма лæуу». Æвæццæгæн, йæхицæн нæмынæй тарстис. Афтæ гъе. Бынтон официалон хуызы дын зæгъын: милиционер нæ куы баурæдта, уæд зыбыты æвронг уыдыстæм. Фæлæ райсомы фондз сахаты куы ссис, уæд бамбæрстам, тынг кæй баргъæфстыстæм, уый. Хорз æмæ Юрийы зæрдыл æрлæууыд, йæ багажничы авг кæй ис, уый. Цæй авг уыди — мæгъа, нал æй хъуыды кæнын... Нæхи дзы схъарм кодтам. Рауагътой нæ сæумæцъæхтыл.

У. Ахæм æвæджиауы хорз фрактæ та дын кæм хуыйынц?

В. Æнæхъæн Мæскуы дæр æй зоны: гастрольты рæстæг мыл уыд итайлаг фирмæ «Эрменджильдо Зенья»-йы хуыд фрак.

У. Æнцон кусæн дзы у?

В. Тынг. Зенья дæсны хуыйæг у... Дзаума хъуамæ удæн æнцой хæсса. Адæймаг хъуамæ дзаумайæн ма æххуыс кæна, фæлæ дзаума адæймагæн. Ноджы мæ хатгай мæ къухтæ тилын бахъæуы æмæ...

Валериимæ ныхас кодта К Караколева.
Журнал «ELLE Россия» №23, 1998

  
Йæ фыд Абисал æмæ йæ мад Тамара.

* * *

Цавæр миниуджытæ хицæн кæнынц Джерджиты Валерийы иннæ дирижертæй? А. Тосканини иттæг раст загъ та: æвзæр оркестртæ нæй, фæлæ ис æвзæр дирижертæ. Гъемæ Джерджиты Валери дирижеры пульты уæлхъус куы фæлæууы, уæд оркестр æвзæр никуы вæййы... Партитурæйыл тынг биноныгæй кæй бакусы, уый фæрцы Джерджийы-фырт лыстæг детальты онг дæргъмæ-уæрхмæ раиртасы уацмысы мидис, йæ фондз къухы хуызæн базоны партитурæйы алкæцы бынат дæр, уымæ гæсгæ йæ интерпретаци оркестры музыканттæн вæййы зæрдæисгæ æмæ уырнинаг.

К. Малиновскмй,
аивадиртасæг

* * *

Джерджиты Валери у, драматикон-романтикон ахаст кæмæн ис, ахæм дирижер, ирд курдиаты хицау... Уый æдзухдæр фæагуры «йæхи» музыкæ. Æмæ алы хатт дæр фæархайы йæхи фæнд тæрыныл, музыкæ йæ зæрдæмæ куы нæ фæцæуы, уæд æй аиуварс кæны.

А. Чайковский,
композитор

* * *

Газет «Советская культура»-йы бакастæн, Герберт фон Караяны фонд цы конкурс сарæзта, уый ног лауреатты тыххæй. Се ’хсæн сын куы ауыдтон, Ныгуылæн Европæйæн æнахуыр чи у, ахæм мыггаг «Джерджиты», уæд ахъуыды кодтон, æвæццæгæн, зæгъын, номдзыд дирижер Юрий Темиркановы æмбæстаг у. Æмæ тынг нæ фæрæдыдтæн: Темирканов — кæсгон, Джерджийы-фырт — ирон. Дудараты курдиатджын Вероникæ дæр — Джерджиты Валерийы æмбæстаг. Йæ аивад ын æхсайæм азтæй фæстæмæ зонæм.

Конкурсы рæстæг Валери оркестрæн фæдзæхста: «Къухтæм кæсут». Уый æнæнхъæлæджы нæу — дирижеры музыкалон къухтæ æмбарын хъæуы. Æмæ цымæ хуымæтæджы хабар у — Темиркановы, Дудароны æмæ Джерджийы-фырты къухтæ диссаджы æнгæс сты — сæрибар, пластикон æмæ иттæг тасаг æрмттæ сын ис! Кæд мыййаг уыцы миниуджытæ сæ адæмон кæфтытæй цæуынц — уым къухты тасгæ-уасгæ змæлд ахсджиаг у.

Цыппар азы чысылхъуаг бакуыста Джерджиты Валери Ереваны — Сомихы Паддзахадон симфонион оркестры аивадон , разамонæг æмæ сæйраг дирижерæй. Ацы оркестры историйы уыдон уыдысты фæрнджын азтæ.

А. Арутюнян,
ССР Цæдисы адæмон артист

* * *

Уацмысыл кусгæйæ уый йе ’ргом здахы залмæ, алы фразæмæ дæр æмæ сæ бауадзы бæлвырд мидис.

Ю. Башмет,
ССР Цæдисы адæмон артист

* * *

Джерджиты Валерийыл хъуыды кæнгæйæ цæстыты раз сысты, алывæрсыг æмæ рæдау курдиаты хицау чи у, ахæм артист. Æрдзæй зæрдæдзуаг уæвгæйæ уый райста æвæджиауы хорз профессионалон ахуырдзинад, сæйрагдæр та уый у, æмæ йæм кæй ис дирижеры стыр курдиат.

Э. Мирзоян,
ССР Цæдисы адæмон артист

* * *

Куы йæ федтон, уæд мæхинымæр æвиппайды ахъуыды кодтон: джигит. Фæндыры хъисау æлвæст æмæ тасаг гуырыконд цыдæр сусæг тых æмбæхста йæ мидæг. Кæрдæгхуызбын цъæх цæстытæ — райдзаст, парахат гом. Йæ рæсугъд пластикон къухтæ-иу уæлæмæ куы стахтысты æмæ, æргъæвд зæрдæйæ цы музыкæйы рохтыл хæцыд, уымæн уæлæрвтæм фæндаг амонын куы райдыдта, уæд мæ фыццаг хъуыды ноджы фæуæрæхдæр, æмæ мæм ацы лæппу фæкасти нæртон гуыппырсары æнгæс, æрмæст йе ’хсар æвдыста сфæлдыстады — уæздан, фæлæ монцифтыгъд, йæ мидхъомысыл æууæндыд, йæ уды намыс кæй бахъахъхъæндзæн, уый йæ уырныдта фидарæй.

В. Саркисян,
музыкæиртасæг, Ереваны консерваторийы профессор

* * *

Джерджиты Валери иннæ кавказæгтау уæзбын каст кæны, стæй æвæлмас адæймаджы хуызæн у, йæ карæй дæр хистæр зыны, фæлæ оркестры раз куы æрлæууы, уæд йæ рæсугъд цæстытæ сæ хуыз скалынц, æмæ йæ къухтæ оркестрæй æвæджиауы зæлтæ ласын райдайынц.

X. Мерда-Шарма,
«Музыка и музыканты», 1987, май, Лондон

* * *

Джерджиты Валерийы зæрдæ йемыдзаг у аив цæстылуайæн нывтæй. Куыд дирижер, афтæ та йæ куысты уаг иуцасдæр зæрдыл æрлæууын кæны фон Караяны. Оркестры ритм аразгæ у дирижеры къухты змæлдæй. Шостаковичы Дæсæм симфонийы аллегройы йæ къæцæлы змæлд фæцырддæр. Йæ иунæг фезмæлд æмæ фæкастæй оркестр бацырын, удæгас фестади.

Чи у, Лиллы национ оркестры уæлхъус чи лæууы, уыцы æрыгон адæймаг? Уый у тæккæ номдзыддæртæй иу. Дунейы æппæт бæстæты дæр разамынд лæвæрдта национ музыкалон оркестртæн. Йæ къухы æппæты стырдæр æнтыстытæ бафтыди Советон Цæдисы æмæ Японы.

Р. Габриель,
«Либерто», 1987, май

* * *

Валери арæх вæййы гастрольты. Зонынц æй æппæт дунейы дæр. Уымæн хорз æвдисæн у, Калифорнийы симфонион оркестры сæйраг дирижеры куыстмæ йæ кæй ахуыдтой (йæхи куыст дæр кæнгæйæ), уый дæр. Джерджийы-фырт дзы дирижер уыд, афтæмæй магнитофоны лентыл ныффыста Лондоны æртæ хуыздæр оркестры концерттæ. Архайдта Францы, Японы, Голландийы æмæ бирæ æндæр бæстæты национ оркестртимæ. Цымыдисаг, алыхуызон цаутæй хъæздыг у Джерджиты Валерийы цард. Фæлæ кæмфæнды куы уа, уæддæр йæ зæрдæйы арфдæр къуымы тæккæ хъармдæр бынат уыдзæн йæ уарзон Ирыстонæн. Ам цæрынц йæ хæстæджытæ, хæлæрттæ, зонгæтæ. Куыддæр ын-иу фадат фæуа, афтæ-иу ардæм тырндзæн йæ рухсдæр бæллицтимæ, йе стыр цинтæ æмæ уæлахизтимæ, цæмæй-иу барухс кæна йæ уарзон, йе схъомылгæнæг, йæхи тæккæ тынгдæр хæсджын кæмæй хоны, уыцы адæмы зæрдæтæ.

Л. Левицкая

* * *

«Æхсæрсæттæг» («Щелкунчик») раздæр куыд æвæрдтой сценæйы, уый мæ зæрдæмæ нæ цыди. Фæлæ мæм Джерджиты Валери æрхатыди, куыд æй рацарæзтон, уымæ, дам, ма байхъус. Валерийы къухы æнахуыр диссаг бафтыд. Уый йæ гаччы сбадын кодта музыкæйы раздæры темп. Куыд рабæрæг, афтæмæй, цæмæй рольты хъазджытæн сценæйы æнцондæр архайæн уа, уый тыххæй-иу сæрмагондæй сындæгдæр ауагътой темп. Валери канд диссаджы дирижер нæу. Уый иттæг хорз зоны ныв кæныны аивад. Йæ фæндоныл куы рахъуыды-бахъуыды кодтон, уæд мын афтæ: «Æркæс-ма лæмбынæг дæ нывтæм. Ныр иу дæс æмæ ссæдз азы кусыс „Æхсæрсæттæг“-ыл».

Æмæ раст разынди Валери. Ацы балетыл кусгæйæ иуцасдæр спайда кодтон, кæддæр Гофманы уацмыстæм цы нывтæ сарæзтон, уыдонæй. Ног либретто, ног концепци. Спектаклæн логикон бындур сæвæрыны фыццаг фæлварæн. Балеты логикæ кæй нæй, уый тыххæй уайдзæфгæнджытæ бирæ уыдис, уыдонимæ Б. Асафьев дæр.

Цавæрфæнды нывгæнæгæн дæр стыр кады хос у Мариинкæйы театры кусын. Ам дирижертæ уыдысты Чайковский, Вагнер æмæ иннæтæ.

М. Шемякин,
нывгæнæг

* * *

Парижы райдыдтой Республикæ Цæгат Ирыстоны – Аланийы Бонтæ. Уым уæрæсейаг режиссер Джерджиты Валерийæн саккаг кодтой «ЮНЕСКО-йы дунейы артисты» ном.

Джерджиты Валери у ирон адæмы номдзыд минæвар, бирæ азты дæргъы лæууы Санкт-Петербурджы оперæ æмæ балеты театры сæргъы. Уый разамындæй ацы коллектив ногæй раздæхта кæддæры æппæтдунеон кад æмæ ссис, алы бæстæты дæр æхсызгонæй кæй бацагурынц, ахæм музыкалон театр.

1 апрелы Парижы Цæгат Ирыстоны – Аланийы Бонтæ гом кæнгæйæ ЮНЕСКО-йы генералон секретарь Коитиро Мацуурæ загъта, Джерджийы-фыртæн, дам, «Дунейы артисты» ном лæвæрд æрцыди, культурæ рæзын кæныны хъуыддаджы стыр æнтыстытæ кæй равдыста, стæй адæмы гармонион культурон рæзты идейæтæ царды нывыл æххæстгонд кæм цæуынц, уыцы республикæйы минæвар кæй у, уый тыххæй.

Бынтон æнæвдæлон кæй у, уымæ гæсгæ дирижер йæхæдæг уыцы кадджын æмбырды нæ уыд. ЮНЕСКО-йы диплом райстой йæ хотæ æмæ республикæйы президент Дзасохты Алыксандр.

«Неделя-7», 2003, № 60

      
       
  * Номхыгъдмæ * Хæрдмæ *